Равзардзысты хуыздæр хъомылгæнæджы

0
183

Уæрæсейы рæвдауæндоны хуыздæр хъомылгæнæджы фыццаг хатт равзардзысты Æппæтуæрæсеон конкурс «Мадæлон æвзаг æмæ мадæлон литературæйы хуыздæр ахуыргæнæджы» фæткмæ гæсгæ.

Кæронбæттæн мадзæлттæ сентябры ацæудзысты Дзæуджыхъæуы Педагог æмæ зондамонæджы аз бæрæг кæныны фæткмæ гæсгæ. Ацы хабар «ТАСС»-æн фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.
— Æппæтуæрæсеон конкурс «Мадæлон æвзаг æмæ мадæлон литературæйы хуыздæр ахуыргæнæджы» фыццаг хатт фæзынд рæвдауæндæтты хъомылгæнджытæн номинаци. Кæронбæттæн фæлварæнтæ сентябры ацæудзысты Дзæуджыхъæуы. Нæ республикæйы сæйраг горæтмæ Уæрæсейы регионтæй æрбацæудзысты скъолайы агъоммæ ахуырады минæвæрттæ, — загъта хицауиуæггæнæг сылгоймаг.
Министры ныхасмæ гæсгæ, Педагог æмæ зондамонæджы азы фæткмæ гæсгæ нæ республикæйы баххæст кæндзысты 80 дзыллон мадзалы. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы фæзындзæн кады фæйнæг «Ирыстоны педагогты сыгъзæрин нæмттæ» æмæ сквер. Скъоладзаутимæ профориентацион куыст кæмæ гæсгæ кæнынц, Цæгат Ирыстон æххæст кæны ахæм проект «Ахуырады системæйæн кадрты цæттæкæнынад». Ахуырдзаутæн бацæттæ кодтой конкурстæ, акцитæ æмæ интерактивон дзыллон мадзæлттæ. Ахуырады раздзогтæ скъоладзаутæн радзурдзысты педагогты дæсныйады хорздзинады тыххæй хабæрттæ.
Афæдзы кæрон æхсæнадон-паддзахадон преми «Кад» ратдзысты канд хуыздæр ахуыргæнджытæн нæ, фæлæ ма ахуырады системæйы социалон æмгуыстгæнджытæн дæр. Ныридæгæн профессион конкурстæ «Афæдзы хъомылгæнæджы» æмæ «Ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæджы» уæлахиздзауты сбæлвырд кæнын бантыст. Уымæй уæлдай, ацыд кълæсты разамонджыты стыр форум.
Уæрæсейы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ ацы аз нымад у Педагог æмæ зондамонæджы азыл. Указы амынд дзыллон мадзæлттæ æххæст кæнынц педагогон кусджыты (уыимæ — зондамонджыты) сæрмагонд уагæвæрд банымайынæн.

(«ТАСС»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here