Турнирæй ссардтой Æлбегонты Хасаны рухс ном

0
145

Æлбегонты Хæмыцы фырт Хасан йæ уæлæон царды скодта бирæ хорздзинæдтæ, куыд куыстуæтты разамонæг, афтæ царды æхсæнадон алыхуызон къабæзты дæр.

Æрыгонæй фæстæмæ Хасаны царды зынгæ бынат ахста спорт. Йæхæдæг хæрз æрыгонæй æмæ фæстæдæр студент уæвгæйæ, æнтыстджынæй архайдта бокс æмæ самбойæ ерысты. Ссис спорты мастер самбойæ.
Фæстæдæр, стыр куыстуæтты сæргъы лæугæйæ, йе ‘ххуысы хай хаста нæ республикæйы спортивон царды къабæзтæн.
Хасан 15 азы уыдис Цæгат Ирыстоны боксы федерацийы президент, 20 азæй фылдæр та фæкуыста самбо æмæ дзюдойы федерациты президентæй.
Кæуылты сты йæ лæггæдтæ Хасанæн ацы спорты хуызты сырæзтæн нæ республикæйы! Уымæй уæлдай ма Хасан хæрзаудæн кодта футболон командæтæн. Йæ фæрцы арæзт æрцыд футболон клуб «Автодор», уый æнтыстджынæй хъазыд Уæрæсейы 2-аг къорды футболон чемпионаты. Уæдæ, æвзонг футболисттæн цы æххуыстæ фæцис, уымæн та æвдисæн сты, цыколайаг скъоладзауты командæ «Æрæф-Автодор» æппæтуæрæсеон æрыгæтты турнир «Сæракын пурти»-йы уæлахиздзау фондз хатты кæй ссис, уый.
Æлбегонты Хасанæн уыцы сгуыхтдзинæдты тыххæй стыр аргъ кодтой, суанг Уæрæсейы футболон федерацийы разамонджытæ дæр. Йæ стыр лæггæдты тыххæй Хасан хорзæхджынгонд ссис къорд паддзахадон хæрзиуджытæй.
Ирыстоны йæ мысынæн арæзт цыдис ерыстæ футбол æмæ самбойæ. Уыцы турниртæй уæлдай ма ивгъуыд къуыри Дзæуджыхъæуы бынæттон администраци æмæ Цæгат Ирыстоны дзюдойы федерацийы хъæппæрисæй йæ мысынæн арæзт æрцыд ноджыдæр ма иу турнир — дзюдойæ.
Ацы ерыстæм хуынд æрцыдысты æрыгон (18 азы онг) дзюдоисттæ Цæгат Кавказы федералон зылды республикæтæ æмæ Стъараполы крайæ. Дзæуджыхъæуы Хæдарцаты Асланы номыл уынджы цы Спортивон-цæттæгæнæн центр ис, уым Хæмыцаты Хасаны номарæн турниры сæ хъару æмæ арæхстдзинад æвдыстой 280 дзюдоисты (чызджытæ æмæ лæппутæ).
Ерыстæ гом кæныны мадзалы архайдтой: РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав, РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Хъоцыты Сослан, дзюдойæ нæ республикæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Беккуызарты Алик, Хасаны хæлæрттæ: Дзансолты Ермак, Гæтæгонты Алыбег, Гæззаты Юри, Уруймæгты Владимир, Гиоты Руслан, Хъулчиты Æхсар, Хасаны фырт Æлбегонты Зауырбег æмæ се ‘рвад Æлбегонты Алыбег.
Тускъаты Таймураз йæ раныхасы бахахх кодта, Хасан йæ уæлæуон царды цы стыр хорздзинæдтæ сарæзта нæ республикæйы пайдайæн æмæ, уый тыххæй йæ рухс ном фæлтæрæй-фæлтæрмæ мысыны аккаг кæй у, уый.
Ерыстæ рауадысты тынг зæрдæмæдзæугæ. Фæсивæд зæрдиагæй архайдтой сæ арæхстдзинад гауызыл равдисынмæ æмæ, æцæгæйдæр, бирæ фембæлдтæ цыдысты цымыдисаг тохты.
Чызджыты ерысты уæлахиздзаутæ систы: 40 кг — Цæкулаты Зæринæ (РЦИ-Алани), 44 кг — Калоты Зитæ (РЦИ-Алани), 48 кг — Каринæ Хуранова (КБР), 52 кг — Тыбылты Аланæ (РЦИ-Алани), 57 кг — Мæргъиты Маринæ (РЦИ-Алани), 63 кг — Хъараты Миланæ (РЦИ-Алани), 70 кг+ — Къозонты Владиславæ (РЦИ-Алани).
Лæппуты ерысты 1-аг бынæттæ бацахстой: 42 кг — Айларты Азæмæт (РЦИ-Алани), 46 кг — Иван Федин (РЦИ-Алани), 50 кг — Кантемир Хуранов (КБР), 55 кг — Рæмонты Давид (РЦИ-Алани), 60 кг — Баймæтаты Вадим (РЦИ-Алани), 66 кг — Руслан Беров (КБР), 73 кг — Салим Абдулаев (КБР), 81 кг — Тегкаты Сæрмæт (РЦИ-Алани), 90 кг — Хуыбецты Яков (РЦИ-Алани), 90 кг+ — Къадзаты Рустем (РЦИ-Алани) Турниры ацыдæй разыйæ баззадысты нæ уазджытæ дæр. Сæ фылдæр дзырдтой, зæгъгæ, ахæм турниртæ тынг пайда сты, фыццаджыдæр, фæсивæдæн.
Беккуызарты Алик куыд загъта, афтæмæй: «Ацы турнир скæнын хъæуы æрвылазон, уымæн æмæ фæсивæдæн фадат дæтдзæн сæ гæнæнтæ равдисынæн æмæ сæ рæдыдтытыл кусынæн».

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here