Æхсаргæрдтæ зæлланг кæнынц «Манеж»-ы

0
155

Уæрæсейы æртын регионы тыхджындæр фехтовальщиктæ ацы къуыри Дзæуджыхъæуы ерыс кæнынц нæ бæстæйы чемпионы ном рамбулыныл.

Æхсаргард, шпагæ æмæ рапирæйæ тохты æдæппæтæй архайынц 542 нæлгоймаг æмæ сылгоймаг спортсмены. 17 апрелы, чемпионат бæрæгбон уавæры гом кæнгæйæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ зæрдиаг арфæты кæрон загъта: «Ахæм стыр æмæ бæрнон ерыстæ Ирыстоны кæй цæуынц, уый разæнгард кæны нæ фæсивæды спортыл æнувыд уæвынмæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы стыр æнтыстытæ!»
Чемпионаты фыццаг дыууæ боны ерысы бацыдысты æхсаргардæй хæцджытæ. 17 апрелы сбæрæг сты уæлахиздзаутæ хицæн спортсменты ‘хсæн.
Сылгоймæгты ерысты архайджытимæ уыдысты дунеон чемпионаттæ æмæ Олимпиаг хъæзтыты фесгуыхæг чызджытæ: Софья Великая, Янæ Егорян, Ольгæ Никитина, Софья Позднякова, Софья Лоханова æмæ ма цалдæр зындгонд спортсменкæйы.
Сæ хъазуатон тохты йæхи иттæг сæрæнæй равдыста Янæ Егорян. Уый фæуæлахиз йе ‘ппæт ныхмæлæуджытыл дæр æмæ сси Уæрæсейы чемпионкæ. Янæйæн тыхджын ныхкъуырд радта Софья Лоханова. Ерысты æрдæгкæронбæттæны сæ тох ахицæн 15:13 хыгъдæй Янæйы пайдайæн. Ахæм хыгъд дзурæг у, дыууæ ныхмæлæууæджы тох хъазуатон кæй уыд, ууыл.
Кæронбæттæны Янæ Егорян фембæлд новосибирскаг спортсменкæ Алинæ Михайловаимæ. Ацы тох дæр рауад цымыдисаг æмæ ахицæн 15:12 Янæ Егоряны пайдайæн.
Ноджы карздæр тохтæ цыдысты нæлгоймæгты ерысты. Ацы ран тынг дæсны архайд чи кодта, уыдонæй иу уыд не ‘мбæстаг зындгонд спортсменкæ — рапиристкæ, дунейы чемпионкæ Ольгæ Величкойы фырт Камил Ибрагимов. Мæскуыйы номæй хæцгæйæ, Камил равдыста стыр арæхстдзинад æмæ уæлахизмæ тырнынад. Камил фæд-фæдыл фæуæлахиз фондз ныхмæлæууæгыл æмæ кæронбæттæны фембæлд мæскуыйаг саблист Дмитрий Даниленкоимæ. Камил ацы фембæлды дæр уыд зынгæ сæрæндæр æмæ фæуæлахиз 15:9 хыгъдæй.
Уæрæсейы чемпион Дзæуджыхъæуы кæй ссис, уый тыххæй Камил загъта: «Мæнæн уæлдай æхсызгондæр у ахæм кадджын ном мæ мады райгуырæн горæты кæй рамбылдтон, уый. Мæ нана ам цæры, æмæ, æз кæдфæнды дæр Дзæуджыхъæумæ куы ссæуын, уæд мын уæлдай æхсызгондæр вæййы йæ фенын. Хъыгагæн, мæхи куыд фæнды, афтæ арæх мын нæ вæййы фадат Ирыстонмæ ссæуынæн. Ардæм ме ‘мбæлттæ дæр тынг æхсызгонæй фæцæуынц. Иууылдæр æй зонынц, Ирыстон уазæгуарзон кæй у, уый».
18 апрелы сбæрæг сты командон ерысты фæуæлахиз уæвджытæ.
Сылгоймæгты командæтæй уæлдай, сæрæндæр архайд кодтой Мæскуы æмæ Новосибирскы чызджытæ. Кæронбæттæны фыццаг бынат бацахсыныл фембæлдысты «Новосибирск-1» æмæ «Мæскуы-1». Новосибирскæй ерысты архайдтой дыгай командæтæ æмæ æртыккаг бынатыл дæр ерысы бацыдысты сæ иннæ командæтæ. 3-аг бынат рамбулыныл «Новосибирск-2» 45:36 хыгъдæй фæуæлахиз «Мæскуы»-ыл, æмæ сыбираг командæ ссис чемпионаты 3-аг бынат бацахсæг.
1-аг бынатыл ерысы цы хъазуатон тохтæ цыдис, уыдон æппынфæстаг фесты мæскуыйаг чызджыты пайдайæн 45:44 хыгъдæй.
Къаддæр цымыдисаг нæ рауадысты нæлгоймæгты командон ерыстæ. Ам дæр 1-3-аг бынæттыл тохты архайдтой Мæскуы æмæ Новосибирскы æхсаргардæй хæцджытæ. Æппынфæстаг 3-аг бынатмæ рацыд «Новосибирск-2», 1-2-аг бынæттыл та ерысы бацыдысты «Мæскуы-1» æмæ «Мæскуы-2». Сæ ерыс ахицæн «Мæскуы-2»-йы пайдайæн 45:43 хыгъдæй. «Мæскуы-2»-йы рæнхъыты сыгъзæрин майдантæй хорзæхджынгонд систы: Олег Петровский, Владислав Поздняков, Иван Цыпин æмæ Лев Манин.
Сылгоймæгты командæты ‘хсæн фæуæлахизуæвæг «Мæскуы-2»-йы рæнхъыты та сыгъзæрин майдантæ лæвар æрцыдысты: Ольгæ Никитина, Евгения Подпаскова, Светланæ Шевелева æмæ Софья Великаяйæн.
Знон æмæ абон тохты бацыдысты шпагæйæ хæцæг нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ, уый фæстæ та бæрæггонд цæудзысты рапирæйæ хæцæг тыхджындæр сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ.
Ерыстæ цæудзысты 23 апрелмæ.

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here