Экономикон нысантӕ

0
391

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Дзанайты Барис сарӕзта Гӕрӕнты уавӕрты экономикӕйы фидар рӕзт фӕбӕрзонддӕр кӕныны оперативон штабы ӕмбырд.

Республикӕйы финансон ведомствӕйы разамонӕг Исахъты Олег куыд радзырдта, афтӕмӕй ӕфтиӕгтӕ рауадысты 20,9 миллиард сомы, хӕрдзтӕ — 20,3 миллиард сомы. Бюджеты ӕфтиӕгтӕ 600 милуан соммӕ схызтысты, кадавардзинад дзы нӕй. Хъалонты ӕмӕ ӕнӕхъалонты ӕфтиӕгтӕ — 6,2 миллиард сомы, фӕстӕмӕ здахын кӕй нӕ хъӕуы, уыдон сты 14, 6 миллиард сомы. Уый фаронимӕ абаргӕйӕ, у 139 проценты фылдӕр.

Куыд бацамыдта министр, афтӕмӕй республикӕйы сӕйраг хӕрдзтӕ сты социалон-культурон къабазыл, уымӕн дихгонд ӕрцыд 13,7 миллиард сомы. «Цӕрджыты цур ӕппӕт хӕстӕ дӕр сӕххӕст кодтам, закъонӕвӕрынад цыдӕриддӕр домы, уыдон сӕм фӕхӕццӕ сты. Ома, социалон фиддонтӕ, пособитӕ, социалон хӕрзхъӕд лӕггӕдтӕ. Уыдӕттӕн арвыстам 3 миллиард ӕмӕ 369 милуан сомы», — загъта Исахъы-фырт.

Дзанайты Барис куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй хъуамӕ Финансты министрад Хъалонты федералон службӕйы регионалон управлениимӕ республикон бюджеты змӕлдмӕ сӕ цӕст дарой. «Цӕрджыты раз хъуамӕ ӕппӕт хӕстӕ ӕххӕстгонд цӕуой, районты разамонджытӕ сӕ цӕст дарӕнт бынӕттон бюджеттӕм. Республикӕйы ӕххӕстгӕнӕг хицауад хъуамӕ ӕппӕт фӕрӕзтӕй ӕмбӕлгӕ хуызы спайда кӕной, нысанмӕ арӕзт бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕххӕстгонд ӕрцӕуой. Национ проекттӕ ӕмӕ паддзахадон программӕтӕн нын лӕвӕрд ӕрцыд 14 миллиард сомы — бындурон цалцӕгӕн, рацарӕзтӕн, социалон объекттӕ саразынӕн. Фӕндагон структурӕ арӕзт хъуамӕ ӕрцӕуа, рацарӕзты куыстытӕ бакӕнӕм, коммуналон хызӕг дӕр домы стыр архайд», — бафӕдзӕхста Дзанайы-фырт.

Ӕмбырды ма байхъуыстой паддзахадон ӕлхӕнинӕгтӕн, куыстытӕн, лӕггӕдтӕн иунӕг ӕввонггӕнӕг сбӕрӕг кӕныны тыххӕй раныхасмӕ. Уыдӕттӕ йын фӕдзӕхсдзысты министрадтӕ, ведомствӕтӕ, муниципалитеттӕ.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here