Сывӕллӕтты ӕмӕ ӕнахъомты психикон ӕнӕниздзинады къабазы алы ведомствӕты ‘хсӕн ӕмархайды ӕмӕ профессионалон ӕмгуыстады хъуыддаджы нӕ республикӕйы психиатрон рынчындон ссис фӕлтӕрдджын. Уыцы фӕлтӕрддзинад тынг ахсджиаг кӕй у, уӕлдайдӕр абоны рӕстӕг, уымӕ гӕсгӕ йыл дӕлдӕр ӕрныхас кӕндзыстӕм.
Психикон алыхуызон низтӕ кӕмӕ разыны, ахӕм сывӕллӕтты ӕмӕ ӕнахъомты нымӕц а фӕстаг рӕстӕг кӕны фылдӕр, хъыгагӕн. Уымӕн ис бирӕ аххосӕгтӕ — ныййарджытӕй рахӕсгӕ миниуджытӕ, ныры цардыуаг, ӕрдзы уавӕр ӕмӕ ӕндӕртӕ. Психикон ӕнӕниздзинадыл ӕвзӕрӕрдӕм зынынц, адӕймаг змӕлын кӕй нал уарзы ӕмӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр бадгӕйӕ кӕй ӕрвиты, ӕвзӕр ахуыртыл кӕй фӕцалх вӕййы, йӕ тыхст ӕмӕ йӕ сагъӕстӕ кӕй сбирӕ сты ӕмӕ уӕззау ӕнкъарӕнты ахасты ӕгӕр арӕх кӕй бахауы, хӕрыны ӕгъдау фӕткыл ӕвӕрд кӕй нӕу, ӕппӕт уыдӕттӕ. Уыдон сты, царды размӕцыдӕн адӕм цы стыр аргъ фидынц, уый.
Кӕстӕр кълӕсты ахуырдзаутӕ ӕмӕ рӕвдауӕндӕтты хъомылгӕнинӕгты ‘хсӕн арӕх разынынц, дзурын ӕгӕр ӕрӕгмӕ чи райдайы, йӕ нервытӕ хъыгдард кӕмӕн вӕййынц ӕмӕ, социалон-педагогон ӕгъдауӕй фаг рӕвдыд чи нӕ баййафы, ахӕм сывӕллӕттӕ. Уый у тынг сагъӕссаг. Хистӕр сывӕллӕтты ‘хсӕн та разыны психикон низтӕн сӕ уӕззаудӕртӕй — шизофрения ӕмӕ ӕндӕртӕй рынчынтӕ. Хъуыддаг сагъӕссагдӕр кӕй кӕны, уырдӕм йӕ бавӕрӕн хӕссы Интернет дӕр, ӕнахъомты суанг сӕхимӕ къух сисыны онг ӕркӕны. Ахӕм уавӕры баххуыс кӕнын сӕ бон у ӕрмӕстдӕр специалисттӕн, уымӕн сӕм ис ӕппӕт гӕнӕнтӕ дӕр. Царды зын уавӕрты чи бахауд, уыдонӕн оперативон ӕгъдауӕй психологон-педагогон ӕмӕ медикон-социалон ӕххуыс кӕны республикӕйы психиатрон службӕ, аразы диагностикӕ ӕмӕ консультацитӕ.
Сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕнахъомты рӕзты психологон аиппыты профилактикон мадзӕлттӕ тынг ахсджиаг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ республикон психиатрон рынчындоны сӕйраг дохтыр Мӕрзаты Игорь ӕмӕ РЦИ-Аланийы сывӕллӕтты сӕйраг психиатр, психиатрон рынчындоны сывӕллӕтты хайады сӕргълӕууӕг Хъодзаты Эрик иумӕ бакуыстой, «Стационар в автобусе», зӕгъгӕ, ахӕм проектыл. Йӕ мидис у ахӕм: бахъуаджы рӕстӕг специалисттӕ цӕуынц бынатмӕ ӕмӕ уым ӕххуыс кӕнынц рынчынӕн. Амынд ӕххуысӕн йӕ бындурыл ӕвӕрд ӕрцыд бритайнӕгты фӕлтӕрддзинад.
Сывӕллӕттӕн ӕххуысмӕ чи рацӕуы, уыцы къорды вӕййынц республикон психиатрон рынчындоны специалисттӕ: психиатр, медицинон психолог, хъомылгӕнӕг-ахуыргӕнӕг, логопед, скъолайы кусӕг психолог, ахуыргӕнӕг, социалон кусӕг, ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл инспектор. Уыдон рацӕуынц республикӕйы районтӕм, сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕнахъомты ‘хсӕн хи марыны цаутӕ не ‘руадзыны фарстаты фӕдыл дзы аразынц семинартӕ.
Проект ӕххӕстгонд цы ӕртӕ азы дӕргъы цӕуы, уыцы рӕстӕгмӕ амынд куыст аххӕссыд республикӕйы ӕппӕт районтыл дӕр. Районты рычындӕтты неврологтӕн, педиатртӕн, скъолаты кусӕг дохтыртӕ ӕмӕ психологтӕн, инспектортӕ ӕмӕ социалон кусджытӕн арӕзт цыдысты семинартӕ ахӕм темӕйыл: «Профилактика суицида в детско-подростковой среде». Республикӕйы дыууӕ районы скъолатӕ, стӕй Дзӕуджыхъӕуы дыууӕ скъолайы сӕхимӕ фӕхуыдтой психологон ӕххуысгӕнӕг специалисты. Уыцы ахуыргӕнӕндӕтты арӕзт ӕрцыд цӕугӕ семинартӕ ахӕм темӕйыл: «Факторы, влияющие на детско-подростковый суицид».
Ӕнӕниз цардыуаджы фӕдыл психиатрон рынчындоны специалисттӕ кӕсынц лекцитӕ, ныхас кӕнынц ныййарджытимӕ, амонынц сын сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕнахъомты хъомылады сусӕгдзинӕдтӕ. Профилактикон куысты фӕлгӕты нӕ республикӕйы 59 скъолайы сарӕзтой ныййарджыты ӕмбырдтӕ, уыдон аххӕссыдысты 20 мин ныййарӕгӕй фылдӕрыл. Арӕзт цыдысты цӕлхӕмбырдтӕ, ныхас дзы цыд кӕстӕрты ‘хсӕн хи марыны цаутӕ не ‘руадзыны профилактикӕйы мадзӕлттыл.
Проект «Стационар в автобусе» ахъаз кӕны сывӕллӕтты специалисттӕ ӕмӕ нӕ цӕрджыты ‘хсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ бастдзинӕдтӕ фидардӕр кӕнынӕн. Республикон психиатрон рынчындон та дарддӕр дӕр кусы, тӕссагдӕр кӕмӕн у, уыцы къордмӕ хауӕг кӕстӕртӕн ӕмӕ сӕ бинонтӕн социалон ӕххуыс кӕныны хъуыддаджы алы ведомствӕты ‘хсӕн профессионалон ӕмархайдыл.
Ӕрмӕг мыхуырмӕ бацӕттӕ кодта ДЕДЕГКАТЫ Зӕлинӕ