«Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сывæллæтты» æхсæнадон фонд 2012 азы сфидар кодта майдан «Хæсты сывæллæттæ». Уый паддзахадон хæрзиуæг нæу. Тугкалæн азты сæ ныййарджытæ знаджы ныхмæ кæмæн тох кодтой, уыцы зын рæстæджы чи райгуырд æмæ уæззау уавæрты чи хъомыл кодта, уыдоны æрхъуыды кæнынæн.
— Райсом нæ кæстæртæн хъуамæ уа æвдисæнтæ, хæсты рæстæджы сывæллæттæ куыд цардысты æмæ, цы уавæрты хъомыл кодтой, уый. Нæ фæсивæд, æнæмæнгæй, хъуамæ зоной æмæ сæ зæрдыл дарой уыцы карз Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хабæрттæ. Хъæуы сæ «Хæсты сывæллæтты» адæмимæ зонгæ кæнын. Хозиты Барисы руаджы базыдтам, Баскаты Уырызмæг дæр уыцы фæлтæрмæ кæй хауы, уый. Ныййарджыты фыдæбон ницæмæй, ницавæр майданæй ис баивæн, фæлæ, хæсты æмæ уый фæстæйы азты сывæллæттæ цы фыдæбæттæ æвзæрстой, уыдонæн рохгæнæн нæй, — загъта Дзæуджыхъæуы Ветеранты советы сæрдар Лалыты Лев.
Кино æмæ театры артист, газет «Рæстдзинад»-ы спортивон журналист Баскаты Уырызмæг хорзæхджынгонд æрцыд майдан «Хæсты сывæллæттæ»-йæ. Уырызмæг райгуырд Æрыдоны 1943 азы.
Лалыты Лев Дзæуджыхъæуы Ветеранты советы æмæ йæхи номæй арфæ ракодта Уырызмæгæн, æмæ йын газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кадджын уавæры йæ риуыл бакодта майдан. Уырызмæг бузныг загъта Ветеранты совет æмæ йæ сæрдар Лалыты Левæн.
Ныртæккæ районты дæр агурынц ахæм адæмы, хæсты цæхæры чи райгуырд, сæ ныййарджытæ хæсты быдыры хъæбатырдзинад кæмæн равдыстой æмæ сæ хайджын кæнынц ацы майдан «Хæсты сывæллæттæ»-йæ. Хорзæхджынгонд æрцыдысты бирæ цæрджытæ. Баскаты Уырызмæг у номхыгъды 201-æм адæймаг.
Цæгæраты Эльмирæ














