Республикӕйы наркотикты ныхмӕ къамисы ӕмбырд сарӕзта Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Ӕмбырды архайджытӕ ӕрныхас кодтой, ӕнӕнаркотиктӕ чи нал фӕразы ӕмӕ уыдонимӕ тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ, ӕнӕмӕнг, хи дзӕбӕх кӕнынӕй йӕхи чи фӕтылиф кӕны, уыдоны нымӕц фӕкъаддӕр кӕныны мадзӕлттыл, стӕй Уӕрӕсейы Федерацийы наркотикты ныхмӕ паддзахадон политикӕйы сӕйраг нысантӕ 2030 азы онг ӕххӕст кӕныны фӕдыл фӕсивӕды ‘хсӕн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты оргӕнты профилактикон куысты тыххӕй.
Сергей Меняйло куыд бацамыдта, афтӕмӕй регионы наркотикты ныхмӕ арӕзт политикӕйы нысантӕ раздӕрау сты, чи сӕ уӕй кӕны ӕмӕ сӕ чи ‘лхӕны, уыдоны нымӕц фӕкъаддӕр кӕныны сӕйраг хӕстӕ.
— Ӕрӕджы нӕ республикӕ бабӕрӕг кодтой Наркотикты ныхмӕ архайды паддзахадон комитеты уӕнгтӕ. Уыдон хорзыл банымадтой, Цӕгат Ирыстоны уыцы хъуыддагыл цы куыст цӕуы, уый. Бӕлвырддӕр та, наркологон медицинон ӕххуысы фӕлтӕрддзинад, уыимӕ, дзӕбӕх кӕныны фӕндагыл чи ‘рлӕууыд, уыдонӕн ӕххуыс нымад ӕрцыд раззагдӕрыл ӕмӕ хаст ӕрцыд Уӕрӕсейы Федерацийы йӕ дарддӕр апарахат кӕныны фӕндон. Къамис ма хорзыл банымадта, ахуыр чи кӕны, уыдоны иумӕйагахуырадон уагдӕтты профилактикон куыст куыд ӕвӕрд у, уый. Фӕлӕ, нӕ къухы цы бафтыд, ууыл ӕрлӕууынӕн нырма раджы у, — загъта регионы разамонӕг.
Наркотиктӕй пайда кӕныны тыххӕй республикӕйы тӕрхондӕттӕ хи дзӕбӕх кӕныны, медицинон ӕмӕ социалон реабилитацийы ацӕуыны хӕс кӕуыл сӕвӕрдтой, уыдоны нымӕц ныртӕккӕ у 364 адӕймаджы. Ахӕм бӕрӕггӕнӕнтӕ фехъусын кодта республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады наркотикты зилдухмӕ цӕстдарды управленийы хицау Хынцӕгты Нодар. Уый ныхасмӕ гӕсгӕ, ацы азы фондз мӕймӕ къабазы кусджытӕ хыгъды сӕвӕрдтой 128 адӕймаджы, тӕрхондоны хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕй йӕхи чи сайы, уыдоны нымӕц та у 134.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, административон ивартӕ ӕмӕ ӕмбарынгӕнӕн куысты фӕрцы фӕстаг рӕстӕг фылдӕр ӕргом здӕхт цӕуы сӕхи дзӕбӕх кӕныны тыххӕй, тӕрхондоны хӕстӕ чи не ‘ххӕст кӕны, уыдонмӕ.
— Наркотиктӕм ӕмхиц адӕмыл тӕрхондоны хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн административон мадзал хорз хъомыс кӕй дӕтты, уымӕ гӕсгӕ мидхъуыддӕгты оргӕнтӕ афӕдзы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ административон ӕгъдауӕй бафхӕрдтой 81 адӕймаджы.
Арӕзт цыдысты профилактикон мадзӕлттӕ дӕр, ӕмӕ сӕ фӕрцы наркодиспансермӕ ӕрбацӕуын кодтам 93 адӕймаджы, — загъта Хынцӕгты Нодар.
Уӕрӕсейы Федерацийы 2030 азы онг наркотикты ныхмӕ паддзахадон стратеги ӕххӕст кӕнын ӕмӕ РЦИ-Аланийы социалон райрӕзты фӕдыл раныхас кодтой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тебиаты Сослан ӕмӕ республикӕйы Фӕллой ӕмӕ социалон райрӕзты министр Айдарты Алинӕ. Куыд фӕбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй абон Цӕгат Ирыстоны наркологон хыгъды лӕууы 2724 адӕймаджы. Уый, фарон ацафонимӕ абаргӕйӕ, у 114 адӕймаджы къаддӕр.
Республикӕйы Сӕргълӕууӕг йе ‘ргом аздӕхта, 2023 азы 1 сентябрӕй фӕстӕмӕ федералон закъонӕвӕрынадмӕ ног ивддзинӕдтӕм гӕсгӕ социалон реабилитацийы хӕстӕ лӕвӕрд кӕй цӕуынц Фӕллой ӕмӕ социалон райрӕзты министрадмӕ.
Республикӕйы уыцы ведомствӕйы ахӕм куыст цыдис раздӕр дӕр, — афтӕ, Айдарты Алинӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ, 2022 азы социалон реабилитацимӕ ӕрвыст ӕрцыдысты 10 адӕймаджы, уыдоны сдзӕбӕх кодтой, психоактивон буаргъӕдтӕм ӕмхиц кӕй уыдысты, уымӕй, ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыд 300 мин сомы аргъ сертификаттӕ.
Къамисы ӕмбырды архайджытӕ ӕркастысты нырыккон уавӕрты фӕсивӕдимӕ наркотикты ныхмӕ тохы ног хуызтӕй профилактикон куыст кӕныны фарстатӕм.
РЦИ-Аланийы Фӕсивӕды хъуыддӕгты комитеты сӕрдар Джусойты Русланы ныхасмӕ гӕсгӕ фӕсивӕдон политикӕйы программӕ «Регион — фӕсивӕдӕн» ӕххӕст кӕнгӕйӕ, арӕзт цӕуы ӕрвылазон наркотикты ныхмӕ проекттӕ, студентон змӕлды раздзогты ахуырадон форумтӕ, фестивалтӕ, семинартӕ ӕмӕ ӕндӕр ахуыртӕ фӕсивӕдӕн, республикон турниртӕ ӕмӕ ерыстӕ спорты алы хуызтӕй.
КАСАТЫ Батрадз