Социалон ӕххуыс ӕмӕ фидӕны нысантӕ

0
375

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойы разамындӕй уыд Хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ муниципалитетты бӕрнон кусджыты ӕрвылкъуырион ӕмбырд. Ныхасы архайджытӕ се ‘ргом аздӕхтой республикӕйы ӕрвылбоны царды ахсджиаг фарстатӕм.

Дзӕуджыхъӕуы иуӕй-иу хӕдзӕрттӕ  ӕмӕ Горӕтгӕрон районы цӕрджытӕн тыхджын къӕвдатӕ ӕмӕ их  цы стыр зиантӕ ӕрхастой, уыцы бинонтӕн ӕхцайы ӕххуыс фидын райдыдтой. Ацы нысантӕн Цӕгат Ирыстоны  Финансты министрад радих кодта  31 милуан сомӕй фылдӕр. ӕдӕппӕтӕй Дзӕуджыхъӕуы тыхджын къӕвдатӕй хъыгдард баййӕфтой, 815 адӕймаджы кӕм цӕры, ахӕм 395 хӕдзары. Абоны онг уыдонӕй ӕхцайы ӕххуыс райстой 35 адӕймаджы.

Ӕрдзон фыдбылызы аххосӕй нӕ республикӕйы фӕндӕгты цалцӕг ӕмӕ рацарӕзты хъуыддагыл  нӕ Хицауад федералон центрмӕ арвыста куырдиат, 75 милуан сомы радих кӕныны тыххӕй. ӕрӕджы Бетъырбухы цы дунеон экономикон форум ацыд, уым Цӕгат Ирыстоны делегацийы куысты кӕронбӕттӕн хатдзӕгты фӕдыл Сергей Меняйло РЦИ-Аланийы Экономикон рӕзты министрадӕн бахӕс кодта, форумы рӕстӕг цы ӕмгуыстады бадзырдтӕ фыст ӕрцыд, уыдон куыд ӕххӕстгонд цӕудзысты, уыцы пълан бацӕттӕ кӕнын.

Профилон министрадӕн   хӕсгонд ӕрцыд, инвестицион проектты ӕххуысӕн ма уӕлӕмхасӕн мадзӕлттыл бакусын ӕмӕ сӕ радон ӕмбырдмӕ рахӕссын.

— Уӕрӕсейы субъектты инвестицион климӕты Националон рейтинджы нӕ республикӕ ис 13-ӕм бынаты. Вазыгджын хъуыддаг у дарддӕры архайды, инвестицитӕ нӕхимӕ здахыны фарстатӕн ахадгӕ уавӕртӕ аразын, — фӕнысан кодта нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг.

Ӕмбырды ныхас цыдис мастер-пълан » Аланыстоны хурӕнгӕс рон»-ы проект ӕххӕст кӕныны фарстайыл дӕр. Гӕххӕтты амынд цӕуы 95 проекты, иумӕйаг бӕрц — 2 миллиард сомы аргъ.

— Ацы аз бацархайын хъӕуы, цӕмӕй ӕппӕт арӕзтадон фӕзтӕм дӕр рахизӕм, ууыл. Хицауадӕй домын, фӕндагон картӕйыл биноныг бакусын ӕмӕ цӕстдарды мадзӕлттӕ саразын уӕлдӕр амынд мастер-пъланы нысантӕ сӕххӕст кӕныны фӕдыл. Уӕлдай ӕргом аздахын хъӕуы, инвесторты  куыстмӕ,— дарддӕр дзырдта Сергей Меняйло.

Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг ма куыд загъта, афтӕмӕй хӕстӕгдӕр бонты бӕрӕггонд ӕрцӕудзӕн курорт «Мамысон»-ы арӕзтады оперативон штабы разамонӕг.

Цӕгат Ирыстоны се ‘ппӕтӕй тынгдӕр цымыдисы ӕфтауы ацы проект ӕххӕст кӕныны фарста. Штабы разамонӕг та, арӕзтадон фӕзы ӕппӕт хъуыддӕгтӕм дӕр цӕст дардзӕн. Уымӕй уӕлдай ма нӕ республикӕйы дарддӕр ӕххӕстгонд цӕуы егъау программӕ, скъолаты бындурон цалцӕджы фӕдыл. РЦИ-Аланийы ахуырады ӕмӕ наукӕйы министр Алыбегты Эллӕ куыд радзырдта, афтӕмӕй хӕстӕгдӕр рӕстӕг куырдиӕттӕ ӕрвыст ӕрцӕудзӕн, 2024-2025 азты 61 скъолайы ӕмӕ 2026 азы 13 куыстуаты бындурон цалцӕджы куыстытӕ бакӕныны тыххӕй.

— Иунӕг скъола дӕр хъуамӕ рохуаты ма баззайа. ӕппӕт иумӕйаг ахуырадон куыстуӕттӕ дӕр сцалцӕг кӕнӕм, — загъта Сергей Меняйло.

Саутӕты Тамилӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here