Ӕрыгон амалхъомты хъӕппӕристӕ

0
270

Ацы бонты Дзӕуджыхъӕуы йӕ куыст кодта конференци «Фӕсивӕдон амалхъомад. Фадӕтты рӕстӕг». ӕмбырды архайджытӕ се ‘ргом аздӕхтой ӕрыгон амалхъомты цымыдисагдӕр проекттӕ царды рауадзынмӕ, фӕсивӕды хъӕппӕристӕн уӕлӕмхасӕн паддзахадон ӕххуыс кӕнынмӕ.

Конференцийыл бакуыстой РЦИ-Аланийы Экономикон рӕзты министрады, Цӕгат Ирыстоны Базарадон-промышленнон палатӕ ӕмӕ центр «Мӕ бизнес»-ы минӕвӕрттӕ.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй, куыд ӕппӕт Уӕрӕсейы, афтӕ регионты ӕмвӕзадыл дӕр ӕххӕстгонд цӕуынц фӕсивӕдон амалхъомадӕн ӕххуысы программӕтӕ ӕмӕ проекттӕ. Уыдоны фӕрцы ӕрыгон амалхъомты хъӕппӕристӕ гӕххӕттыл фыстӕй нӕ баззайынц, уӕрӕх фӕндаг сын ис цардмӕ. Уыдӕтты тыххӕй, стӕй фӕсивӕды амалхъомадон проекттӕ царды рауадзынӕн паддзахад цы уӕлӕмхасӕн ӕххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй уыд сӕ раныхас республикӕйы экономикон рӕзты министр Кучиты Зауыр ӕмӕ центр «Мӕ бизнес»-ы директор Гӕджиты Батрадзӕн.

Цӕгат Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады министры хӕдивӕг Къадзаты Игор та радзырдта, республикӕйы агропромышленнон комплексы дарддӕры райрӕзтыл ӕрыгон амалхъомты хъӕппӕристӕ куыд ахадынц, уый тыххӕй.

Фӕстаг рӕстӕг сӕрмагонд мадзӕлттӕ арӕзт цӕуы, цӕмӕй амалхъомадон компанитӕн, уыимӕ, ӕрыгон амалхъомтӕн дӕр,  фылдӕр фадӕттӕ уа ӕддагон-экономикон архайд уӕрӕхдӕр кӕнынӕн. Уыцы куыст куыд цӕуы, стӕй транспортон хызӕг «Цӕгат — Хуссар» куыд рӕздзӕн, уый тыххӕй уыд йӕ раныхас Цӕгат Ирыстоны таможняйы хицауы хӕдивӕг Гусаты Асланӕн.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппӕт раныхасгӕнджытӕ дӕр бӕстон дзуаппытӕ радтой конференцийы архайджыты бирӕ фарстытӕн.

Конференцийы фӕлгӕты ӕнтыстджындӕр ӕрыгон амалхъомтӕн радтой Кады грамотӕтӕ, Цӕгат Ирыстоны социалон-экономикон рӕзтмӕ аккаг ӕвӕрӕн кӕй хӕссынц, уый тыххӕй. Уыдоны номхыгъды — Гӕбӕраты Давид, Сугъараты Зӕирӕ, Хуыгаты Нино, Баскаты Игор, Пагӕты Руслан, Гусалты Алинӕ ӕмӕ иннӕтӕ.

Пленарон ӕмбырды фӕстӕ конференцийы архайджытӕ сӕ куыст адарддӕр кодтой алыхуызон темӕтыл арӕзт секциты.

Тедеты Янӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here