Хорз фæндтæ, хъæугæ уынаффæтæ

0
241

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады æмбырд. Амыдта йæ Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

Министрты кабинеты уæнгтæ æркастысты, æмбырды боны фæткы чи уыд, уыцы фарстатæм — дыууынæй фылдæрмæ. Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег цы хицауадон уынаффæйы проекты фæдыл радзырдта, уым ныхас цыд, хæцæнгарз, рæмудзæн æмæ æндæр ахæм хæцæнæрмæг æнæзакъонæй йæхимæ чи дары, Уæрæсейы уыцы граждæнтыл. Уыцы хæцæнгарз барвæндонæй чи радты, уыдонæн, бæрæг куыд у, афтæмæй фыст æрцæуы æхца. Ивгъуыд аз уыцы хъуыддаг республикæйы куыд æххæстгонд цыд æмæ барвæндонæй хæцæнгарз радтæг адæмæн æхца фыст цас æрцыд, ууыл бæстон æрныхас кæнгæйæ, премьер-министры хæдивæг бацамыдта ацы куыст дарддæр дæр æххæст кæныны мадзæлттæ.
РЦИ-Аланийы Хицауады иуæй-иу нормативон-барадон акттæм ивддзинæдтæ бахæссыны уынаффæйы проекты фæдыл ныхас кодта республикæйы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан. Документы фидаргонд цæуынц фермертæн, хъæууонхæдзарадон куыстгæнджытæн æмæ хъæууонхæдзарадон туризм парахат кæныны къабазы архайджытæн субсидитæ дæттыны ног уагæвæрдтæ. Уымæй уæлдай, фылдæр кæны грантты бæрц, раздæр уый уыд 5 милуаны, ныр та уыдзæн 7 милуан сомы.
Ахуырдзауты скъолатæм æмæ сæ фæстæмæ сæ хæдзæрттæм ласынæн республикæ æрæджы балхæдта авд автобусы, стæй ма сыл хæстæгдæр рæстæг бафтдзæн аст автобусы. Уыдон се ‘ппæт дæр адæтдзысты Æрæфы, Мæздæджы, Рахизфарсы, Горæтгæрон æмæ республикæйы æндæр районты, стæй горæт Дзæуджыхъæуы муниципалон исбонадмæ. Уымæй уæлдай, Алагиры Культурæйы галуан, бындуронæй йæ сцалцæг кæныны тыххæй адæтдзысты паддзахадон исбонадæй муниципалонмæ. Афтæ, муниципалон исбонадтæм адæтдзысты, Октябрыхъæуы цы спортивон фæз ис, уый. Мæздæджы чи ис æмæ йæ фæзуат 1,245 квадратон метры кæмæн у, уыцы бæстыхай та адæтдзысты Æфхæрдтæ æххæстгæнæг федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы исбонадмæ. Ацы уынаффæты проектты фæдыл ныхас кодта республикæйы исбонады æмæ зæххы ахастыты министр Тедеты Руслан.

РЦИ-Аланийы куысты бынæттæ дæттыны уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй уынаффæйы проект æмбырды уæнгтæн сæ размæ рахаста республикæйы Куыстдæттыны комитеты разамонæг Платы Альбинæ. Уынаффæйы проектмæ гæсгæ куыстдæтджытыл æвæрд цæуы хæс, цæмæй сæ алчидæр йæ куыстуаты бацæттæ кæна 14-18-аздзыд æнахъомтæн, стæй инвалидтæн куысты бынæттæ. Куысты бынæттæн сæ бæрц аразгæ у, куыстуаты æдæппæт цал кусæджы ис, уымæй. Платы Альбинæ ма цы уынаффæйы проекты фæдыл ныхас кодта, уымæ гæсгæ, астæуккаг профессионалон кæнæ уæлдæр ахуырад кæмæ ис, афтæмæй куыст чи агуры, уыцы адæймæгтæн арæзт æрцæудзæн стажировкæ кæнынæн уæлæмхасæн мадзæлттæ. Ацы программæ æххæстгонд цæуы ныр дæс азы дæргъы. Йæ тыхтæ бавзарын æмæ алы куыстуат æмæ кусæндоны дæр стажировкæ ацæуыны гæнæн дзы ис 18-25-аздзыд алы æрыгон адæймагæн дæр, уæлдæр амынд ахуырад кæмæ разына, уыдонæн.
Нæ республикæйы фæндæгтæ рацаразыны æмæ сæ æдасæй пайда кæныны тыххæй Транспорты æмæ фæндагон хæдзарады комитет цы бирæ хъуыддæгтæ æххæст кæны, уыдонæй иу у Мамысонмæ фæндаг. Йæ арæзтадон куыстытæ куыд нæ фæкъуылымпы уой, уыцы хъуыддаг цы мадзæлттæ домы, уый фæдыл ныхас кодта амынд комитеты сæрдар Солиты Тариэл. Афтæмæй, Хицауады уынаффæйы проектæй 2023 азмæ æмæ 2024-2025 азты пъланон рæстæгмæ РЦИ-Аланийы республикон бюджетмæ ивддзинæдтæ хаст æрцæудзæн.
Æмбырды ма каст цы уынаффæты проекттæм æрцыд, уыдоны фæдыл ныхас кодтой финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олег, арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин, национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан, экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр, Тарифты регионалон службæйы разамонæг Бæдоаты Сослан.


Дедегкаты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here