Ирыстоны бирæ мыггæгтæм рагæй-æрæгмæ дæр уыдис æмæ ис абон дæр, сæрыстыр кæмæй сты, йе ‘рвадæлты кад бæрзонд чи систа, йæ хорзы кой дардыл кæмæн айхъуыст, ахæм адæймæгтæ. Уыцы мыггæгты нымæцмæ хауынц Цæлыккатæ дæр. Сæ фæсивæды минæвæрттæ кæддæриддæр уыдысты раззæгтимæ куыд сабыр царды, афтæ Фыдыбæстæйы сæрвæлтау тохы дæр. Ахæм сæрæнгуырд уыдис Алагиры районæй Ногхъæуы цæрæг Цæлыккаты Алыксандры (Ахберды) фырт Хъантемыр дæр.
Райгуырд 1908 азы дæсæм апрелы. Сырх æфсады рæнхъыты уыдис 1929 азæй фæстæмæ. 1932 азы каст фæци Фæскавказы Бакуйы 26 комиссары номыл фистæгæфсæддонты скъола æмæ службæ кодта 80-æм æхсæг дивизийы 240-æм æхсæг полчъы, фыццаг взводы, фæстæдæр та — ротæйы командирæй. Йæ хорз æнтыстыты тыххæй 1934 азы хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Фæстæдæр Хъантемыры арвыстой М.В. Фрунзейы номыл æфсæддон академимæ. Зæрдæргъæвд лæппу æнтыстджынæй фæци йæ ахуыр уым дæр. Академи фæуыны фæстæ Хъантемыры арвыстой Дард Хурыскæсæнмæ, уым райдыдта кусын 1-æм хайады хицауы хæдивæгæй, фæстæдæр та йæ сæвæрдтой 1-æм æхсæг хицæн бригадæйы штабы хицауæй, дарддæр — 176-æм æхсæг дивизийы штабы разамонæгæй.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Хъантемыр кæм службæ кодта, уыцы дивизи, 9-æм æфсады уæвгæйæ, архайдта Хуссары фронты хæстон цауты. Цæлыччы-фыртæн йæ бар бакодтой 591-æм æхсæг полкъæн разамынд дæттын, уымæн йæ раздæры командир та цæф фæци.
1941 азы сентябры Хъантемыры дæлбар бакодтой 377-æм æхсæг дивизи, афæдзы фæстæ та 3-аг гвардион æхсæг дивизи. Уыцы æфсæддон хай архайдта Сталинграды, Ростовы, Донбассы, Мелитополы, Хъырымы бырсæн операциты, уæгъд кодта знагæй горæттæ Евпатори, Севастопол, Каховка, Молочанск, Новочеркасск, Волноваха. Волновахайыл хæсты уæлдай тынгдæр кæй фесгуыхт, уый тыххæй дивизийæн радтой ном «Волновахаг».
Цæлыккаты инæлары тыххæй 13-æм гвардион æхсæг корпусы командир, инæлар-майор Чанчибадзе афтæ фыста: «3-аг гвардион æхсæг дивизийæн разамынд дæтгæйæ, йæхи равдыста хорз стратег æмæ дæсны æфсæддон разамонæгæй. Зымæджы зын уавæрты иттæг арæхстджынæй амыдта йæ дивизийæн балцы фæндаг, уый фæдыл ын лæвæрд æрцыд Хъахъхъæнынады адæмон комиссары Арфæйы фыстæг».
1944 азы майы Хъантемыр йæхæдæг сси 13-æм гвардион æхсæг корпусы разамонæг, уыцы æфсæддон хай уыдис Уæлдæр командæкæнынады Ставкæйы æвæрæны (резервы). Июлы та йæ баиу кодтой 1-æм Прибалтикæйы фронты æфсæдтимæ.
1944 азы 21 июлы, Шауляйы ныббырсæн операцийы рæстæг, йе ‘фсæддон хайы хæцæн бынæттæ бæрæг кæнгæйæ, Хъантемыр фæмард танк рæмудзæн минæйæ. Баныгæдтой йæ Витебскы, фæстæдæр та, 1949 азы, ам, Ирыстоны.
Цæлыккаты Хъантемыр хорзæхджын уыди Сырх Тырысайы дыууæ орденæй, Суворовы дыккæгæм къæпхæны æмæ Кутузовы дыккæгæм къæпхæны ордентæй, Фыдыбæстæйы 1-æм къæпхæны æмæ Сырх Стъалыйы ордентæй.
Цалдæр боны размæ — 10 апрелы — Хъантемыры райгуырдыл сæххæст 115 азы. Уый фæдыл Дзæуджыхъæуы Ирон аргъуаны Пантеоны инæлар-майор Цæлыккаты Ахберды фырт Хъантемыры ингæны раз уыдис митинг. Сарæзта йæ Цæгат Ирыстоны æхсæнадон организаци «Цæлыккаты мыггаджы культурон бындур». Хиуæттæ, хæстæджытæй уæлдай ма ацы мадзалмæ æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны Ветеранты советы, Дзæуджыхъæуы æмæ Алагиры районты ветеранты организациты минæвæрттæ, Ногхъæуы администрацийы сæргълæууæг Демыраты Хъазыбег, нæ республикæйы дзыллон информацион фæрæзты кусджытæ, æрыгæтты æфсæддон-патриотон æхсæнадон змæлд «Æвзонг æфсад»-ы архайджытæ. Ингæны раз лæууыд кадджын хъалагъур.
Митинг байгом кодта мыггаджы æхсæнадон организаци «Цæлыккаты культурон бындур»-ы сæрдар Цæлыккаты Алыксандр. Уый радзырдта Хъантемыры цард æмæ хæстон фæндæгты тыххæй. Цæлыккаты Эльбрусы раныхасæй та митинджы архайджытæ базыдтой, Хъантемыр куыд зын уавæрты рæзыд, стæй йæ бинонты царды хабæрттæ.
Нæ республикæйы хæсты æмæ æфсæддон службæйы Ветеранты комитеты сæрдар Азиаты Алыксандр бахахх кодта ахæм мадзæлтты ахадындзинад фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомылады.
Цæлыккаты Алыксандр ма баххæст кодта Азийы-фырты раныхас — уыцы хъомылады хъуыддаджы æнæмæнг хъæуы дзурын, нæ лæппутæй ныртæккæ сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдоны хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинады тыххæй дæр.
Кæронбæттæны митинджы архайджытæ сæвæрдтой дидинджытæ инæлар-майор Цæлыккаты Хъантемыры ингæныл.
Хæмыцаты Морис














