Урссæр хæхты хъæбысы

0
178

Æз æппæтæй тынгдæр уарзын Дзæуджыхъæу, уымæн æмæ ам райгуырдтæн. Алы адæймагæн дæр йæ райгуырæн зæхх у æппæтæй адджындæр. Раст куы зæгъон, уæд мæм горæты бæсты дзырд «сахар» хуыздæр кæсы. Кæм фехъуыстон, нæ хъуыды кæнын, фæлæ, дам, хæсты рæстæг Сталин Хъулаты Хъуыбадыйы афтæ бафарста иронау: «Нæ сахар та раздæр цы хуынди?» Æмæ йын уый дзуапп радта: «Дзæуджыхъæу хуынди фыццаг нæ сахар».
Иу цалдæр ивды фæци хæхты хъæбысы сахарæн йæ ном: Владикавказ, Орджоникидзе, Дзæуджыхъæу, ногæй та — Орджоникидзе, æмæ та — кæддæр-уæддæр Владикавказ. Иронау та нæ уарзон сахар хуыдтам æмæ кæдфæнды дæр хондзыстæм Дзæуджыхъæу æмæ йын дзурдзыстæм: «Мах бирæ, бирæ уарзæм дæу!».
Æз ахуыр кæнын Дзæуджыхъæуы рагондæр скъолатæй иу — 13-æм скъолайы. Хæссы Иры номдзыд хъæбул, поэт, публицист, нывгæнæг Хетæгкаты Къостайы ном. Нæхæдæг дæр æй æххæст не ‘мбарæм, уый куыд стыр кад у. Фæлæ нын æппынæдзух не скъолайы директор Сæлбиты Иринæ (рухсаг уæд) афтæ фæдзæхста: «Хъусут, макуы уæ рох кæнæд, Хетæгкаты Къостайы ном хæссæг скъоламæ кæй цæут, уый». Мæнмæ гæсгæ, уыдон æрмæст рæсугъд ныхæстæ не сты. Хорз ахъуыды кæнгæйæ, стыр диссаг дæр куыд нæ у — абон мах цы ран цæрæм Ирыхъæуы, уым цас зындгонд адæм цард! Мæнæ-иу не скъолайы рæзты æрбацæйцыд Къоста. Иннæ ахæм — Колыты Аксо. Не скъолайы æмкъул Ирон аргъуаны куыста, ирон чызджытæн ахуырмæ фæндаг фыццаг уый радта. Се ‘ппæты фæнымайæн нæй ацы цыбыр фыстæджы, фæлæ иууылдæр æнæкæрон уарзтæй уарзтой нæхи Дзæуджыхъæу.
Фæнды мæ æппæт дуне дæр фенын, бæллын фæсарæнтæм балцы ацæуынмæ, фæлæ мæ цæрын фæнды ам, нæхи Дзæуджыхъæуы! Ам цы рæсугъд хæхтæ ис, ахæмтæ æндæр никæм фендзынæ, йæ сыгъдæг уæлдæф, æппæтæй рæсугъддæр æрдз. Ардæм, Ирыстонмæ, уазæгуаты æрцæуынц Уæрæсейы алы регионтæй æмæ ма суанг фæсарæнтæй дæр. Æмæ, æнæмæнг, ам сæмбæлынц зæрдæхæлар, уазæгуарзон адæмыл.
Æз бирæ уарзын мæ райгуырæн сахар!

Джиголаты Елизаветæ,
Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы
7-æм къласы ахуыргæнинаг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here