Хӕдзарӕй дард, Мӕскуыйы бынмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Гӕрзифтонг тыхты рӕнхъыты сыгъдӕг зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕны йӕ службӕ Црауы хъӕуккаг Черчесты Богдан. Йе ‘мгӕрттӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсӕддонтӕн у фӕзминаг. ӕрӕджы ӕфсӕддон хайӕ йӕ ныййарджытӕм ӕрбацыд кады фыстӕг:
— Кадджын Алан ӕмӕ Идӕ! Уӕ лӕппу, гвардийы ефрейтор Черчесты Богдан йӕ бӕрнон ахаст равдыста. Афицерты амынддзинӕдтӕ ӕххӕст кӕны, у ӕнӕзивӕг ӕмӕ ӕгъдауджын. Цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ къухы бафтыд стыр ӕнтыстдзинӕдтӕ. Ӕфсӕддон уставы домӕнтӕ иттӕг хорз ӕххӕст кӕны. Нӕ бригадӕйы разамынды номӕй уын арфӕ кӕнын, ахӕм ӕгъдауджын лӕппуйы кӕй схъомыл кодтат, уӕ сӕртӕ дзы бӕрзӕндты хӕссут! Уырны мӕ, Богданы ӕнтыстдзинӕдтӕ ӕмӕ ног хъарутӕ уын кӕй раддзысты, уый, — фыссы ӕфсӕддон хайы командиры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг, гвардийы дӕлбулкъон С. Ставицкий.
Черчесты бинонты Богдан у хистӕр лӕппу. Аивады адӕймаг, скъоладзау ма куы уыд, уӕд нывкӕнынадмӕ уыд тынг ӕмхиц, уыд ӕрыгон иртасджыты наукон конкурс «Зонады фидӕн»-ы архайӕг, республикӕ ӕмӕ районы. Уымӕй уӕлдай ма йӕм цымыдис кастысты нырыккон технологитӕ. Зӕрдӕфӕлмӕн, хъусдард, куыд йӕхимӕ, афтӕ иннӕтӕм дӕр, бахъуаджы рӕстӕг ӕххуыс кӕнынмӕ рӕвдз, ахӕм миниуджытӕй хайджын у Черчесты Богдан.
Скъола куы фӕци, уӕд бацыд Дзӕуджыхъӕуы базарадон-экономикон колледжмӕ ӕмӕ йӕ ӕнтыстджынӕй каст фӕци. Диплом куы райста, уӕд ӕм къуырийы фӕстӕ 2022 азы июны фӕсидтысты службӕмӕ. Фыццаг бонты, бирӕ ӕфсӕддонтау, йын зынгомау уыд, фӕлӕ фӕстӕдӕр фӕцахуыр салдаты ӕрвылбоны фӕткыл, ссардта дзы ӕмбӕлттӕ. Абон службӕ кӕны инженерон ӕфсады.
Ныййарджытӕ Алан ӕмӕ Идӕ тынг сӕрыстыр сты сӕ лӕппуйӕ, ӕмӕ нымайынц, ӕфсӕддон службӕ лӕгдзинады скъола кӕй у ӕмӕ йӕ алы лӕппуйӕн дӕр кӕй хъӕуы бавзарын.
Цӕгӕраты Эльмирӕ














