Куадзæны арфæтæ

0
220

Зынаргъ æмбæлттæ!

Цæгат Ирыстоны чырыстон диныл æууæндæг адæмæн зæрдæбын арфæ кæнын Чырыстийы Райгасы Рухс боны тыххæй!
Куыд æппæт чырыстон дунейы, афтæ нæ бирæнацион æмæ бирæконфессион республикæйы дæр куадзæны æгъдæуттæн рагон истори ис. Адæм ацы рухс уалдзыгон бæрæгбонимæ бæттынц царды ногдæр фæзындтæ, хуыздæр фидæныл æууæнк. Куадзæны бындуры удварны хъуыды æвæрд ис — хъуамæ цард фæуæлахиз уа мæлæтыл, рæстдзинад — мæнгдзинадыл, хорздзинад — хæрамыл.
Куадзæны бæрæгбоны иумæйагадæмон хæзнатæн уæлдай ахадындзинад ис. Фæлмæнзæрдæйы хицау уæвын, тæригъæд кæнын, уæззау уавæрты бахауæг адæмæн æххуыс кæнын, ацы миниуджытæ не ‘хсæнады абон уæлдай хъæугæ сты. Динты алы хуызтæ, алы цæстæнгастимæ минæвæртты иу æмæ æнгом кæнынц.
Нациты æмæ бирæ конфесситы ‘хсæн разыдзинад фидар кæны Уырыссаг чырыстон дины Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи. Цæгат Ирыстон æрæджы сбæрæг кодта Аланийыл саргъуыды 1100 азы, аразынц нæм аргъуантæ, историон бынтæ ног кæнынц, рухстауæн куыст кæнынц. Уыдæттæн аргъ кæнын хъæуы!
Чырыстийы Райгасы Рухс бæрæгбон Цæгат Ирыстонæн суæд хорздзинады, кæрæдзи æмбарыны рæстæг, алы бинонтæм дæр амонд æрбахизæд, фæрныгадæй хайджын уæнт, цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр кæй ахиздзыстæм, ууыл æууæнк нын фидардæр кæнæд!

Чырысти Райгас!
Сергей Меняйло,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг

Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын Чырыстийы Рухс Райгасы тыххæй, уæлдайдæр та чырыстон дыныл хæст адæмæн.
Сæйраг чырыстон бæрæгбон баст у сæндидзынимæ, æууæнчы нысанимæ, удварны фидар тыхимæ. Куадзæны цытджын бæрæгбон алы нациты æмæ культурæты адæмты зæрдæтæ рухс кæны, хорз хъуыддæгтæ кæнынмæ сæ хоны, ивгæ чи нæ кæны, уыцы хæзнатæм сæ здахы, уарзондзинад æмæ æххуысхъуагæн тæригъæд кæнын не ‘хсæнад иу кæнынц.
Мæ зынаргъ æмзæххонтæ, мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, циндзинад, уе ‘ппæт нысантæ уæ къухы бафтæнт, фæрнæйдзаг хъуыддæгтæ кæнут!
Ацы Рухс Куадзæны бонтæ алы цæгатирыстойнаг бирæнацион бинонтæн дæр æрхæссæнт сабырдзинад, разыдзинад æмæ фарн!

Тускъаты Таймураз,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here