Æхсæнадон æдасдзинады уæлæмхасæн мадзæлттæ

0
260

Уæрæсейы Æдасдзинады советы нымæрдар Николай Патрушевы разамындæй Налцыччы цы уæрæх æмбырд арæзт æрцыд, уым бæстон ныхас рауад Цæгат Кавказы федералон зылды регионты æхсæнадон æдасдзинады къæпхæн бæрзонддæр кæныныл. Цæгат Ирыстонæй фембæлды архайдта республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

Æмбырды архайдтой Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка, федералон министрадтæ æмæ ведомствæты минæвæрттæ, федералон зылды регионты сæргълæуджытæ.
Боны фæткы фарстаты фæдыл стыр доклад скодта Юрий Чайка. Президенты минæвары ныхасмæ гæсгæ, аккаг ныхкъуырд дæттын хъæуы ныгуылæйнаг бæстæты знаггадхæссæг архайдæн. «Сусæггаг никæмæн у — иуæй-иу бæстæты сæрмагонд службæтæ архайынц, цæмæй уæрæсейаг æхсæнады иудзинад фехæла, цæмæй бæстæйы бирæ адæмты ‘хсæн фидыд къахыргонд æрцæуа, цæмæй алы динты минæвæртты ‘хсæн карздзинад равзæра. Æппæт уыцы æууæлтæ махæй не ‘ппæтæй дæр домынц, цæмæй уæм ноджы къæрцхъусдæр æмæ бæрнондæр не ‘рвылбоны архайды», — загъта Юрий Чайка.
Цæгат Кавказы федералон зылды сæвзæргæ уавæрыл дзургæйæ, Президенты минæвар куыд бафиппайдта, афтæмæй экстремистон æмæ террористон фæзындтытæ ма ‘руадзыны нысанимæ профилактикон æмæ æндæр ахæм архайд иу уысм дæр фæмынæг кæнæн нæй. Уыцы архайды бæлвырд нысантæ æвæрд ис, фыццаджы-фыццагдæр, барадхъахъхъæнæг æмæ тыхы ведомствæты размæ. Цæгат Кавказы сабыр цардæн тасдзинады æууæлтæ æвзæрын кæнынц, экстремистон æмæ диверсион-террористон идеологийыл хæст чи у, уыцы къордты уæнгтæ. Куыд уынæм, афтæмæй Æдасдзинады федералон службæ куы иу, куы иннæ ран кæрон сæвæры ахæм фыдгæнæг къордты архайдæн. Уыимæ, Юрий Чайкайы ныхасмæ гæсгæ, уавæр кæй фæкарздæр, уымæн æвдисæн у ахæм дæнцæг дæр — 2021 азимæ абаргæйæ, 2022 азы федералон зылды регистрацигонд æрцыд 30 проценты фылдæр экстремистон фæзындтытимæ баст фыдракæндтæ.
Президенты минæвар сæрмагонд æргом аздæхта, мæнг хабæрттæ æмæ знаггадхæссæг-ардауæн идеологи чи парахат кæны, уыцы интернет-сайтты куыстæн кæрон сæвæрыны фарстамæ дæр. «Æдасдзинады федералон службæ, «Роскомнадзор» æмæ æндæр федералон ведомствæтæ карз ныхкъуырд дæттынц ахæм информацион фæрæзты архайдæн. Зæгъæм, 2022 азы дæргъы кæрон æвæрд æрцыд 3 минæй фылдæр ахæм знаггадхæссæг интернет-сайтты куыстæн», — бафиппайдта Юрий Чайка.
Æмбырды раныхас кодтой УФ-йы Æдасдзинады советы, Генералон прокуратурæйы, Слестгæнæг комитеты, Мидхъуыддæгты министрад æмæ æндæр ведомствæты бæрнон кусджытæ. Уыдон бæстон æрлæууыдысты, регионы, стæй, æмткæй райсгæйæ, бæстæйы æдасдзинад æмæ нывыл цард бахъахъхъæнынæн уæлæмхасæн цы сæрмагонд мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдоныл.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here