Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло сæрдариуæг кæм кодта, нæ республикæйы Хицауады ацæуæг уыцы аппаратон æмбырды архайджытæ сæйраг æргом аздæхтой регионы оперативон уавæрмæ, уалдзыгон сидты кампани, зынгсирвæзтæй тæссаг афонмæ цæттæ кæнын æмæ æндæр фарстатæм.
«Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Тыбылты Аланы ныхасмæ гæсгæ, нæ регионы рабæрæг фадынæгæй фæрынчын уæвыны 5 цауы. Низæй бахизыны фæдыл мадзæлттæ æххæстгонд цæуынц, æмткæй райсгæйæ, регионы эпидемион уавæр банымайæн ис нывылыл.
Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ рынчындæтты хуыссы коронавирусæй рынчын 30 адæймаджы, амынд низæй рынчын 90 адæймаджы та сæхи дзæбæх кæнынц амбулаторон уагæй. Уымæй уæлдай, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн медицинон æххуыс кæнынц (ныридæгæн дæсны æххуыс бакодтой 165 адæймагæн).
Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, рæхджы регионы æппæт зынвадат хъæуты афтекон хайæдтæ байгом кæнын æмбæлы. «Росздравнадзор»-ы регионалон управленийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ныртæккæ республикæйы 49 хъæуы афтектæхъуаг сты.
— Адæймаг анальгин æлхæнынмæ фæндзай километры цæмæй ма цæуа, ахæм фадат ын радтын æмбæлы. Хъæуы кæд дæс адæймаджы цæры, уæддæр хъуыддаг саразинаг у. Афтек бынаты байгом кæныны фадат кæд нæй, уæд, къуырийы дæргъы æртæ хатты хъæумæ чи цæудзæн, ахæм мобилон афтекон хайадæй пайда кæныны фæндон бахæссут. Бахъуаджы рæстæг хицæн адæймæгты афтектæй спайда кæнæн ис, адæм зындзинæдтæ цæмæй ма ‘взарой, уый тыххæй, — бафæдзæхста Сергей Меняйло æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрæн.
Льготон хостæй адæмы ифтонг кæнынæн уæлæмхасæн æхцатæ радих кæнын æмбæлы, зæгъгæ, фехъусын кæнгæйæ, регионы разамонæг вице-премьер Александр Реутов æмæ финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олегæн бахæс кодта хостæй льготон ифтонгадæн уæлæмхасæн фæрæзтæ радих кæныны фарстайыл æрныхас кæнын.
— Ацы хъуыддагæн цас бацагуырдтам, уый бæрц æхца нæм нæй, фæлæ æхца хайгай фиддзыстæм, фиддонтæ куыд нæ фæсыкк уой, афтæ. Сæйраг æргом аздахын хъæуы онкологон æмæ сæкæры низтæй рынчын адæймæгтæм, — загъта Сергей Меняйло.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй, Уæрæсейы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ, ацы азы 1 апрелæй 15 июны онг бæстæ æххæст кæны æфсадмæ уалдзыгон сидт. Сергей Меняйло районты сæргълæуджытæн бафæдзæхста сидты мадзæлтты тыххæй æмбарынгæнæн куысты архайын.
— Сидтмæ гæсгæ æфсады чи службæ кæндзæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлммæ уыцы адæмы кæй не ‘рвитдзысты, уый сидтонтæн æмæ сæ ныййарджытæн бæлвырдæй бамбарын кæнын хъæуы. Сидтмæ гæсгæ æфсады чи службæ кæны, Уæрæсейы ног регионтæм службæ кæнынмæ уыцы адæмы нæ арвитдзысты , — загъта республикæйы разамонæг.
Сергей Меняйло Хицауады уæнгтæ æмæ муниципалитетты сæргълæуджытæн бахæс кодта зынгсирвæзтæй тæссаг рæстæг адæмы æдасдзинады æмæ цард ифтонгады системæты æнæкъуыхцы куысты фарстатæм комкоммæ уагæй цæст дарын.
— Рæхджы майы бæрæгбæттæ райдайдзысты, адæм æрдзы хъæбысы сæ фæллад уадзынмæ цæудзысты, æмæ районты сæргълæуджытæн фæдзæхсын Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады дæлхайæдтимæ иумæ адæмы сабыр фæлладуагъдæн фадæттæ саразын, — загъта Сергей Меняйло.
Регионы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, æнæзакъон бырондæттæ иуварс кæныны куыстмæ цæст комкоммæ уагæй дарын æмбæлы. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн адæм хицæн фæзуæтты санитарон уавæрыл барвыстой 85 хъастæй фылдæр.
— Бырæттæ афоныл кæцæй нæ раласынц, кæнæ хъæбæр коммуналон æппарæццæгтæн контейнертæ кæм нæй, хъæстытæ æвзарыны куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы хъæууон районы ахæм дзырддаг фæзуæтты номхыгъд сарæзтам. Бырæттæ æнæзакъон бырондæттæм чи æппары, æппæт уыцы адæймæгтæй бæрндзинад бадомын æмбæлы. Районты разамонджытæ сæ фæзуæттыл куы фæзилынц, уæд сæйраг æргом здахæнт сæвзæрæг æнæзакъон бырондæттæм æмæ ацы бырондæттæй бахизынæн рагацау мадзæлттæ аразæнт, — загъта регионы Сæргълæууæг.
Дзæуджыхъæуы администрацийы хæс у районты администрацитимæ, Туризмы комитет, регионалон оператор «Эра» æмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадимæ иумæ районты санитарон уавæрыл афæлгæсын, стæй, бырæттæ æмбырд кæнынæн фаг контейнертæ æвæрд æрцыдысты æви нæ, ууыл æрныхас кæнын.
Сергей Меняйло сæрмагонд æргом аздæхта Рахизфарсы æмæ Дыгуры районты цæрæнуæтты арæзтадмæ. Арæзтады фæдыл бадзырдты амынд æмгъуыдтæ баххæст кæнын бадомгæйæ, республикæйы Сæргълæууæг бахаста арæзтадон кусæндæттæ баивыны фарстайыл æрныхас кæныны фæндон. Кæлæддзаг цæрæнуæттæй ногтæм адæмы раивыны фæдыл программæ афоныл æххæстгонд æрцæудзæн æви нæ, уый тыххæй персоналон бæрндзинад республикæйы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы профилон министрадмæ кæй хауы, регионы разамонæг æмбырды архайджыты зæрдыл уый ноджыдæр ма иу хатт æрлæууын кодта.
Гугкаты Жаннæ














