Бадзырдтæн —бæлвырд фæтк

0
55

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис кусæг æмбырды æрныхас кодта паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ царды рауадзыныл.

Архайдтой дзы министрты кабинет, муниципалон скондты разамонджытæ. Æххæстгæнæг хицауады уæнгтæ радзырдтой, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, спорты, культурæйы, транспорты, хъæууон хæдзарады объекттæн бадзырдтæ аразыны тыххæй.
Дзанайты Барис куыд радзырдта, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бахæс кодта ацы азæн бадзырдтæ 1 апрелмæ скæнын. «Разæй нæм æнхъæлмæ кæсы стыр куыст, алы объект дæр республикæйæн, цæрджытæн ахсджиаг у. Уымæ гæсгæ хъуамæ 1 апрелмæ бадзырдтæ бафыссæм, аразджытæ сæ кусæн фæзтæм рацæуой. Æмгъуыдтæ цыбыр сты, уæдæ хъуамæ 2024 азмæ паддзахадон программæты архайыны тыххæй куырдиæттæ бадæттæм, æппæт социалон объектты тыххæй хъуамæ документтæ бацæттæ кæнæм», — загъта Хицауады Сæрдар.
Ацы аз хъуамæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты фæрцы саразой, рацаразой 160 социалон объекты. Беслæны, зæгъæм, сараздзысты тагъд медицинон æххуысы станцæ, скъола, Сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзар, Фæсивæды галуан, районы поликлиникæмæ базилдзысты. Мæздæджы районы Предгорныйы хъæуы сараздзысты амбулатори, Притеречныйы æмæ Винограднæйы поселокты амбулаторитæм базилдзысты. Горæтгæрон районы Ногиры та цалцæг скæндзысты амбулатори, Алагиры районы Сырх Ходы хъæуы дæр — амбулатори. Дзæуджыхъæуы ног микрорайоны сараздзысты скъола.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here