Федералон зылды ӕдасдзинад ӕмӕ ӕхсӕнадон фӕткы нывылад, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ ӕндӕр фарстатӕ

0
411

Уӕрӕсейы Федерацийы Президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цӕгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка цы уӕрӕх ӕмбырд сарӕзта, уым Цӕгат Ирыстонӕй архайдта Республикӕйы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.

Видеоконференцийы бастдзинады фӕрцы цы фембӕлд уыд, уый архайджытӕ се ‘ргом аздӕхтой федералон зылды регионты ӕхсӕнадон ӕдасдзинад ӕмӕ барадон фӕтк хъахъхъӕныны, бынӕттон хиуынаффӕйад ӕмӕ регионалон къӕпхӕны ӕвзӕрстытӕм цӕттӕ кӕнын ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстатӕм.

Ӕмбырды райдайӕны Юрий Чайка куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй украинаг сӕрмагонд службӕтӕ ӕмӕ националистты къордтӕ ныгуылӕйнаг бӕстӕты ардыдӕй ӕппӕт фадӕттӕй дӕр архайынц, цӕмӕй Уӕрӕсейы адӕмы сабыр цард фехӕла.

— Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Президент Владимир Путины сӕрмагонд Указӕй паддзахадон арӕнмӕ ‘ввахс уӕрӕсейаг регионты ӕвӕрд ӕрцыд алы ӕнӕнхъӕлӕджы цаутӕм цӕттӕдзинады бындурон фӕтк. Уый уагӕвӕрды бындурыл Цӕгат Кавказы федералон зылды регионты дӕр арӕзт цӕуынц уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ, цӕмӕй адӕм ӕмӕ фӕзуӕттӕ ахадгӕ хуызы хъахъхъӕд цӕуой алыхуызон ӕнӕнхъӕлӕджы цаутӕ ӕмӕ фыдбылызтӕй, — бафиппайдта Президенты минӕвар.

Цӕгат Кавказы федералон зылды субъектты разамонджытӕ ӕмӕ профилон федералон ведомствӕты бӕрнон кусджытӕй уӕлдай, ӕмбырды архайдтой ӕмӕ раныхас кодтой Национ гвардийы ӕфсӕдты федералон службӕйы цӕгаткавказаг зылды командӕгӕнӕг Сергей Захаров ӕмӕ федералон службӕ «Ростехнадзор»-ы кавказаг управленийы разамонӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Марат Джанибеков.

Боны фӕткы фарстаты фӕдыл хаст ӕрцыдысты бӕлвырд уынаффӕтӕ. Барадхъахъхъӕнӕг ӕмӕ тыхы ведомствӕты минӕвӕрттӕн лӕвӕрд ӕрцыд уӕлӕмхасӕн амынддзинӕдтӕ.

Амынд уӕрӕх ӕмбырды фӕстӕ Юрий Чайкайӕн фембӕлд уыд, Уӕрӕсейы Президенты номыл алыхуызон куырдиӕттӕ чи балӕвӕрдта, федералон зылды уыцы цӕрджыты къордимӕ.

Уыцы фембӕлдмӕ кӕй фӕхуыдтой, уыдонӕй иу уыд Цӕгат Ирыстоны цӕрӕг Данӕ Бачалова. Ӕрыгон сылгоймаг куыд рахабар кодта, афтӕмӕй йӕ рӕстӕджы баззад ӕвӕгӕсӕгӕй. Ӕмӕ ахӕм адӕймагӕн паддзахады хардзӕй цӕрӕнуат радтын кӕй ӕмбӕлы, уымӕ гӕсгӕ йӕ 2012 азы сӕвӕрдтой рады. Хъуыддаг кӕй фӕкъуыхцы, уыимӕ бастӕй Данӕ йӕ хъаст арвыста Президенты номыл.

Сӕвзӕргӕ уавӕрыл дзургӕйӕ, Сергей Меняйло куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕуы Цӕгат-Ныгуылӕйнаг муниципалон зылды цӕрджыты социалон хъахъхъӕнынады управлени ныридӕгӕн сӕрмагонд бадзырд бафыста Данӕйӕн фатер баххуырсыны тыххӕй. «Июлы кӕрон Данӕ ӕрцӕрдзӕн йӕ ног фатеры», — зӕрдӕ бавӕрдта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг.

Уӕлӕмхасӕн Сергей Меняйло куыд бафтыдта, афтӕмӕй республикӕ дарддӕр кусы сидзӕр сывӕллӕттӕн цӕрӕнуӕттӕ дӕттыны программӕйыл. Афтӕ, 2023 азы кӕронмӕ цӕрӕнуӕттӕ хъуамӕ райсой амынд къорды 70 адӕймаджы.

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here