Мæ бæллицты сахар — Дзæуджыхъæу

0
188

2024 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæйраг горæт Дзæуджыхъæуыл сæххæст уыдзæн 240 азы. Уыцы юбилейыл аккаг хуызы сæмбæлыны нысанимæ республикæйы культурон-бæстæзонæн проект «Дзæуджыхъæу — бæллицты сахар» арæзт кæй цæуы, уый тыххæй «Рæстдзинад» хъусын кодта. Расидт æй æхсæнадон змæлд «За наш Владикавказ!» Культурæйы уæрæсейаг фонды РЦИ-Аланийы регионалон хайады хъæппæрисæй.

Проекты фæлгæты мадзæлттæй иу у скъоладзауты ‘хсæн цыбыр радзырдты конкурс «Æз уарзын Дзæуджыхъæу». Абон мыхуыр кæнæм иронау фыст куыстытæн сæ хуыздæртæ.
Конкурс амидингæнджытæ бузныг зæгъынц æрыгон автортæн æмæ сæ ахуыргæнджытæн. Сланты Аминæйы бацæттæ кодта Тедеты Анжелæ, Косты Сабинæйы — Дзгойты Зинæ, Джиголаты Елизаветæйы — Танделаты Розæ, Хосонты Маргаритæ æмæ Гæбуты Хъазыбеджы — Гæдзауты Зæирæ, Хæмыцаты Дианæйы — Хадаты Фузæ. Сывæллæттæ æмæ сæ зондамонджытæ уарзынц мадæлон æвзаг, æмæ йын йæ хæзнатæй хайджын уæнт, царды сæ къухы æнтыстытæ æфтæд!

Тъехты Тамерлан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here