Зындгонд куыд у, афтӕмӕй нӕ бӕстӕ ӕмӕ нӕ республикӕйы аивадуарзджытӕ ацы бонты кад ӕмӕ радимӕ бӕрӕг кӕнынц Уӕрӕсейы Стыр театры прима-балеринӕ, Советон Цӕдисы адӕмон артисткӕ, балеты хи сфӕлдыстадон ӕрмдзӕфӕн фӕндаг айгӕрдӕг, не ‘мбӕстон, Советон Цӕдисы адӕмон артисткӕ Адырхаты Светланӕйы 85 азы юбилей.
Аивады зындгонд ӕмӕ удӕй рӕсугъд, курдиатӕй хъӕздыг нӕртон ирон чызг Светланӕ зӕрдӕйӕ кӕй уарзы йӕ райгуырӕн зӕхх, йӕ ирон адӕмы, уый кӕддӕриддӕр бӕрӕг у, йӕ алы юбилейы дӕр Ирыстоны аивадуарзджытӕн классикон балеты бӕрӕгбон кӕй саразы, уымӕй. Ацы хатт дӕр Дзӕуджыхъӕуы Оперӕ ӕмӕ балеты театры йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Стыр театры солисттимӕ равдыстой цымыдисаг концерт. Сӕ зондамонӕг ӕмӕ аивады фӕндагыл сӕ балеты аивады дунемӕ чи хоны, уыцы ахуыргӕнӕгимӕ бабӕрӕг кодтой Аивӕдты республикон лицей. Байгом дзы Адырхаты Светланӕйы номыл балеты аивады кълас.
Адӕймаджы зӕрдӕ ӕмӕ уд рӕзты иууыл стырдӕр бӕрзӕндтӕм чи хоны, уый у балет. Йӕ сусӕгдзинӕдтӕ йын базоныныл дзы амӕй фӕстӕмӕ архайдзӕн аст ӕвзонг чызджы Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ республикӕйы районтӕй. Уӕрӕх ӕмӕ райдзаст уат ис лицейӕн йӕ цыппӕрӕм уӕладзыджы. Ифтонг у, балеты сусӕгдзинӕдтӕ базонынӕн ныртӕккӕ цы ахуырадон фӕрӕзтӕ ис, уыдонӕн сӕ тӕккӕ ногдӕртӕй. Ис дзы кӕсӕнтӕ, кафӕн ӕмӕ суинаг кафджыты буар фидаргӕнӕн ӕндӕр фӕрӕзтӕ. Уаты пъол ӕмбӕрзт у, ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ змӕлгӕйӕ цӕмӕй ма бырой, ахӕм сӕрмагонд аив цъайрагӕй.
Къласы къулыл астӕуӕй ауыгъд ис Светланӕйы аив портрет йе рыгоны азты ӕмӕ йе сфӕлдыстадон фӕндагыл дзурӕг хуызистытӕ. Цы телевизион экран дзы ис, уый фӕрцы та дзы ахуырдзаутӕ фӕкӕсынц адӕмон кафт ӕмӕ зындгонд балетмейстерты тыххӕй.
Балеринӕйы номыл сӕрмагонд кълас гом кӕныны кадджын ӕмбырдмӕ лицейы разамынд ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ сӕхи бӕстон бацӕттӕ кодтой. Номдзыд балеринӕ ахуырадон артдзӕсты къӕсӕрӕй куы бахызт, уӕд йӕ размӕ рацыдысты йӕ директор Ходы Фатимӕ, ахуыры хайады сӕргълӕууӕг Хетӕгкаты Лилия ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ. Номдзыд балеринӕйӕн йӕ номыл лицейы фойейы азӕлыд фыдӕлтыккон «Цӕрӕнбоны зарӕг». Аив ӕй азарыдысты лицейы зарӕггӕнджыты къорд «Арион»-ы хистӕр ӕмӕ кӕстӕр кары ӕрыгон, фӕлӕ курдиатджын зарӕггӕнджытӕ. Дыккаг уӕладзыджы тыргъы та Светланӕйы номыл азӕлыд «Хонгӕ кафты цагъд». Аив ӕй акодтой адӕмон инструментты ансамбл. Сӕ разамонӕг Сӕлбиты Лианӕ.
Ацы ахуырадон артдзӕсты разамонӕг Ходы Фатимӕ кадджын уазӕгӕн радзырдта ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуырдзауты ӕнтыстыты тыххӕй. Балеты къласы та йын равдыстой сӕрмагонд урок. Светланӕ ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕхсызгонӕй бакастысты суинаг фӕсивӕды аивадмӕ. Цӕстуарзонӕй сын загътой сӕ фиппаинӕгтӕ ӕмӕ зӕрдиаг фӕндиӕгтӕ.
Классикон кафты ахуыргӕнӕг Цӕгӕраты Джинӕ нын куыд радзырдта, афтӕмӕй йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ ахуыртӕм разӕнгардӕй цӕуынц. Алы хатт дӕр сӕ фӕфӕнды, цы аивадыл ахуыр кӕнынц, уым сӕхи фӕзминагӕй ӕвдисын. Адырхаты Светланӕ ӕмӕ дунейы, нӕ бӕстӕйы балеты аивады дӕсныты курдиат сын у иттӕг хорз дӕнцӕг, цӕмӕй сӕхиуыл разӕнгарддӕрӕй кусой ӕмӕ тырной аивады бӕрзӕндтӕм.
Нӕ бӕстӕйы балеты аивады зӕрингуырд Адырхаты Светланӕйӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ лицейы разамынд ӕмӕ коллективӕн ацы ӕхсызгон цауы фӕдыл арфӕ ракодта РЦИ-Аланийы Культурӕйы министр Галазты Эдуард.
Гасанты Валерии