Терк та ногæй бахаудта Уæрæсейы тæккæ чъизидæр цæугæдæтты нымæцмæ. Уыдонимæ сты: Обь, Волгæ, Амур, Днепр, Енисей, Урал, Дон, Цæгатаг Двинæ æмæ Колыма.
Уый тыххæй æрмæг ныммыхуыр кодта «Уæрæсейаг газет». Нæ республикæйы Æрдзы æвæрæнтæ æмæ экологийы министрады нæ уацхæссæгæн куыд радзырдтой, афтæмæй Терчы уавæры сагъæссаг фарста сæйрагдæр уый мидæг ис, æмæ цæугæдонмæ ‘ввахс бирæ куыстуæтты нæй, сæ куысты рæстæг цы донæй спайда кæнынц, уый сыгъдæг кæныны фæрæзтæ. Æмæ уыцы чъизи дон афтæмæй кæлы Теркмæ. Уавæр цæхгæр фæхуыздæр уаид, нæ цæугæдон национ проекты фæлгæты реабилитацийы программæмæ куы бахæссиккой, уæд. Ныртæккæ уыцы фарста алыг кæныны тыххæй цæуы ахадгæ куыст.
Росгидрометы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Терчы дон чъизи кæнын байдайы, суанг йæ райдианæй — Тырсыгомæй. Азæй-азмæ дæр дзы ссарынц фылдæрæй-фылдæр уæззау згъæры æмæ органикæйы цæххытæ. Уый æвзæрырдæм зыны доны хъæдыл. Афтæмæй та Терк тынг æхсызгон хъæуы æппæт регионы хъæууон хæдзарады, йæ фылдæр хайæ пайда кæнынц хуымтæ донхорыг кæнынæн. Уымæй уæлдай, Теркæн стыр ахадындзинад ис кæсæгты куыстады.
Датиты Ольгæ














