Нæ табуйаг æгъдæуттæ, нæ зæлланггæнаг æвзаг

0
95

Кад æмæ сæ фарнимæ, куыд аивдæрæй фæхæццæ кæндзыстæм фидæны фæлтæртæм, ууыл у нæ мæт, нæ сагъæс рагæй дæр.
Сæ уавæр нæ куырыхон хистæрты мæты æфтауы. Цы нæ хъыгдары, цæуылнæ æрцæуæм иу бæстон хъуыдымæ? Куы йæ зонæм, нæ адæмæн æнæ уыдонæй нæ цардыуаг, йæ хæзнатæ фæрнджын æмæ кадджын нæ уыдзысты.
Цæмæн сты ахæм уавæры æмæ, цы телеуынынады, цы нæ ирон газеттæ «Стыр Ныхас» æмæ «Рæстдзинад»-ы фæрстыл сæ кой кæнæм. Нæхæдæг сыл зæрдæбынæй куы нæ архайæм, уæд нын ацы фарстаты ничи баххуыс кæндзæн.
Алы адæмыхатт дæр йæхи гуылы бын æндзары. Ирон адæммæ цы табуйаг æгъдæуттæ, аив, рæсугъд æвзаг ис, дыккаг ахæмыл нæма сæмбæлдтæн. Куыд зæрдæбын фæрнджын ныхæстæ зæгъæн ис мадæлон æвзагыл — цины уа, хъыджы сахат. Уæдæ, иннæ адæмыхæттытæн фæзминаг сты не ‘гъдæуттæ, нæ культурæ.
Æз дæн, йæ кары чи бацыд, ахæм сылгоймаг. Кусгæ ма куы кодтон, уæд советон дуджы заман арæх цыдыстæм балцы нæ бæстæйы алы рæттæм. Арæх нæ-иу афарстой, кæцæй стут, зæгъгæ. Кавказæй стæм, уый-иу куы базыдтой, уæд ныл-иу тынг бацин кодтой. Зонæм уын уæ культурæ æмæ æгъдæуттæ, бирæ хабæрттæ фехъуыстам уæ уазæгуарзондзинады тыххæй. Махæн-иу æхсызгон куыд нæ уыд ахæм ныхæстæ фехъусын. Æгайтма нæ Ирыстон хъуыстгонд уыд Цæдисы, æмæ суанг фæсарæнты дæр.
Фæнды мæ зæгъын телеуынынады тыххæй. Арæх фæкæсын ПТРК «Алани»- йы хабæрттæм. Фæсивæд дзы арæх фæдзурынц, фæлæ сæ ныхас вæййы уырыссагау. Сæ мыггæгтæ ирон, дзургæ та кæнынц уырыссагау. Мæнмæ гæсгæ, уый раст нæу.
Уæдæ та тæргæйтты мæй дæр æрбалæууыд, æмæ ма ныр дæр «Рæстдзинад»-ы бакæсын «уæ хорзæхæй газет рафыссут», зæгъгæ, хъусынгæнинаг. Уый хорзы нысан нæу, ирон хæдзар хъуамæ иса ирон газеттæ. Уæлдайдæр, кæстæртæ кæм хъомыл кæны, уыцы бинонтæ.
Чи исы æмæ кæсы газеттæ? Ацæргæ адæм, иннæтæ хабæрттæ базонынц телефонты æмæ компьютерты. Æмбарын æй, бирæ бинонтæн сæ авналæнтæ нæ амонынц, сæ къухтæ цыбыр сты, фæлæ уæддæр ирон газет исты хуызы рафысс. Æнахуыр æхцон вæййы, куы йæ фæкæсын, уæд. Хъуамæ зонæм нæ Ирыстоны цин æмæ хъыджы хабæрттæ. Зындзинæдтæ нæ иувæрсты хизæнт, фæлæ сæ уæддæр адæймаг хъуамæ зона, æнкъара.
Уæлдайдæр ацы уæззау рæстæджы, цы Украинæ, цы Турк æмæ Сирийы цаутæ. Тынг зын у сæ кæсын, фæлæ, цы гæнæн ис…
Зæгъдзынæн ма иу хъуыды. Ирон æвзаг æмæ литературæйы сахаттæ фылдæр куы скæниккой уырыссаг æвзаджы хуызæн. Къуыри уæд та иу сахат, цæмæй рæзгæ фæлтæры минæвæртты ирон æгъдæуттимæ урочы зонгæ кæнынæн фадат уа. Хистæрæн лæггад кæнын, кæм фæндагыл, кæм та автобусы цæугæйæ: йæ фæндаг ын ма алыг кæн, æрлæууæны автобусæй хизгæйæ, йæ разæй ма фæу, аххуыс ын кæн, йæ къухты исты хæссинаг куы уа, уæд æм фæкæс. Цыбыр ныхасæй, хуымæтæг хабæрттæ сты, фæлæ хистæрæн та æнцойдзинад хæссынц. Уый тынгдæр бинонтæм хауы, фæлæ ма, сæ ахуыргæнæг иу хатт куы бацамона, уæд хуыздæр уыдзæн.
Бинонты ‘хсæн сывæллонмæ дзурын хъæуы иронау, ныхасы аивдзинады фæрæз та у — ирон газеттæ кæсын. “Рæстдзинад”-ы номыртæй иуы бакастæн, зæгъгæ, ЮНЕСКО-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ ирон æвзаг хауы, сæфынæй тас кæмæн у, уыцы къордмæ. Цалынмæ хабар не ‘рцыд, уæдмæ архайын хъæуы йæ хъысмæтыл. Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæ баххуыс кæнæнт не ‘взаг æмæ æгьдæуттæ куыд нæ фæцудой, сæ фарн, сæ амонд хуыздæр куыд уа. Сæ кад уæлдæрæй уæлдæр куыд кæна, ахæм амонд нæм æркæсæд. Ирыстоны цæрджытæн та, уæлдайдæр, Украинæйы хæсты сæ хъæбултæ кæмæн сты, уыдонæн мæ зæрдæ зæгъы ацы уæззау рæстæджыты: «Стыр Хуыцау æмæ Лæгты дзуарæй фæдзæхст уæнт, тагъд рæстæджы сæ бинонтыл дзæбæхæй куыд сæмбæлой. Лæгты дзуар нæлгоймæгты æххуысгæнæг у, хъахъхъæны сæ фæндагыл æмæ бынаты æмæ сæ йæ дæлбазыр бакæнæд.
Ирыстоны цæрджытæ, фарн уæ алкæй хæдзары дæр, фыдбылызæй хызт ут!

Гулойты-Кокойты Фатимæ
Алагиры цæрæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here