Пьесæ-спектакл-аивад

0
103

Пьесæ спектаклы онг цы фæндагыл рацæуы, уым хъуамæ радта дзуапп дуджы домæнтæн æмæ рæстæджы фæрстытæн. Раздæр уый хуындис «ахсджиаг» миниуæг, фæлæ фæстаг рæстæг æхцайы фæрæзтæ стыр ивддзинæдтæ бахастой æхсæнад æмæ театры ‘хсæн ахастдзинæдтæм. Уæрæх театрдзауæн ралæууыдис «Æцæгдзинады уысм»: бирæ азты дæргъы цы сæрибар театрмæ æнхъæлмæ кастысты, уымæн йæ арвгæрæттæ дарддæргæнгæ цæуынц царды арæнтæй.

Афтæмæй та нырма æрæджы дæр аивады ног цард, нæ авналæнтæ хæрзхæстæг кастысты. Райдайæны театр æндæр æвзагæй дæр сдзырдта, рахызт æндæр ныхасы уагмæ дæр, фæлæ бындуронæй аивын нæ бакуымдта. Æмæ ахæм уавæрæн йæ æмбаринаг хæрз уæлæнгай ис. Æнæсæрфат дуг, цард, театр сæ хъуыддаг кæнынц. Зноны театры ныхасыуаг раивта æрдиагæй, æнæгъдауæй, æгурдиатæй. Æмæ уый адыл адæм æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ: нал хъæуы театруарзджыты, раздæр театрмæ цыдысты, ныр — нал. Знон аивадмæ цы ахаст уыдис, уый бирæты тынг фæнды раздахын, фæлæ хъуыддаг афтæ æнцон нæу.
Театры аивадон æнтыст — уæрæх æмбаринаг, бирæвæрсыгон нысаниуæг у царды мидæг. Абон æнтыстдзинады æууæлты мидбастдзинад тынг аивта. Раздæры цардимæ йæ барын нæ хъæуы. Советон культурæ уыдис дзыллон культурæ, æмæ уымæ гæсгæ советон дуджы æнтыст уыдис дзыллон æнтыст. Спектакл-иу адæмы зæрдæмæ куы фæцыд, уæд уый хуынд цыдис æнтыстджыныл (элитарон театры ‘мбарынад махæй тынг дард уыдис). Ныр та йæм каст цæуы æрмæстдæр иу цæстæнгасæй: пайдайаг у æви фæлхасаг? Цыфæнды размæдзыд паддзахады дæр театр пайдаджыныл банымайæн нæй. Йе ‘хсæнадон нысаниуæг сæфт æрцыдис, æмæ йын абон йæ фæстиуджытæ, мæгуыргурау, уидзæм. Хæдхæцæг паддзахады культурæйы сæфтимæ ахаудтой театры идейон функцитæ. Театр, кæй зæгъын æй хъæуы, рамбылдта, фæлæ, иннæрдыгæй, фесæфт йæ бæрзонд æхсæнадон кад æмæ ахадындзинад. Драмон аивад ссæрибар, фæлæ æмбулгæ ницы ракодта, идеологон уацар баивта фæлхасадон къалатийыл. Ахæм уавæрты аивта интеллигенцийы ахадындзинад дæр. Раздæр нæ бæстæйы дин æмæ фæтк ивд цыдысты идеологийæ, аивады хæс та уыдис уыдонæн ныхмæлæууын. Цымыдисаг уый у, æмæ интеллигенцийы бæрзонд æхсæнады кад уыцы быцæуы цæхæрæй райгуырд. Иутæ истой нæмттæ æмæ хæрзиуджытæ партийæ сæ «лæггады» тыххæй, иннæтæ хастой тохгæнæг æмæ хъизæмары алдымбыдтæ се ‘взæр урс сæртæн.
Театр тох кодта рæстдзинад дзурыны фадатыл æмæ фылдæр цардис уыцы тохы фæрцы. Эстетикæйы фарстатæ карз æвæрд нæ цыдысты, политикон æмæ фæткæвæрдон-этикон хабæрттæ сын сæ бынат бацахстой. Нывгæнæг раздæр йæ цæстæнгас цардмæ æвдыста сценæйыл, кæттагыл, урс гæххæттыл, ныр — трибунæйыл, хицауады банкеты, митинджы. Фæлæ уый бæллæхæн æрмæстдæр йе ‘мбис у; бирæ зындæр сразы кæнæн у, йæ кад æхсæнады мидæг кæй æрхауд уыимæ. Раздæр аивады мæсыг кæм лæууыд, уырдæм ныртæккæ тырнынц иугай режиссертæ, актертæ, нывгæнджытæ. Æмæ, цас дарддæр цæуынц уыцы «æрцу ‘мæ ма ‘рцуйы» фæндагыл, уый бæрц дарддæр кæнынц адæмæй, дзыллæйæ, аивадæй. Хицæн нывгæнæг (актер, фыссæг, режиссер) æмæ аивадæн, æмткæй райсгæйæ, æнæ адæмæй цæрæн нæй. Советон дуджы кæнæ революцийы агъоммæ арæзт театры сæдæгай кæнæ мингай бынæттæ афтидæй баззадысты. Театрдзауты фæстæмæ баууæндын кæнын хъæуы аивады рухсхæссæг миниуджытыл. Уымæн та сæххæст кæнæн ис æрмæстдæр иу хуызы. Режиссерæн дæр, актерæн дæр, драматургæн дæр театрдзаутимæ фембæлдæй стырдæр фæлварæн нæй царды мидæг. Уым, æмæ æрмæстдæр уым сбæрæг вæййы уыдонæн сфæлдыстады дæсныйады цардхъомыс.
«Театрдзауимæ цæуыл дзурын хъæуы?» Уыцы фарст фæстаг рæстæг рахызтис «Куыд æй кæнын хъæуы?»-мæ Ацы дыууæ æмбарынады фæдыл сагъæсты цæхæры райгуыры драмон аивады фыдæлтыккон æцæгдзинад: «Ирхæфс æмæ сæ ахуыр кæн!» Цæмæй ахæм хъуыды царды рауадзай, уый тыххæй та хъуамæ режиссерæн бар уа, цы йæ фæнды æмæ йæ куыд фæнды, уый сæвæрынæн. Театры репертуары царды цины зæлтæ раивтой хъынцъым æмæ хъизæмармæ. Уæддæр, цы æвæрын хъæуы, уый фæдыл. Чингуыты тæрхæгыл цы пьесæтæ рарæгъ сты, уыдон дуджы домæнтæн дзуапп нал дæттынц, ногтæ та фыст нæма ‘рцыдысты. Æмæ та ногæй фарст: «Цы гæнгæ у ахæм уавæры?» Драматургты ног фæлтæр нырма хъавгæ къахдзæфтæ кæны сфæлдыстады мидæг (бирæтæ сæ хъæр дæр нæма кæны, пьесæтæ кæй фыссынц, уыцы хабар). Æрыгон автортæ хорз зонынц, «лагъзмæ фыссын» цы нысан кæны, уый. Æртиссæдзазыкконтæн æнцондæр уыдис: уыдон советон дуджы хорз рæвдыд баййæфтой: йæ уацмыс-иу аивадон æгъдауæй кæмæн нæ бæззыд, уый дæр-иу æй хицауады фæрцы сæвæрын кодта. Ныртæккæ та экономикæйы цæнгæты ныхмæ хицауады бон дæр ницыуал у, уымæн æмæ сæ театры разамонæг æвæстиатæй фæрæзтæ æрдомдзæнис. Æхца радих кæнын та æнцон хъуыддаг нæу нæ æбæркад рæстæджы. Ахæм уавæр ма иу 5-10 азы æнæивгæйæ куы ахæсса, уæд уый бынтон фæйнæрдæм фæкæндзæн, драмæ æмæ театры ‘хсæн цы зæххыскъуыд ацыд, уымæн йæ былгæрæттæ. Цæмæй нырыккон æрыгон драматургты пьесæтæ нæ республикæйы театрты сценæтыл æвæрын райдайой, уый тыххæй хъæуы режиссерты ног фæлтæр. Цæмæй сæ хорз æвæрой, уый тыххæй та хъæуы «хъæдабæ революци» (фæфæлдæхт).
Ныртæккæ та уал театртæ дыууæ бæллæхæй æвзарынц къаддæр: æрыгон авторты пьесæтæ кæнæ бынтондæр æвæрд нæ цæуынц, кæнæ та — æвзæр. Нæ драмæйы ацы авналæнтæ æвдыст кæм æрцыдысты, ахæм спектаклтæ сты тынг кадавар: Джыккайты Шамилы “Хъодыгонд зæд”, Тедеты Георгийы «Цирхъ, гутон æмæ уацамонгæ», Хæмыцаты Цæрайы «Фæтых у мæлæтыл», Ходы Виолæйы «Арвайдæн», Черчесты Барис æмæ Мецъаты Хъазыбеджы «Къостайы цæссыгтæ», Темыраты Дауыты «Аланты нана» æмæ афтæ дарддæр. Ранымад уацмыстæ фæйнæхуызон сты сæ аивадон хъуыды æмæ идейон нысанмæ гæсгæ, фæлæ сæ кæрæдзимæ æлвасы иу вазыгджын хъуыды: пьесæтæ — спектаклмæ фæндагыл ницы фесæфтой. Æнтыстмæ гæсгæ сын æрцыд аргъгонд дæр. Фондз пьесæйæ дыууæ систы лауреаттæ: «Судзаг цæссыгтæ» райстой Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми, «Арвайдæн» та — Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон преми литературæ æмæ аивады къабазы. Кæй зæгъын æй хъæуы, цыфæнды пьесæ дæр, сценæйыл æвæргæйæ, цыдæртæ фесафы: драматург иу пьесæ æрбахæссы, режиссер та сæвæры æндæры. Дыккаг драмон уацмыс бакæсы йæхирдыгонау (чи зоны, æмбæлгæ дæр афтæ кæны) æмæ арæх аиуварс кæны, къухфысты цы ‘рмæг вæййы, уымæн йæ иу хай. Уæлдай зындæр вæййы æрыгон автортæн: иуæрдыгæй тынг фæбæллынц сæ пьесæ сценæйыл фенынмæ, иннæрдыгæй сæ уд фæхауы, режиссер сын сæ уацмыс куыд къуыхтæ кæны, уымæ кæсгæйæ. Дывыдон арты фæсудзынц, фæлæ дзурын сæ бон нæ вæййы, репертуарæй æппæрст куы ‘рцæуой, уымæй тæрсгæйæ. Режиссеримæ тох кæнгæйæ, иу æмæ дыууæ æрыгон авторы ныфс нæ асаст.
Ирон режиссурæ нырыккон драматургты уацмысты размæ æвæры карз домæнтæ. Мидис, быцæу, мидархайд, уагæвæрдтæ — уыдон иууылдæр хъуамæ уой «сæ бынаты». Суанг классикон (ирон, уырыссаг, фæсарæйнаг) уацмыстæй дæр ахæм фæрсудзæнтыл бирæтæ нæ ахизынц. Фæлæ ис, раст зæгъгæйæ, махмæ ахæм домæнтæн аккаг драматургтæ: Джусойты Нафи, Гаглойты Владимир, Джыккайты Шамил, Тедеты Георги. Æцæг, æгæр арæх фæлхатт кæны уыцы-иу уавæр: режиссер пьесæ равзары йе ‘взагон æмæ литературон миниуджыты тыххæй. Стыр хъыгагæн, уыцы дыууæ стыр хæзнайы сценæйы айдæныл ивд æрцæуынц авгæй конд дзаумæттæй. Уыцы æппæт хабæрттæн аргъ кæнгæйæ, абон тынг зын зæгъæн у, нæ драмæйæ театрæй чи раздæр у, уый. Сæ дыууæ дæр лæуд сты агурыны фæндагыл æмæ, кæрæдзимæ цас æнгомдæр лæуд уой, уый бæрц се ‘нтыстытæ уыдзысты бæрзонддæр æвæрд. Миддунейы хицæндзинæдтæ, не ‘мдугоны æмбарынад, йæ бастдзинад æцæгдзинадимæ уырнинагæй æвдыст цæуынц драматургийы, фæлæ сæ театр, куыд æмбæлы, афтæ не ‘нкъары, не ‘вдисы, нæ хæссы театрдзауты тæрхонмæ.
«Æнусон хæзнаты» æмвæзадыл хи сæвæрынмæ тырнынад алы театр дæр æххæст кæнынмæ хъавы классикон драмæйы бындурыл. Ахæм тырнынад раппæлинаг хъуыддаг у, уымæн æмæ раст фæндагыл хоны цыфæнды сфæлдыстадон къорды дæр. Ирон театр та кады мæсгуытæ ахæм æрмæджы бындурыл амадта. Уый раст у, фæлæ ма дзы ис дуджы уавæр, æмæ ууыл къух æнцонæй ауигъæн нæй: нырыккон драмæйы дæр цæст дарын æмæ къæрцхъус уæвын хъæуы. Абоны театры репертуары ахæм фæлдзусадон ахастдзинæдтæ знон æмæ абоны ‘хсæн къухы арæх нæ бафтынц. Чи зоны, гъе уымæн нæ театры сæйраг темæ ссис «удгоймаг æмæ хицауады» æхсæн ахастдзинæдты уагæвæрд хорз æмæ фыдæхы фæдыл сагъæс кæнынæн театр равзары классикон уацмыстæ. Уыдон сты театры мидуагæвæрды астæуккаг цæджындзтæ. Æрмæстдæр ахæм æрмæджы фæрцы труппæйы бон бауыдзæнис размæ ацæуын æмæ хи бынат, хи рæстæг ссарын. Театры ног царды фæндæгтæ классикон уидæгты хъарм куы нæ рухс кæна, уæд ахæм бæллицтæн фидæн нæй. Классикон автортæ (нæхи æви фæсарæйнаг, уый хъауджыдæр нæу) ивгъуыд æмæ абоны ‘хсæн цырагъдар æвдисæнты хуызæн сты.
«Æвдисæниуад», гæнæн ис, æмæ суа ныфсæвæрæн æфцæг нырыккон драматургтæн дæр. Театр сын дæтты æнæкæрон фадæттæ се ‘сфæлдыстадон «Æз» райхалынмæ.

Хозиты Барис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here