Цӕмӕй донивылдтытӕй ӕдас уӕм

0
323

Цӕгат Ирыстоны сӕрмагонд пъланы бындурыл дарддӕр ӕххӕстгонд цӕуынц республикӕйы цӕрӕн бынӕттӕ донивылдтытӕй бахъахъхъӕныны куыстытӕ. Уыцы архайдмӕ иудадзыгон цӕстдард ис РЦИ-Аланийы ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министрады ‘рдыгӕй.

Афтӕ, ӕрдзхъахъхъӕнӕн программӕ ӕххӕст кӕныны фарстаты фӕдыл дирекцийы разамонӕг Чсиаты Руслан куыд зӕгъы, афтӕмӕй донивылдтытӕ ма ‘руадзынӕн хъӕугӕ сӕрмагонд арӕзтадон техникӕ ныридӕгӕн ӕрвыст ӕрцыд, тыхджын къӕвдатӕ ӕмӕ донивылдтытӕй уӕлдай тӕссагдӕр кӕм у, республикӕйы уыцы цӕрӕн бынӕттӕм. Уым дирекцийы радгӕс бригадтӕ фидардӕр ӕмӕ сыгъдӕгдӕр кӕнынц цӕугӕдӕтты былгӕрӕттӕ…

— Ныридӕгӕн уал ахӕм куыстытӕ бакодтам Дур-Дуры хъӕумӕ ‘ввахс цӕугӕдоныл. Уыцы хъӕуы 30 хӕдзары уыдысты донивылдтытӕй тӕссаг тӕлмы. Ныр специалистты архайды фӕрцы уыцы хӕдзӕрттӕн ахӕм ӕрдзон фыдбылызӕй тӕссаг нал у. Сывӕллӕтты сӕрдыгон лагер «Хӕххон уӕлдӕф» (ӕрбынӕттон Дзӕуджыхъӕуы Сапицкӕйы будкӕйы фӕзуатыл). Уым дӕр уалдзыгон тыхджын къӕвдаты фӕстӕ суадоны былгӕрӕттыл бамбырд сты, дон цы бӕлӕсты къалиутӕ ӕмӕ ӕндӕр бырӕттӕ фӕласта, уыдон. Ныр суадоны былгӕрӕттӕ сыгъдӕггонд ӕрцыдысты, — радзырдта Руслан.

Дирекцийы разамонӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, цӕугӕдӕтты былгӕрӕттӕ сыгъдӕггӕнӕг техникӕйы иу хай ныр арвыстой Николаевскы станицӕмӕ. Техникӕйы иннӕ хай ӕмӕ специалистты къордтӕ та дарддӕр кусынц Хуссайраг поселочы. Уым ӕндӕр ведомствӕты минӕвӕрттимӕ дарддӕр архайынц 18 июны тыхджын къӕвдаты фӕстиудждытӕ аиуварс кӕныны куыстыты. Уымӕй уӕлдай, специалиттӕ архайынц Беслӕнмӕ ‘ввахс Терчы былгӕрӕттӕ фидардӕргӕнӕн мадзӕлтты дӕр. Амынд цӕрӕн бынатмӕ ‘ввахс цалцӕггӕнджытӕ ныридӕгӕн рацарӕзтой цӕугӕдоны былгӕрӕтты 600 метры бӕрц. Уыцы объектыл куыстытӕ ахицӕн уыдзысты 2024 азы.

Сӕрмагонд фӕткы бындурыл донивылдтытӕй хъахъхъӕныны куыстытӕ ӕххӕстгонд цӕудзысты ӕндӕр бынӕтты дӕр.

Дзыныхты Аленӕ,

РЦИ-Аланийы ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министрады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here