Кад — театрты архайджытæн

0
301

Театры æппæтдунеон боны кадæн Цæгат Ирыстоны театрты кусджытæ хорзæхджынгонд æрцыдысты кадджын хæрзиуджытæй.

Театралон аивады рæзтмæ стыр æвæрæн бахæссыны фæдыл майдан «Ирыстоны намысæн» лæвæрд æрцыд, сывæллæтты театр «Саби»-йы актрисæ Гайты Аллæйæн.
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы «Адæмон артист» ссис театр «Саби»-йы актрисæ Хацырты Людмилæ.
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы «Сгуыхт артист»-ы кадджын ном та райстой Дыгурон драмон театры артисттæ: Арсæгты Астик æмæ Езеты Эрнæ, театр » Саби»-йы артисттæ: Бесолты Иринæ, Дудайты Валентинæ æмæ Джыккайты Зæлинæ.
Республикæйы «Кады гæххæтт»-æй хорзæхджынгонд æрцыдысты: Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театры аивадон æвæрæн хайы сæргълæууæг Джаджиты Виктор, актер Еналдыты Дмитри, сæйраг нывгæнæг Уалыты Ларисæ, театр «Саби»-йы нывгæнæг Ситохаты Светланæ, Ирон театры рухсытæ дæттæг цехы сæргълæууæг Дамзаты Зауырбег, Дыгурон театры актертæ: Къесаты Станислав æмæ Муриты Зауыр, ацы театры литературон хайы сæргълæууæг Пъинты Владимир æмæ бухгалтер Дулаты Альбинæ.
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты «Кады гæххæтт» лæвæрд æрцыд театр «Саби»-йы рухсгæнæг Александр Пиляевæн.
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдары «Арфæйы фыстæг» та райста Хадыхъаты Журетæ.

РЦИ-Аланийы
Культурæйы
министрады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here