Мӕлӕтӕй аирвӕзт

0
126

Хистӕр сержант Бузойты Сослан фервӕзын кодта, Бетъырбухы рудзынгӕй йӕхи аппарынвӕнд чи скодта, уыцы нӕлгоймаджы.

Бетъырбухы 63-ӕм зынгирвӕзынгӕнӕг хайады пультмӕ ӕрбадзырдтой, Выборгскы районы хӕдзӕрттӕй иуы балкъоны рудзынгыл нӕлгоймаг кӕй рацу-бацу кӕны. Бынатмӕ атындзыдта хайады кусӕг Бузойы-фырт, фыццаг уал ацархайдта нӕлгоймаджы рудзынгӕй рахизын кӕныныл. Куы нӕ йӕм байхъуыста, уӕд йе ‘мкусджытимӕ ӕрхызтысты бынмӕ ӕмӕ рудзынгмӕ сӕвӕрдтой асин. Йӕ къӕрцхъусдзинадӕй йӕ фӕиппӕрд кӕнынӕн рудзынгмӕ баппӕрстой тамакойы къопп, уымӕй спайда кодта Сослан ӕмӕ, балкъонмӕ бахизгӕйӕ, фӕхӕст ӕнӕнцой нӕлгоймагыл.

Фӕстӕдӕр пъӕлицӕйы, тагъд ӕххуысы кусджытӕ ӕмӕ иннӕ ирвӕзынгӕнджытӕ бахызтысты йӕ цӕрӕнуатмӕ. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй нӕлгоймаг уыд наркотикты уацары.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here