Хæдахуыр дæсны

0
333

Куыд диссаг у, æвæдза, цард. Куыдфæндыйæ дæр, рæстæгмæ æнæкæсгæйæ, йæ цыды куыст кæны. Абоны хæццæ-мæццæ царды æцæгдзинад афтæ у, æмæ цыфæнды æнæфæразонæй дæр ныййарджытæн сæ бон у сæ цотæн сæ курдиатмæ гæсгæ æххуыс кæнын, цæмæй уæрæх къахдзæфтæ кæной бæллиццаг сомбонмæ.
Раджы заманы цал æмæ цал хъаруджын фæсивæды минæварæн нæ фæцис фадат йæ бæллиц сæххæст кæнынæн. Ахæм æмбисонды курдиаты хицау адæймæгты хыгъдмæ хæссын, кæй кой ракæндзынæн, уый. Æрхæсдзынæн ын йæ цардвæндагæй цалдæр мысинаджы.
Мæ авд æфсымæрæй сæ иу уыди Ерди. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæны фынддæсаздзыдæй нæ фыд æмæ иннæ хистæр æфсымæртæ знаджы ныхмæ тугкалæн тохы куы хæцыдысты, уæд æй бахъуыдис йе скъола ныууадзын. Хæсты фæуыды рæстæгмæ йæ бригадирæй сæвæрдтой æмæ, йæхицæй бирæ кæстæр чи уыд, уыдонимæ скъоламæ цæуын йæ сæрмæ нал бахаста æмæ астæуккаг ахуырад изæры скъолайы райста.
Диссагæн дзуринаг хабар Ердийы музыкалон зæрдæргъæвдад, цы инструментыл нæ ацагътаид, ахæм нæ уыд. Сæ фыццаг гуымсæг, фæндырдзæгъдæг æмæ ма гуырдзиаг чонгуридзæгъдæг дæр, хорз цагъта уадындз æмæ зурнайæ, арæхст балалайкæйæ цæгъдынмæ дæр. Ахæм фæндырдзæгъдæг уыд, æмæ йæ дæрддæй агуырдтой, уыцы инструменттæн сæ фылдæр йæхæдæг арæзта.
Ерди зæрдиагæй æнæзивæг æххуысгæнæг уыд, хъæуы Культурæйы хæдзары цы кæфтытæ æмæ зарджыты къордтæ уыд, уыдонæн. Иуæй сын фæндырдзæгъдæг уыд, æмæ уымæн мызд никуы æрцагуырдта, иннæмæй та, хорз арæхст кафынмæ, уæлдайдæр та зарынмæ. Йæ зарынмæ хъусын йæ зæронды бонтæм дæр æхцонад лæвæрдта. Цалдæр азы уыд районы Культурæйы хæдзары фæндырдзæгъдæг æмæ зарджыты къорды уæнг.
Абон дæр ма бирæты зæрдыл цы цау лæууы, уый дæр æхсызгонæй æрымысын. Хъæуы зымæгон фосдарæнтæ Ширачы уыдысты, уым уыдысты сæ фысты фермæтæ дæр, мит-иу куынæ уыд, уæд-иу фысты хизгæ дæр кодтой. Иуахæмы сæ фыстæй цалдæр фæхицæн сты (адзæгъæл сты), фæцагуырдтой сæ, фæлæ сæ не ссардтой. Афтæ иу къуыри рацыд. Хъæуæй сæм ныццыдысты æххуысмæ. Ерди дæр семæ. Иу æмбалимæ бæхтыл сбадтысты æмæ ацыдысты агурынмæ. Бахæццæ сты кæцыдæр хъæумæ, хъæумæ ‘ввахс ауыдтой фысты дзуг сæ фыййауимæ. Базыдтой сæ, нымæц дæр сæ сæфт фысты бæрц. Лæджы афарстой, зæгъгæ, кæй фыстæ сты. Акодта сæ фысты «хицаумæ», кæдæм цыдысты уырдыгæй хъуыст цины хъæлæба, лæг кæртмæ бахызт, ракодта фысты «хицауы», уый сыл баузæлыд, ахуыдта сæ мидæмæ. Цыбыр дзырдæй, куыд разынд, афтæмæй бахаудысты чындзæхсæвмæ. Абадын сæ кодта фынджы уæлхъус. Ерди музыканттæм фæкæс-фæкæс кæны, йе ‘мбал ын загъта, ды дæр куы ацæгъдис, зæгъгæ. Фысым уый æрбайхъусгæйæ, фæндыр райста æмæ йæ Ердимæ авæрдта. Цæгъдын райдыдта, уæдæ цы уыдаид. Адæм æм хъусынтыл фесты, дзæвгар куы ацагъта, уæд фæндыр йæ хицаумæ радта. Фæстæдæр æркуырдта гуымсæг, æмæ та уымæй дæр йæ зæрдæйы мондæгтæ суагъта. Фысты «хицау» æм бацыд æмæ йын зæрдиагæй ныхъхъæбыс кодта. Ды, дам, мын мæ цины фынг зынгæ фæрæсугъддæр æмæ фæхъæлдзæгдæр кодтай. Радзырдта йын, фыстæ æнæхицауæй хизгæ кæй федта, уый, æмæ сын ныр къуырийæ фылдæр сæ хицаумæ кæй æнхъæлмæ кæсы. Сæфт фыстæ разындысты, фысым сын бар радта анымайынмæ. Рахызтысты кæртмæ æмæ фысты фарсмæ сæ бæхтæ уæззау уæргътимæ, лæппутæ фефсæрмы сты. Фысым сын мидбылхудгæ сæ къухтæ райста, кæрты дуар фегом кодта æмæ сын фыстæ сæ разæй фæкодта. Ахæм уыд уыцы боны диссаг.

Къæбысты Отар,
фæллойы ветеран

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here