РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Дзанайты Барис ӕмӕ Уӕрӕсейы Президенты ӕххӕстбарджын минӕвары хӕдивӕг Цӕгат Кавказы федералон зылды Максим Владимиров ӕрныхас кодтой, УФ-йы Президенты уынаффӕтӕ Цӕгат Ирыстоны куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, ууыл.
Ныхасы ма архайдтой ӕххӕстбарджыны аппараты цӕстдарӕн департаменты хицау Сергей Никитин, РЦИ-Аланийы Сӕйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, республикон министрадты ӕмӕ ведомствӕты разамонджытӕ. ӕмбырд гом кӕнгӕйӕ, Дзанайты Барис бузныг загъта аппараты делегацийӕн сӕ архайды тыххӕй.
«Ацы аз ӕппӕт национ проекттӕ ӕмӕ паддзахадон программӕтӕ сӕххӕст кӕнынӕн лӕвӕрд ӕрцыд 33 миллиард сомы. ӕдӕппӕтӕй сараздзыстӕм социалон инфраструктурӕйы 177 объекты. Мах бавнӕлдтам ӕппӕт химӕрайст хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, бадзырдтӕ бафыстам, куыстытӕ кӕнӕм», — фӕбӕрӕг кодта Дзанайы-фырт. Сӕйрагдӕр фарста баст уыд республикӕйы хъӕууон фӕзуӕтты рӕзты программӕ сӕххӕст кӕнынимӕ.
РЦИ-Аланийы хъӕууон хӕдзарады ӕмӕ хойраджы министр Къусраты Алан куыд радзырдта, афтӕмӕй 2020-2022 азты хъӕууон фӕзуӕттӕн паддзахадон ӕххуысӕн лӕвӕрд ӕрцыд 2,7 миллиард сомы. Фӕрӕзты фӕрцы къухы бафтыд ахуырады, культурӕйы, спорты, хӕрзфадӕтты, цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады, фӕндагон инфраструктурӕйы объекттӕй 242 саразын.
Хъӕуты фатертӕ дӕттыны дӕр ӕнтыстытӕ ис, 40 специалистӕн радтой хӕдзар саразыны, цӕрыны уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныны ӕвдисӕндартӕ. Специалисттӕ кусынц хъӕуты. Паддзахадон программӕйы фӕрцы хъӕуты цӕрджытӕн, уым кусджытӕн сарӕзтой хӕдзӕрттӕ. Мӕздӕджы ӕмӕ Горӕтгӕрон районты 2020 азы фондз бинонтӕ систы сӕ хицӕуттӕ. 2021 азы Горӕтгӕрон районы 22 бинонтӕ райстой хӕдзӕрттӕ, Кировы районы 2022 азы 7 иууӕладзыгон хӕдзары сарӕзтой.
Ӕмбырды архайджытӕ ма рӕгъмӕ рахастой регионы федералон проект «Сыгъдӕг бӕстӕ» ӕххӕст кӕныны фарста. Ныртӕккӕ ӕнӕзакъон бырондӕттӕ иуварс кӕнынц Беслӕны, Дигорайы, Алагиры, ӕрыдоны. Уӕлдай ӕргом аздӕхтой зынгсирвӕзты ныхмӕ мадзӕлттӕм, республикӕйӕн сӕрмагонд техникӕ, аварион-ирвӕзынгӕнӕн ифтонггӕрзтӕ, дзыллӕтӕн ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты тыххӕй фехъусын кӕныны фӕрӕзтӕ радих кӕнынмӕ.
«Алы фарста дӕр баст у адӕмы царды хӕрзхъӕддзинадимӕ, ӕдасдзинадимӕ, фадӕттимӕ. Нӕ разамынды размӕ ӕппӕт ацы нысантӕ ӕвӕрӕм, нӕ хӕсыл нымайӕм республикӕйы Сӕргълӕууӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын. Сергей Меняйло ӕппӕт фарстатӕм у къӕрцхъус, дарддӕр дӕр афтӕ кусдзыстӕм», — загъта РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














