Сылгоймæгты бон бирæ у

0
71

Мæскуыйы ахицæн партион проекты Æппæтуæрæсеон æмбырд. Æнæкоммерцион организацитæн æххуыс кæнын, гуманитарон мисситæ аразын, Уæрæсейы политикон тыгъдады сылгоймæгты бынат æмæ ахадындзинад, стæй сылгоймæгты пайдайæн æууæлтæ паддзахады архайды уадзын — æппæт уыцы фарстатæ сæ боны фæткы уыдысты партион проект «Иугонд Уæрæсейы сылгоймæгты змæлды» фыццаг Æппæтуæрæсеон форумы архайджытæн. Уыдон уыдысты 300 бæрц нæ бæстæйы алы рæттæй.

— Кæд уый у “Иугонд Уæрæсе”-йы тæккæ æрыгондæр проект, уæддæр уал ныридæгæн скуыста Уæрæсейы 70 регионы, хæстæгдæр рæстæг та райдайдзæн кусын Запорожье æмæ Херсоны облæстты дæр, — загъта форумы æмбырды «Иугонд Уæрæсе”-йы Генералон советы нымæрдар Андрей Турчак.
— «Иугонд Уæрæсейы сылгоймæгты змæлд» йæ ахъаззаг хай хæссы нæ Уæлахизмæ. Уæлдай стырдæр арфæйы аккаг сты, «Иугонд Уæрæсе»-йы гуманитарон мадзæлтты разæнгардæй кæй архайынц, уый тыххæй — æмбырд кæнынц гуманитарон æххуыс, хуыйынц æфсæддон уæлæдарæс, бийынц цæстсайæн хызтæ. Сæйрагдæр та ныфсы хос сты, ныртæккæ тохы быдыры знаджы ныхмæ чи лæууы, нæ уыцы хæстонты мадæлтæн, цардæмбæлттæн, хотæн. Се ‘ххуысы хай кæнынц, Фыдыбæстæйы сæрвæлтау йæ цард чи радта, уыцы лæппуты бинонтæн. Уымæй уæлдай-ма нæ бæстæйы 50 регионы байгом кодтой медицинон хоты курсытæ. Чи сæ фæвæййы, уыдонæй бирæтæ уайтагъд ацæуынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынмæ…
Рохуаты не сты æгуыст адæмы сагъæссаг фарстатæ дæр. Бирæ регионты куыст дæттыны центрты фæзындысты сылгоймæгты клубтæ.
Партион проект стыр æргом аздæхта амалхъом сылгоймæгтæн æххуыс кæнынмæ. 47 регионы ацыдысты сæрмагонд мадзæлттæ, «Мæ бизнес», зæгъгæ, уыцы нысаниуæгимæ. Архайдтой дзы 1,5 мин адæймагæй фылдæр. Амалхъом мадæлтæн та Уæрæсейы Экономикон рæзты министрад снысан кæндзæн сæрмагонд грант, уый райсын сæ бон бауыдзæн нæ бæстæйы ног регионты сылгоймæгтæн дæр.
Уæдæ фæхæцæгхъуаг нæ уыдзысты, политикæйы йæ хъарутæ бавзарынмæ чи хъава, уыцы сылгоймæгтæ дæр. Уыдонæн æвзæрстыты рæстæг се ‘ххуысы хай кæндзысты «Иугонд Уæрæсейы сылгоймæгты змæлды» минæвæрттæ.
Форумы архайджытæ ма бахастой ноджы дыууæ социалон проекты царды рауадзыны фæндон. Кæрæдзийæн æххуысы онлайн-платформæ «Нæхионты сæрыл», зæгъгæ, уым алы регионæн дæр фадат уыдзæн йæхи æнæкоммерцион æхсæнадты, амалхъомады, стæй, фронтæн чи æххуыс кæны, уыдоны тыххæй информаци радтын. Иннæ проект та хуыйны «Адæмæн адæмы тыххæй» — Уæлахизмæ йæ ахъаззаг хай чи хæссы, уыцы хицæн адæймæгтыл раныхас.
Цæгат Ирыстонæй форумы архайдтой «Иугонд Уæрæсейы сылгоймæгты змæлды» уæнг, нæ республикæйы Парламенты депутат Дзгойты Иринæ æмæ проекты æхсæнадон советы сæрдар Людмилæ Тихонова.
«Мæ зæрдæмæ тынг фæцыд уыцы форум. Фыццаг хатт федтон иу ран уый бæрц бирæ рæсугъд, зондджын æмæ сæрæн сылгоймæгтæ! Форумы цы фарстатæм æркастыстæм æмæ цы уынаффæтæ рахастам, уыдон махæн дæр ам, нæ республикæйы, бабæздзысты, æнæмæнг…» — загъта Иринæ.
Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ партион проект «Иугонд Уæрæсейы сылгоймæгты змæлд» йæ куыст райдыдта 2022 азы июлы.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here