Республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй цы радон æмбырд арæзт æрцыд, уым бæрнон адæм ныхас кодтой ахсджиаг фарстатыл. Уыдон баст сты регионы социалон, экономикон, ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ фæндагон инфраструктурæйы рæзтимæ.
Республикæйы «Роспотребнадзор»-ы минæвар куыд фехъусын кодта, афтæмæй эпидемиологон уавæр у нывыл. Коронавирусæй рынчынты нымæц зынгæ фæкъаддæр. Ахуыргæнæндæттæн, карз низы ныхмæ цы мадзæлттæ амынд цыд, уыдон дарддæр дæр æххæст кæнынц.
Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы скъолаты райдыдта ахуыры азы цыппæрæм хай. Скъолаты нæй карантин æмæ уæззау хæцгæ низæй тæссагдзинад.
Хицауады Сæрдар Алыбегты Эллæйæн бафæдзæхста, цæмæй республикæйы скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ куыд цалцæггонд цæуынц, уымæ йæ цæст лæмбынæг дара, ифтонггонд цæуой ног ахуырадон фæрæзтæй, техникæйæ æмæ афтæ дарддæр.
— Ахуырады къабазы рæзтæн нæ республикæйы бирæ хъуыддæгтæ арæзт цæуы, регионалон æмæ федералон программæты фæрцы бындурон цалцæг цæуынц скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ, ифтонггонд цæуы сæ материалон техникон бындур, — загъта Дзанайы-фырт.
Дарддæр ма Хицауады Сæрдар профилон ведомствæйы æргом аздæхта, Цæгат Ирыстоны цæрджыты хостæй æмæ æппæт хъæугæ медицинон фæрæзтæй афойнадыл ифтонг кæнын, медицинон кусæндæтты архайд бæрзонддæр къæпхæнмæ исын, хосты аргъыл куыд нæ бафта, æмæ æндæр хъуыддæгтæм.
Дзанайты Барис æппæт ведомствæтæн дæр бахæс кодта, сæ размæ цы нысантæ æвæрд ис, уыдон афойнадыл æмæ, куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæнын.
Уыимæ ма фæбæрæг кодта, нæ республикæйы цæрджытæ æнæмæнг хъæугæ товартæй хъуагдзинад куыд нæ æййафой, уый дæр сбæрæг кæнын. Дарддæр ма æмбырды ныхас цыд туристон афонмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл.
Хъойбайты Галинæ














