Дон — царды хос

0
252

Змейкæйы станицæйы райдыдтой хъæубæсты донуадзæн хæтæлтæ цалцæг кæнын. Уыдонæй заууатмæ æрцыдысты сæ 90 проценты.

Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый куыд загъта, афтæмæй хъуамæ баивой 42 километры бæрц зæронд хæтæлтæ 2023 азы кæронмæ.
«Адæмы донæй æфсадыны фарста ныртæккæ у нæ сæйрагдæр хæстæй иу», — загъта ма Сергей Меняйло. Уыцы куыстытæ ацæудзысты Горæтгæрон, Рахизфарсы, Мæздæджы, Алагиры æмæ республикæйы иннæ районты.
Афæстаг дыууæ азы дæргъы нуазыны дон хъуаг нал æййафынц Елбаты хъæуы цæрджытæ, куыст цæуы Сухотскæйы æмæ Винограднæйы хъæуты. Павлодольскы станицæйы та сарæзтой нырыккон сыгъдæггæнæн фæрæзтæ. Доны хæтæлтæ фæногдæр кæндзысты Заманхъулы, Зилгæйы, Цæлыччы, Хуымæллæджы, Бруты, уыцы куыстытæ цæуынц Сунжæ æмæ Елхоты дæр. Æппæт уыцы мадзæлтты фæрцы нæ республикæйы бирæ хъæуты цæрджытæ уыдзысты нуазыны сыгъдæг донæй æфсæст.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here