Мард адæмы пенситæ давæг

0
242

Горæтгæрон районы цæрæг сылгоймаг дæс азы дæргъы æнæзакъонæй иста амæлæг адæймæгты пенситæ.

Сылгоймаг Пенсион фондмæ барвыста мæнг бæрæггæнæнтæ æмæ ацы бæрæггæнæнты бындурыл 1999 æмæ 2008 азты районы амæлæг дыууæ адæймагæн æмбæлгæ пенситæ 2013 азæй фароны онг иста. Амынд рæстæгмæ сылгоймаг райста 2,3 милуан сомæй фылдæр æхца.
Уголовон хъуыддаг барвыстой Горæтгæрон районы тæрхондонмæ. Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайад тæрхондонмæ барвыста закъонхалæг сылгоймаджы архайды аххосæй хаст материалон зиан бафидыны тыххæй граждайнаг куырдиат.

РЦИ-Аланийы Прокуратурæйы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here