Æфхæрæг æви ахадгæ менеджер?

0
190

Сталины цавæр ныхæстæй æрымысынц Цæгаткавказаг зылды цæрджытæ
Не Стыр Бæстæйы раздæры разамонæг Иосиф Сталин куы амард, уымæй рацыд 70 азы.

Уæд иутæ кæугæ кодтой, иннæ та — цин. Сæ иутæ бынтон фæуыргъуыйау сты, иннæтæ сæхи амондджынтыл банымадтой. Ныртæккæ цымæ Цæгат Кавказы цæрджытæ фæтæгмæ цы цæстæй кæсынц, се ‘хсæн сталинисттæ цæмæн ис?

Сталин амард.
Горæт уый нæ бафиппайдта

Стъараполы крайы Сталины цыртдзæвæны цур дидинджытæ нæ уыдзæн. Уымæн æмæ дзы Сталины цыртдзæвæн нæй. Æгас ма куы уыд, уæд æвæрд уыд Фæскомцæдисон парчы, йæ мæлæты фæстæ, 1953 азы 5 мартъийы дидинджыты бæстытæй дзаг уыд. Историк Алексей Кругов куыд зæгъы, афтæмæй Стъараполы крайы цæрджытæн Иосиф Сталины мæлæт ссис æвирхъау цауау. Горæты æмæ хъæуты саудæрæн митингтæ кодтой, адæм рацыдысты, хъыг кодтой, хъынцъым æвзæрстой.
Фæлæ, сталинизмы рæстæг æфхæрд чи баййæфта, уыдон не ‘взæрстой ахæм æнкъарæнтæ. «Культ личности»-йы рæстæг ын йæ мард Мæскуыйы Мавзолейæ куы айстой, уæд Стъараполы æхсæвы Сталины цыртдзæвæн сусæгæй райстой æмæ йæ кæдæмдæр аластой. Уый ныхмæ ничи ницы сдзырдта. Алексей Круговы ныхасмæ гæсгæ, Сталины мæлæты фæстæ æхсæнад дыууæ дихы фæцис, иутæ йæ хъæбатыр æмæ фæтæг хуыдтой, иннæтæ — тугамæст æмæ дæлзæххон архайæг.
Ныртæккæ скъолайы чингуыты Иосиф Сталины зонынц фæсномыгæй, хонынц æй æнтыстджын, ахадгæ менеджер, кулаччыты куыд æфхæрдта, коллективизацийы амæттæгтæ, хæсты размæ æмæ йæ фæстæ æххормаг азтæ сæ ферох сты.

Социализмы бæсты —
паддзахадон капитализм

Хъазахъы истори иртасæг, минводаг атаман Олег Губенко куыд нымайы, афтæмæй Сталины полярон бæрæггæнæнты нæ бавæрдзынæ. Хъазахъы комкоммæ бафхæрдта Владимир Ленин, йæ фæстæ чи уыд, уый та сæ схуыдта хæдзарадон фидар архайджытæ, æмæ репресситы бахаудысты. Атаманы хъуыдымæ гæсгæ, бæстæйы арæзтой паддзахадон капитализм, æмæ уæд куыстадон фæрæзтæ фæллойгæнджыты нæ уыдысты. Сталины æмæ уый фæстæ рæстæджы адæмы бартæ уымæн хæлд цыдысты.
Хъазахъмæ ахаст хуыздæрæрдæм аивта 1936 азы, советон раздзог европæйаг политиктимæ æмбæрста, тагъд хæст кæй райдайдзæн, уый. Хъазахъ та рагæй дæр уыдысты хæцынхъом. Советон Цæдис фашизмыл кæй фæуæлахиз, уым фылдæр адæм Сталины сгуыхтдзинад уынынц, кæд æмæ дзы тынг бирæ дзыллæ фæмард, уæддæр. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, хæсты фæмард 26,6 милуан хæстоны æмæ сабырцæрæг адæймаджы.
Хъæрæсе-Черкесты Республикæйы демограф Далхат Эдиевы ныхасмæ гæсгæ, уыцы нымæцмæ хъæуы бафтауын Цæгат Кавказæй рацæуæг 500 мин адæймаджы. Уыдон 1943-1944 азты сæ хæдзæрттæй куы сыстын кодтой æмæ сæ Астæуккаг Азимæ куы ластой, уæд амардысты уазалæй, стонгæй, æнæ цæрæнбынæттæй. Сталин мæхъæлы, цæцæны, хъæрæсейæгты, балхъайрæгты, хъалмыхъы сæ этникон быцæуты, ныхмæлæуды тыххæй фидар фæсчъылдымыл нæ нымадта.

Хæстæй депортацимæ цыдысты

Цæцæйнаг историк Абдулла Бугаев куыд зæгъы, афтæмæй райгуырд депортацийы. «Мæ фыд 1944 азы фæззæгмæ хæцыд фронты. Фæцæф æмæ йæхи дзæбæх кодта госпитæлы. Уый фæстæ сыздæхт Грознамæ æмæ дзы иунæг цæцæйнаг æмæ мæхъæлоны дæр нæ сæййæфта. Бар ын радтой йæ зонгæтæм хъуымыхъаг хъæуы Винограднæйы фæуыны тыххæй, уый фæстæ йæ хæстон комиссарад арвыста Казахстанмæ, йæ хиуæттæм.
Фронтæй сыздæхæг лæг йæ фыртæн дзырдта, Сталин куы амард, уæд адæм фырцинæй куыд куыдтой, уый тыххæй. «Уый цæцæйнæгтæн, мæхъæлæн, хъуымыхъæгтæн, балхъайрæгтæн, хъæрæсейæгтæн æнустæм æфхæрæгæй, карз лæгæй баззайдзæн», — зæгъы Абдулла. Сæ цæрæнбынæттæй 1944 азы 29 февралы кæй сыстын кодтой, уыцы цæцæйнæгтæ æмæ мæхъæлæттæ уыдысты 496 мин адæймаджы. 1949 азы 1 январмæ сæ амард 132 мин адæймаджы.
Мæхъæлы республикæйы, Сталинæн цыртдзæвæнтæ æвæрын нæ уадзæг закъон кусы. Хъæрæсе-Черкесты республикæйы ахæм закъон нæй, фæлæ йæ цæрджытæ хъæрæсейæгты рис æмбарынц æмæ Сталинæн цыртдзæвæнтæ не ‘вæрынц. «Мах Сталины рæстæг Советон паддзахады рæзт æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахиз раст æмбарæм, фæлæ адæмты сыстын кæнын хорзыл нæ бон банымайын нæу», — зæгъы Хъæрæсе-Черкесты Республикæйы УФ-йы Коммунистон партийы нымæрдар Сергей Ласков.
«Фыдгæнджытæн комкоммæ æфхæрд хæссын хъуыд, æнæхъæн адæммæ цæмæн хъуыд æвналын? Владимир Ленин чысыл адæмтæм домдта арæхстгай ахаст. Сталины уынаффæ йæ фæстæ расайдта æнаххос амæттæгтæ. Климæт дæр æндæрхуызон уыд, хæринаг дæр, уæдæ æфхæрд та? Сæ фыдæлтæ фронты хæцыдысты, сæ бинонты та сын сыстын кодтой æмæ сæ, фыдгæнджытау, арвыстой. Уыцы уынаффæйы фæстиуджытæ ныр дæр æмбарæм», — загъта партийы нымæрдар.

Ирыстойнаг сталинисттæ

Уынгты Сталинæн цыртдзæвæнтæ кæм æвæрынц, уыцы иунæг республикæ у Цæгат Ирыстон. Уым æй гуырдзиагыл нæ, фæлæ ироныл нымайынц. Ис ахæм иртасæнтæ, æмæ уыдонмæ гæсгæ Сталин райгуырд ирон бинонты ‘хсæн, йæ амæлæты фæстæ ирон мыггаг Дзугатæ скодтой хист.
«Æрæджы Сталины фырты фырт Александр Бурдонский скодта ДНК-тест. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæ галакъорд у ирон», — зæгъы æхсæнадон организаци «Сталинисттæ»-йы сæрдар Габанты Владимир. Ацы змæлд республикæйы фæзынд 1990 азы, Сталины ныхмæ змæлды тыххæй, 2005 азы дзы организаци рауад, йæ биографи йын ахуыр кæнынц, политикы архайд æвзарынц, йæ уынаффæтæ æмæ фæндæттæ йын хатынц.
Респресситæ, сталинистты ныхæстæм гæсгæ, рауадысты дзыллон гадзрахатдзинады тыххæй, зæгъæм, бандеровщинæ, къазнайæ социалистон исбонад давыны, троцкисттæ-зиновьевонты сусæг куысты ныхмæ, уыдон та бæстæйыл гадзрахатæй цыдысты. Уыцы-иу рæстæг цыд хъæууон хæдзарады коллективизаци, уый фæрцы фæфылдæр хойраджы куыстады бæрц, индустриализаци. Æппæт дуне экономикон къуырцдзæвæнтæ куы ‘взæрста, уæд Иосиф Сталин сарæзта автократи — ома, æддагон æууæлтимæ тынг гыццыл баст куыстад. Габанты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй, Сталин экономикæйæн разамынд куыд лæвæрдта, уымæй фæстæдæр спайда кодтой Америкæ, Англис, ныр та экономикон гæрæнты рæстæг нырыккон Уæрæсе хъавы Сталины мадзæлттæй спайда кæнынмæ.
Сталины рæстæг репресситæ бавзарæг адæмы тыххæй чингуытæ сты цалдæр томы, бахастой сæм 15 мин номы, уыдонæй 1,5 мин адæймаджы фехстой. Уыдæттæ дунейы рухсмæ рауагъта æхсæнадон архайæг Зураты Ауызби. Рæзгæ сывæллонæй йæ арвыстой Уралмæ. Йæ цардæй ахицæн 2020 азы. Блогер Мысыкаты Батразы ныхасмæ гæсгæ йын йæ хъуыддаг йæхимæ ничима райста. Æрыгон лæппу куыд дзуры, афтæмæй Сталины репресситæй зындзинæдтæ, æфхæрд баййафæг адæмы реабилитаци скæныны иртасæнтæ ахæм бирæ не сты. «Сталинистты бынат ма тыхджын уымæн у, æмæ Цæгат Ирыстон Уæрæсейы экономикон цардæй фæсвæд ран ис. Советон цард куы фехæлд, уæд адæм аззадысты саст арынджы уæлхъус, уый ам стырдæр горæттæй тынгдæр бæрæг дардта. Хицауады уæвæг «тыхджын къух» бæрæг дары фæткæй, нывылдзинадæй, мыздæй. Ныр та ногæй уæззау рæстæджытæ куы ралæууой, уæд тæрсынц змæстытæй, мæгуырдзинадæй æмæ Сталины дæр агурынц. Йæ ныхмæ чи уыд, уыдон кæнæ Ирыстонæй ацыдысты, кæнæ хъусæй лæууынц», — зæгъы блогер.

Светланæ Болотникова

(«АиФ Северный Кавказ»-æй ист æрмæг)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here