Фыстæг салдатмæ

0
509

***

Дæ бон хорз, салдат!

Алы бон Стыр Хуыцаумæ кувæм æмæ курæм, цæмæй нæ хæстонтæ сæрæгасæй æрыздæхой сæ бинонтæм. Барвæндонæй ацыдтæ нæ бæстæ хъахъхъæнынмæ. Уый дзурæг у, ныфсхаст æмæ хъæбатыр зæрдæйы хицау кæй дæ, ууыл. Дæ лæгдзинад кæстæртæн у фæзминаг. Дæхи дæр хъахъхъæн. Зон, æнхъæлмæ дæм кæй кæсынц, бирæ дæ чи уарзы, уыдон дæр, æмæ дæ æппындæр зонгæ чи нæ кæны, уыдон дæр. Зындзинæдты сæрты кæддæр нæ бабатæ куыд ацыдысты æмæ куыд фæуæлахиз сты, уый дын дæттæд уды фидардзинад æмæ дызæрдыг макуы фæу дæ равзæрст фæндагыл. Æцæг лæджы хæс райстай дæхимæ, дæхи фæндиаг — дæ хæстон фæндаг. Нæ бæстæ хъæздыг уæд дæ хуызæн гуырдтæй. Ирыстон та дæ сæрбæрзонд уыдзæн алкæддæр!

Засеты Виктория,
Дзæуджыхъæуы
18-æм скъолайы
9 «А» къласы ахуырдзау

***

Уæ бон хорз, Уæрæсейаг æфсады хæстонтæ!

Зæрдиаг салæмттæ райсут Ирыстонæй! Фидар лæуут! Ирон лæджы ном Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг нæ фыдæлтæ кадимæ хастой. Сымах дæр æй фæцудын ма бауадзут! Фыссын уæм, цæмæй уын бузныг зæгъон, нæ Райгуырæн бæстæ æмæ нæ рухс фидæны сæраппонд кæй хæцут, уый тыххæй. Уæ хъæбатыр сгуыхтдзинæдтæ хъуысынц Ирыстонмæ дæр æмæ уæ сæрыстыр стæм! Иунæг не стут, æнæхъæн бæстæ сымахимæ ис. Мах уыл æууæндæм! Мæ зæрдæ уын зæгъы, хъайтартæ, цæмæй зындзинæдты сæрты ныфсджынæй ахизат. Знаджы нæмыгæй хызт ут! Уадз æмæ сымах æххуысæй зæххыл уа сабырдзинад æмæ рæстдзинад! Алы хъуыддаджы дæр æнтыстджын ут!

Хуыгаты Иринæ,
Дзæуджыхъæуы
18-æм скъолайы
9″Б» къласы ахуырдзау

***

Дæ бон хорз, æнæзонгæ салдат!

Мæ фыстæг у арфæйы фыстæг. Арфæйы хуыздæртæ сæмбæлæнт Уæрæсейы æппæт æфсæддонтыл дæр, кæцытæ ныртæккæ тох кæнынц дунеон терроризм æмæ фашизмы ныхмæ. Нæ Райгуырæн бæстæ кæй хъахъхъæнут, уый тыххæй уын кад — æмæ намыс. Кæд дæ нæ зонын, уæддæр мæ дисы æфтауы дæ уды фидардзинад, дæ тых æмæ хъару. Дæхи цæрæнбоныл нæ хъуыдыгæнгæйæ, хъахъхъæныс мах сабыр цард. Уæрæсейы æфсад кæддæриддæр хъæбатырæй хæцыд фыдæлты зæххы сæраппонд, æххуыс кодта æндæр бæстæтæн дæр сæ рæстæджы тохы мидæг.
Уырны мæ, сымах дæр кадимæ кæй ахицæн кæндзыстут, ныртæккæ уæ размæ цы хæстæ æвæрд ис, уыдон. Нæ фыдæлтæ сæ хъарм тугæй цы сæрибар балхæдтой, уый никæмæн ратдзыстут. Уæ ныфс æмæ хъарумæ кæсгæйæ нæ бирæ знæгтæ алырдыгæй сæ хуыккомы ныллæсдзысты, Мах та, дæрæнгонд цы хъæутæ æмæ горæттæ æрцыдысты, уыдон ноджы хуыздæр рацараздзыстæм æмæ амондимæ цæрдзыстæм сабыр цъæх арвы бын.
Ацы ныхæстæ цæуынц нæ зæрдæтæй, æмæ дын дæ зæрдæйæн æнцойдзинад æрхæссæнт. Æнæниз мын у, ме ‘нæзонгæ салдат, мæ хъахъхъæнæг. Хæстон лæджы амонд дæ уæд. Сæрæгас æмæ æнæнизæй сæмбæл дæ райгуырæн къонайыл.

Гапбаты Регинæ,
Дзæуджыхъæуы
18-æм скъолайы
9 «Б» къласы ахуырдзау

***

Дæ бон хорз, æнæзонгæ салдат!

Мæ фыстæг дæм у арфæйы фыстæг. Арфæ кæнын Уæрæсейы æфсæддонтæн се ‘ппæтæн дæр, кæцытæ тох кæнынц дунеон фашизмы ныхмæ. Бузныг дын, нæ Райгуырæн бæстæ æмæ нæ адæмы сабырдзинад кæй хъахъхъæныс, уый тыххæй.
Нæ дæ зонын, фæлæ мæ дисы æфтауы дæ хъæбатырдзинад, дæ ныфс. Æрвылбон уын хъусæм уе сгуыхтдзинæдты тыххæй æмæ уæ стæм тынг сæрыстыр. Ирон лæгæн кадæй зынаргъдæр ницы ис. Фидарæй мæ уырны, цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр кæй ахиздзынæ æмæ дæ кадджын хæс кæй сæххæст кæндзынæ, кæддæр æй нæ бабатæ куыд сæххæст кодтой, афтæ.
Дæуæй æмæ нæ дæ хуызæн сæрæн лæппутæй ис ныфс. Уырны нæ, сымах руаджы нæ сæрмæ арв кæддæриддæр кæй уыдзæн цъæх, дуне сабыр. Мæ зæрдæ дын зæгъы уæлахизтæ æрвылбон дæр. Дæ хæдзарыл тагъд рæстæджы дзæбæхæй сæмбæл. Бузныг дын!

Ангелинæ Коновалова,
Дзæуджыхъæуы
18-æм скъолайы
9 «А» къласы ахуырдзау

***

Æнæзонгæ салдат, дæ бон хорз!

Фыссы дæм Дзæуджыхъæуы 18-æм скъолайы 9″А» къласы ахуырдзау Вероникæ Замчалова. Фæнды мæ дæуæн бузныджы ныхæстæ зæгъын, знагæй нæ бæстæ кæй хъахъхъæныс, уый тыххæй. Удуæлдай тох кæныс, цæмæй æз æнæмæтæй фынæй кæнон, цæуон скъоламæ, фидæнмæ фæндтæ нывæндон. Цæмæй цин кæнон алы боныл дæр, алы хурыскаст æмæ цъæх арвыл. Зонын, тынг зын дын кæй у, фæлæ мæ фидарæй уырны, тагъд рæстæджы де ‘фсæддон хæс кæй сæххæст кæндзынæ æмæ дзæбæхæй дæ уарзон бинонтыл кæй сæмбæлдзынæ. Мæ зæрдæ дарын, дæ фарсмæ цы æмбæлттæ ис, уыдон дæр дæ хуызæн хъæбатыр кæй сты, зын сахат кæрæдзийæн æххуысмæ кæй цæут. Нæ зонын, ацы фыстæг уæ кæмæ бахаудзæн, фæлæ йæ зонут, махæн ам не ‘ппæт хъуыдытæ дæр сымахимæ баст кæй сты, зæрдиагæй уын нæ зæрдæтæ кæй зæгъынц хæстоны амонд. Знаджы нæмыгæй уæ Хуыцау бахизæд! Сæрыстыр уæ стæм æмæ кæддæриддæр уыдзыстæм! Сымах стут нæ бæстæ æмæ нæ адæмы патриоттæ. Бузныг уын!

Вероникæ Замчалова,
Дзæуджыхъæуы
18-æм скъолайы
9 «А» къласы ахуырдзау

***

Дæ бон хорз, æнæзонгæ салдат!

Фыссы дæм Джиоты Дианæ. Зонын, тыхст уавæры кæй дæ, гæнæн ис, æмæ дын фыстæджытæ кæсынмæ дæр рæстæг нæй, фæлæ зон, æнæкæрон бузныг дæ кæй стæм дæ удуæлдай фыдæбоны тыххæй. Нæ адæмы, нæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау тох кæныс æгъатыр, цъаммар знагимæ. Хуыцау дын ныфс æмæ хъару радтæд, фидар у. Мах та дæ алкæддæр сæрыстыр уыдзыстæм. Сæрæгас, æнæнизæй дæ фæрныг хæдзарыл сæмбæл уæлахизимæ. Уырнæд дæ, Фыдыбæстæ йæ хъайтарты нæ рох кæны. Рох нæ уыдзæн дæ лæгдзинад дæр. Дæ тох у рæстæджы тох, цæмæй фидæны фæлтæртæ сабырæй цъæх арвы бын цæрой. Рæстдзинадæн та æнæ фæуæлахиз нæй. Бузныг дын!

Джиоты Дианæ,
Дзæуджыхъæуы
18-æм скъолайы
11-æм къласы ахуырдзау

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here