Ирон адæмы цæугæ энциклопеди

0
427

Зындгонд куыд у, афтæмæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы Указмæ гæсгæ 2023 аз нымад æрцыд «Нартиадæйы азыл”. Азы кæронмæ алыхуызон уагдæттæ, уæлдæр скъолатæ, культурæйы кусæндæттæ, информацийы дзыллон фæрæзтæ кад кæндзысты Нарты кадджытæ æмæ «Нартиадæ»-йы иртасджытæн. Абон мыхуыр кæнын райдыдтам «Нартиадæ»-йы кадæн æрмæджытæ. «Ирон адæмы цæугæ энциклопеди», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ дæттæм Хозиты Барисы рецензи «Респект»-ы уагъд чиныг «Нарты кадджытæ»-йыл.

Цыфæнды адæмыхатты монон бынты ‘хсæн дæр æппæты цытджындæр цыртдзæвæныл нымайын æмбæлы национ эпос. Ирон адæмæн йæ историон асдзинадыл нымад цæуынц «Нарты кадджытæ». Сæ мидисамады сын нæ фыдæлтæ нывæрдтой, бирæ рæстæджы нын æнцойад чи нæ дæтты, ахæм сусæгтæ æмæ базон-базонтæ. Æмæ уым диссагæй ницы ис, уымæн æмæ уыдон сты адæмы монад æвдисæг эпос. Абайты Васо хуымæтæджы нæ загъта: «Нарты кадджытæ сты адæмы поэтикон истори». Æмæ ма нын уый иу хатт нæ зæрдыл æрлæууын кодта, рауагъдад «Респект», нæ диссаджы эпос дыууæ æвзагыл (иронау æмæ уырыссагау) куы рауагъта, уæд. «Нарты кадджыты» чиныг уагъд æрцыд Мыхуыр æмæ дзыллон бастдзинæдты федералон агентады æххуысæй. Федералон нысанон программæ «Уæрæсейы культурæ» æххæстгæнгæйæ. Стыр бузныг зæгъын æмбæлы чиныджы сæйраг редактор Санахъоты Алыксандр æмæ йæ дизайнерæн, Тугъанты Махарбеджы нывтæй йæ иттæг хорз кæй сфæлгонц кодтой, уый тыххæй. Уымæй уæлдай «Нарты кадджыты» чиныджы уæлæмхасæн хуызы лæвæрд ис географион, сæрмагонд æмæ таурæгъон нæмтты дзырдуат. Уый фæрцы, чиныг йæ къухмæ фыццаг хатт чи райса, уыдонæн ахъаззаджы æххуыс бакæндзæн. Æмæ уыйадыл сæхицæн байгом кæндзысты нарты æхсæнады алæмæтаг дуне, стæй дзуаппытæ ссардзысты æртæ вазыгджын фарстайæн: чи уыдысты нартæн Алæгатæ (монон уды хъахъхъæнджытæ), Æхсæртæггатæ (хæстон намысы уазнысантæ) æмæ Борæтæ (нарты фарны бæркады суадæттæ)? Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, базондзысты уыцы намысджын мыггæгты минæвæртты: Уæрхæг, Уырызмæг, Батрадз, Сослан, Сатана æмæ иннæты тыххæй. Уыцы æмæ иннæ миниуджытæ ма нæ иу хатт арф ныхъхъуыды кæнын кодтой Нарты эпос æмæ адæмы гуманизмы фæдыл.
Æвидигæ æмæ хъæздыг у ирон адæмон сфæлдыстад: кадджытæ, аргъæуттæ, таурæгътæ, зарджытæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ, базон-базонтæ, таурæгъон æмбисæндтæ, ирон хъæлдзæг ныхæстæ, хъарджытæ, арфæтæ, сомытæ, æлгъыстытæ æмæ æндæртæ. Уыдон арф æмæ биноныгæй æвдисынц ирон адæмы хъуыдытæ, сагъæстæ, хъынцъымтæ, уырнынад æмæ бæллицтæ. Нæ дзыллæйы дзыхæйдзургæ сфæлдыстад бындур сæвæрдта нæ фысгæ литературæйæн. Æмæ уымæн ирд æвдисæн у ирон адæмы фыццаг гени — Къостайы дзырдаивад. Адæмон сфæлдыстады мотивтæм фыццаг уый раздæхта йæ хъус æмæ сын ирон литературæйы дæр бынат уый скодта фыццаг. Хетæджы-фырт йæ хуыздæр уацмысты равдыста дзыхæйдзургæ сфæлдыстады арф хъуыдытæ йæ курдиаты тыхæй. Æмæ уый бамбарæн ис: адæмы æцæг историйæн зонæн нæй æнæ фольклорæй. Рагæй-æрæгмæ дæр уый хицæн хуызы æмдзу кæны историимæ. Нæ фыдызæххы бирæминон истори, цардыуаг æмæ психологи ирдæй сæхи æвдисынц адæмон сфæлдыстады æмæ нæм сидынц æххуысмæ. Уымæн æмæ уыцы æнæцæугæ хæзнатæн абоны дуджы уадзæн нæй, уыдон хæсгæ сты ирон хордзены фидæнмæ. Æмæ нын уыцы хъуыддаджы хорз дæнцæг сты, адæмон сфæлдыстад нæ дугмæ кæй фæрцы æрхæццæ, уыцы таурæгъгæнджытæ, кадæггæнджытæ, аргъаугæнджытæ æмæ зарæггæнджытæ.
Ирыстоны хæхты сæрмæ Сæнайы хох куыд бæрæг дары, афтæ ирон адæмон сфæлдыстады дæр æппæты ахсджиагдæр бынат ахсынц Нарты кадджытæ. Уыдон фæзындысты незаманты нæ дуджы размæ æмæ, мин азты дæргъы æхсидгæйæ, æрхæццæ сты дыууын фыццæгæм æнусмæ, ныр сæ цы хуызы зонæм, афтæмæй. Ирон адæм, дæргъвæтин рæстæг гуыргъахъ фæндагыл цæугæйæ, никуы бафæлладысты, сæ уд æмæ сæ зонды никуы мынæг кодтой адæмон сфæлдыстады æрттивгæ цæхæртæ. Цæсты гагуыйау хъахъхъæдтой сæ налхъуыт-налмас — Нарты кадджытæ, æмæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрдтой, цы зæрдæйы ахаст сæм дардтой, уыимæ. Æмæ сæ афтæмæй бирæ æнусты сæрты æрхастой ныры рæстæгмæ. Нарты кадджытæ гъе уымæн сты зынаргъ нæ адæмæн. Царды мидæг нæм исты уæлдай раппæлинаг куы вæййы, уæд æй ирон адæм рахонынц «нæртон», æндæр ныхæстæй, æмбал кæмæн нæй, ахæм. Уымæн æмæ ирон адæм Нарты кадджыты равдыстой сæ хуыздæр миниуджытæ, стæй сæ канд æвдисгæ нæ ракодтой, фæлæ сæ абоны бонмæ дæр æрхæццæ кодтой. Цæмæй сæ адæм хуыздæр бахъуыды кодтаиккой, уый тыххæй сæ адих кодтой хицæн циклтыл. Уыдонæй алчидæр хæссы хицæн хъайтары ном: Уæрхæг æмæ йæ фырттæ, Уырызмæг æмæ Сатана, Сослан, Сырдон, Хæмыц æмæ Батрадз, Ацæмæз, Нарты сæфт.
Нарты кадджыты мидисамады тæккæ номдзыддæр хъайтартæ сты:
— Нарты Уырызмæг — Нарты зондамонæг æмæ рæдау зæронд лæг. Нарты Ныхасы йæ алы дзырд дæр зынаргъ кæмæн у æмæ бахъуаджы сахат фæсивæдимæ знæгты æнæхатырæй чи пырх кæны, уый;
— Нарты Сослан — Нарты æддагон знæгтимæ æхсарджынæй чи тох кæны, уый;
— Нæрты æфсин Сатана — сылгоймæгты тæккæ зондджындæр, адæмы мад; йæ сыгъзæрин къухтæ сты бæркад æмæ кæрдзындæттонады нысан, йæ цыргъзонд-иу тыхст бонты Нарты фервæзын кодта зындзинадæй. Зондæй йæ кæм нæ бафарстаиккой, иу ахæм зынгæ хъуыддаг дæр Нарт нæ кодтой;
Нарты Батрадз — болат æмæ æхсарджын лæг. Уый ныддæрæн кодта Нарты зæххон знæгты æмæ ныллæууыд мæлæтдзаг тохы уæларвон тыхтæ æмæ хуыцæуттимæ;
— Æппынфæстаг, Нарты Ацæмæзы хуызы æвдыст цæуы диссаджы зараг æмæ фæндырдзæгъдаг, нæртон, æнусон уадындзæй чи уасыд, уый. Нарты Ацæмæз уый бæрц дæсны цагъта уадындзæй, æмæ-иу йæ цæгъдтытæм, дисгæнгæйæ, æрыхъуыста æрдз æппæтæй дæр, райхъал-иу ис æмæ-иу кафын байдыдта. Уыимæ зæгъын хъæуы, Нарты хъайтартæн сæ тох, сæ цард, сæ архайды сæр адæм кæй сты, уый.
Нартæн сæ райгуырд дæр, сæ царды æууæлтæ дæр æмæ сæ архайды миниуджытæ дæр æнгом баст сты хъысмæты тæрхонимæ. Уым та бынат нæй лæмæгъдзинад, мæнгдзинад, дызæрдыгдзинад, козбаудзинад æмæ гадзрахатдзинадæн. Алы нæртон адæймагæн дæр йæ намыс, йе ‘хсар арæзт у йæ фыдызæхх æмæ йæ дзыллæйы амондæн, æмæ сæ алчидæр тырны йæ адæмæн цыт æмæ намыс скæнынмæ. Хорздзинадæй цыдæриддæр кæнынц, уый æрмæстдæр адæмы сæраппонд. Уыдон хъæбатырæй тох кæнынц знæгты ныхмæ, цагъар уæвыны бæсты сæм хуыздæр кæсы мæлæт. Суанг Хуыцау æмæ дзуæртты раз дæр нæ къул кодтой сæ сæр. Нæртонтæ комкоммæ дзырдтой: нæ дуæрттæ бæрзонд уымæн кæнæм, цæмæй, къæсæртыл хизгæйæ, махæн нæ сæртæ гуыбыр кæнын ма хъæуа, кæннод Хуыцау фенхъæлдзæн, кувгæ йын кæнæм, зæгъгæ. Нарт уыдысты сæрибаруарзаг æмæ цардбæллон адæм. Уыдон стыр аргъ кодтой цардæн, фæлæ бахъуаджы сахат цæттæ уыдысты мæлынмæ. Стæрты фæстæ-иу зæрдиагæй бадтысты куывдтæ æмæ чындзæхсæвты, бацыдысты-иу нæртон симды. Хæсты быдыры куыд хъæбатыр уыдысты, афтæ ахъаззаг уыдысты кафынмæ, зарынмæ, фæндырæй цæгъдынмæ.
Нарты кадджыты сæйрагдæр миниуджытæ сты æхсар, намыс æмæ кад. Нæ таурæгъон фыдæлтæ кадылмард уыдысты. Нарты кадджыты алы рæнхъ дæр амоны Райгуырæн бæстæ уарзын, лæгдзинад æвдисын æмæ кæрæдзийæн æгъдау дæттын. Уыдон нымад цæуынц нæ монон хæзнатæн сæ тæккæ ахъаззагдæр æууæлтыл. Нарты кадджытыл ирон адæм хъомыл кодтой мин азты дæргъы. Кæд чиныджы уагъд нæ уыдысты, уæддæр сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрдтой фæстагæттæм, мады æхсыры хуызæн-иу ахъардтой скифтæ, сæрмæттæ, алантæ æмæ ирæтты зæрдæ æмæ зонды. Афтæ рæстæг, дуг æмæ азфысты мидæг мах æмхæст стæм Нарты кадджытимæ. «Нарты æмбырд», зæгъгæ, афтæ цы кадæг хуыйны, уым ныхас цæуы Нарты æртæ хæзнайыл, уыдон хъуамæ лæвæрд æрцыдаиккой лæгдæртæн: 1) Нартæн сæ фæсивæдæй æдзонд, хъæбатырдæр æмæ хæрзæгъдаудæр чи разындаид, уымæн; 2) хæрд æмæ нозтхъуагæн фæразондæр чи разындаид; 3) лæджы уаргъ зынæй дæр чи бафæрæзтаид хæссын кæрæй-кæронмæ, кад æмæ радимæ; 4) сылгоймаджы тыххæй æгъдауджындæр чи разындаид, йæ сылгоймагæн фылдæр чи ныббарстаид, уымæн кад кодтой.
Нарты кадджытыл дзургæйæ, æнæ æрымысгæ нæй, нарты ‘хсæнады сылгоймаг цы бынат ахста, уый тыххæй. Чи нæ зоны Нарты Сатанайы, бæркадарм æфсины, адæмы мады. Нартæн сæ тæккæ ахсджиагдæр æхсæны хъуыддæгты уынаффæгæнджытæй иуы, бæгæны æрхъуыдыгæнæджы. Нарты Уырызмæджы зонынджын усы? Кæнæ чи нæ фехъуыста Нарты рæсугъд чызджытæ — Дзерассæ, Бедуха, Агуындæ, Хорческæ æмæ иннæты тыххæй. Хæмыцы ус Быценоны кæнæ Акула-рæсугъды тыххæй? Нарты Сосланы ус Бедуха, мæрдты бæстæйы йæ лæгимæ ныхас кæнгæйæ, уырдæм аза-бæласы сыфтæ агурынмæ куы фæцыд, уæд, зæгъгæ, кæддæриддæр Сосланæн йæ хъахъхъæнæг кæй у уæлæуыл, знæгты цирхъытæ æмæ фаттæй йæ кæй хизы, йе знæгтыл цæмæй фæуæлахиз уа, ууыл архайæг кæй у, уый. Уымæй уæлдай йын амоны, мæрдтæй фæстæмæ куыд рацæуын хъæуы, уый дæр. Акула-рæсугъд Нарты Батрадзы хоны иннæ Нартæй æнаипдæр, фæлæ уæддæр йемæ асимын нæ комы, цалынмæ йæ фыды фыд зæронд Уоны суæгъд кодтаид авдсæрон уæйыг Хъæндзæргæсæй, уæдмæ.
Нарты сылгоймæгтæ куыд диссаг куыстарæхст уыдысты æмæ иумæйаг — æхсæнадон хъуыддæгтæ сæ зæрдæмæ куыд хæстæг уыдысты, уый зыны Хæмыцы ус Быценонæй. «Хæмыц ус куыд ракуырдта», зæгъгæ, уыцы кадæджы Быценон бон хæфсы хуызы уыд, æхсæв та-иу йæхи хуыз райста æмæ-иу кæрдын, хуыйын райдыдта; фыццаг æхсæв скарста æмæ бахуыдта сæдæ лæджы фæлыст, дыккаг æхсæв дæр афтæ; дыууæ ‘хсæвмæ кæрдгæ дæр скодта æмæ хуыйгæ дæр бакодта, дыууæ сæдæ лæгæн къахæй-къухмæ цыдæриддæр хъæуы фæлыстæй, уый. Æмæ Хæмыцæн загъта: «Ныр бавдæл æмæ сæ Нартæн байуар, чи сæ куыд мæгуырдæр у, афтæмæй; нал уыдзæн, зæгъгæ, уымæй ма тæрс: æз цæмæ бавналон, уымæн сæвидийæн нæй!»
Нарты эпос арæзт цы дуджы уыд, уыцы дуджы сылгоймæгтæ сæ адæмы æхсæнадон царды ахстой зынгæ бынат. Къаддæр аргъ скæнæн нæй Нарты кадджыты иннæ хорз миниуæгæн дæр — сæ диссаджы рæсугъд ирон æвзагæн, сæ аив здæхтытæ æмæ фæзылдтытæн. Мах не ‘ппæты дæр ахуыр кæнын хъæуы кадджыты уыцы хæрзаив æвзаг. Газеттæ æмæ журналты кусджытæ, чингуыты редактортæ æмæ корректортæ, хицæн фысджытæ, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ хъуамæ бæлвырд æркæсой Нарты кадджыты æвзагмæ æмæ сæ фыстыты æвзаджы хъæд дæр аразой уымæ гæсгæ.
Æнæ зæгъгæ нæй, «Нарты кадджыты» чиныг куыд сырæзт, уый тыххæй. Ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг бæлццæттæ-иу сæ кой куы фехъуыстой, уæд-иу сæ мидисамадæй дисы бацыдысты. Иуæй-иу кадджытæ-иу фыст æмæ мыхуыргонд æрцыдысты уырыссаг æмæ æндæр æвзæгтыл. Ирон æвзагыл уæд джиппыуадзæн фæрæзтæ нæма уыд. XX æнусы фыццаг æртыццаг хайы рæстæг срæгъæд ис “Нарты кадджытæ” хицæн чиныгæй рауадзыны хъуыды. Стыр куыст ацыд Нарты кадджытæ æмбырд кæныныл, æрбиноныг кæныныл æмæ мыхуырмæ бацæттæ кæныныл. Уыцы стыр æмæ ахсджиаг куысты мидæг егъау бынат æрцахстой ÆК(б)П-йы Цæгат Ирыстоны обкомы фыццаг нымæрдар Хъулаты Хъуыбады æмæ иннæтæ. Уый хихъæппæрисмæ гæсгæ 1940 азы 12 ноябры Партийы обкомы бюро æмæ Цæгат Ирыстоны АССР-йы Адæмон Комиссарты Советы уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыд Хицауадон Нарты Комитет. Уый æдзухдæр куыста Нарты кадджытæ æмбырд, бæлвырд æмæ мыхуырмæ цæттæ кæныныл. Хъулы-фырт у «Нарты кадджыты иугонд тексты» чиныджы арф хъуыды æмæ аив æвзагæй фыст раздзырды автор. Уый тынг бакуыста Нарты кадджытæ чингуытæй рауадзыны хъуыддагыл, йæхæдæг у, уырыссагау цы Нарты чиныг рацыд, уый бæрнон редактор æмæ раздзырды автор.
Уымæй уæлдай, кадджыты фыццаг наукон бындурыл æвæрд чиныг сцæттæ кæныныл зæрдиагæй бакуыстой ССР Цæдисы Наукæты академийы хистæр наукон кусæг Абайты Васо, поэттæ: Дзанайты Иван, Мамсыраты Дæбе æмæ Ардасенты Хадзыбатыр, лингвист Багаты Никъала, фыссæг Брытъиаты Созырыхъо, нывгæнджытæ Хохты Аслæнджери æмæ Тугъанты Махарбег. Чиныг рауадзыны агъоммæ йыл уыдис тынг стыр æмæ уæззау куыст. Утæппæт æрмæг хъуыди æрæмбырд кæнын, бафтауын сыл, мыхуыргонд чи нæма уыдис, уыцы ‘рмæг. Дарддæр уый хъуыдис фæд-фæдыл æрæвæрын, наукон æгъдауæй иу уагæвæрдыл куыд уыдаид, афтæ. Уый уыдис тынг биноныгæй кæнинаг, фæлæ ахсджиаг куыст. Уыцы бæрнон хæс баргонд æрцыд Нарты комитеты уæнгтæн. Уыдон цалдæр азы удхары фæстæ 1942 азы æмбисмæ бацæттæ кодтой «Нарты кадджыты” иугонд текст.
Чиныгыл цы адæм куыстой, уыдон сæмбæлдысты бирæ зындзинæдтыл, наукон-литературон æмæ практикон æгъдауæй йæ ахадындзинад чысыл кæмæн нæу, ахæмтыл. Бригадæйы алы кусæджы дæр бакæсын хъуыди 162 мыхуырон сыфы, кæнæ та чиныджы 2600 сыфы бæрц, æмбырдгонд цы æрмæг æрцыд, уый. Бакаст æрмæг хъуыд мыггаггай — хицæн циклтæй æрæвæрын æмæ сын сæ тæккæ хуыздæр, тæккæ æххæстдæр варианттæ иугонд текстæн равзарын. Уыцы куысты фæстæ-иу бригадæйы уæнгтæ сæ равзæрст варианттæм кастысты иумæ, наукон цæстæнгасæй-иу сæ равзæрстой æмæ-иу сæ æрмæст уæд сфидар кодтой. Хъуыди хицæн кадджытæ, бирæ мин азты дæргъы фыст нæ уæвгæйæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ хизгæйæ, кæрæдзиимæ баст чи нал уыд, уыдон фæстæмæ иумæ, кæрæдзийы фæд-фæдыл, сæвæрын (Куыст хуыздæр цæмæй цыдаид, уый тыххæй бригадæ куыста Хъобаны).
Иугонд текст срæвдз. Эпосы мидæг цы æбæрæг рæттæ уыд, уыдон бæлвырдгонд æрцыдысты иуæй-иуты йеддæмæ. Уыцы куыст куы фæци, уæд æрцыд чиныг уадзыны рæстæг. Хуыцау Нарты куы фарста, æнусон цард уæ хъæуы æгадæй æви кадимæ мæлæт (иннæ варианттæм гæсгæ та — æвзæр цот æви æнæ цот, зæгъгæ), уæд тынг фидарæй равзæрстой æгады царды бæсты кадимæ мæлæт: фыдвæды бæсты — æвæд хуыздæр!
Нарты кадджытæ кæрæй-кæронмæ дзаг сты адæмы гуманизм æмæ сæрибары монадæй. Эпосы хъайтартæ æмæ дунембарынад æвдыст æрцыдысты æнæхъуаджы цардхъомыс æмæ аивадон рæстдзинадимæ. Уыдон алцыдæр кæнынц адæмæн æмæ дзыллæйы сæраппонд. Ирон адæмы бирææнусон истори, цардыуаг æмæ психологи æвдыст æрцыдысты ирд æмæ арф æнкъарæнтимæ. Нарты кадджытæн, æмткæй, рахонæн ис ирон адÆмы цÆугÆ энциклопеди. Сæ мидисамады бирæвæрсыгад, мотивты хъæздыгдзинад æмæ аивадон фæрæзты аивдзинадмæ гæсгæ Нарты эпос сæвæрæн ис дунейы эпикон сфæлдыстады хуыздæр дæнцæгты фарсмæ.
Кæронбæттæны ма мæ зæгъын фæнды иу хъуыды: чиныджы нырыккон дизайн æмæ хæрзхъæд полиграфи махæн ныфс дæттынц, ацы диссаджы фолиант алы ирон хæдзары дæр æцæг лæвар æмæ се стъолыл даргæ чиныг кæй суыдзæнис, уымæй.

P.S. “Нарты кадджытæ” балхæнæн ис дукани “Чингуытæ”-йы. Бадзурæн сæм ис ахæм телефонтæй: 50-14-54; 50-14-25

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here