Дыууын фыццæгæм февралы уыдзæн Мадæлон æвзаджы дунеон бон. Уымæ гæсгæ, РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй æрæджы арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы цыппæрæм профессион лицейы мадæлон æвзаджы кадæн урок. Фыццаг курсы ахуырдзаутæ фембæлдысты Цæгат Ирыстоны культурæйы архайджытимæ.
Ацы мадзалы нысан у мадæлон æвзагмæ ахуырдзауты цымыдис æмæ тырнынад гуырын кæнын, культурæ æмæ æгъдæуттæн кад фæсивæды разæнгард кæнын.
Уазджытæ уыдысты литературон журнал «Мах дуг»-ы минæвæрттæ: сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ æмæ литературæ æмæ публицистикæйы хайады сæргълæууæг Тъехты Тамерлан. Радзырдтой сын мадæлон æвзаджы ахсджиаг уавæры тыххæй, йæ бынат æмæ йæ райрæзт абоны бон, радзырдтой ма сын мадæлон æвзагимæ баст алыхуызон историтæ. Лицейæн балæвар кодтой чиныг æмæ «Мах дуг»-ы журналтæ.
— Тынг æхсызгон нын у, абон ам сымахимæ кæй стæм, уый. Абоны рæзгæ фæлтæр сты республикæйы сомбоны алы хайæдты архайджытæ. Махæн тынг ахсджиаг у сымахимæ ахæм темæйыл дзурын. Алы адæмыхаттæн дæр ис сæхи æвзаг, æвзаг та у адæймаджы уд. Алы адæмыхатт дæр абон архайы йе ‘взаджы райрæзтыл, нæ республикæ дæр тынг бирæ кæны, цæмæй нæ ирон æвзагмæ, йæ бахъахъхъæнынмæ уа фаг цæстдард. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ ‘взагæй нæй адæмыхатт дæр. Махæн, куыд литературон журналæн, нæ хæс у национ литературæ рæзын кæнын, цæмæй нæ мадæлон æвзаг ма фесæфа, — загъта журналы редактор.
Фембæлд бацæттæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæхаты Зæлинæ.
Кæй зæгъын æй хъæуы нæ мадæлон æвзаг у нæ зынаргъдæр хæзнатæй иу æмæ йын хъæуы кад кæнын. Цæмæй райсом нæ рæзгæ фæлтæр зона йæ ахсджиаг бынат, нæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ нæ истори.
Ахуырдзаутæ фарстытæ лæвæрдтой уазджытæм, ахуыргæнджытæ та сын загътой арфæйы ныхæстæ.
Цæгæраты Эльмирæ
Къамтæ систа
Хъайырты Дианæ














