Уый ма иу хатт равдыстой Уӕрӕсейы ацы азы 24 июны цаутӕ, нӕ паддзахад граждайнаг хӕсты райдайӕнмӕ хӕрзхӕстӕг лӕуд куы уыд, уӕд.
Ӕхсӕнад тыхджын куы уа, бӕрнон цӕстӕй куы кӕса паддзахады цардмӕ, уӕд, фурды уаддымгӕйы рӕстӕг фидар нау куыд нӕ фӕдӕлдон вӕййы, афтӕ рауадысты дунейы егъаудӕр паддзахады цаутӕ дӕр. Ис ахӕм ӕмбарынӕдтӕ, куыд политикон культурӕ ӕмӕ политикӕйы культурӕ. Нырыккон царды сӕ дыууӕйӕ дӕр бирӕ аразгӕ у, уӕрӕсейаг ӕхсӕнад та ныры хуызӕн ӕнгом никуы уыд, Цӕгат Кавказы нациты ‘хсӕн ахастдзинӕдтӕ ӕнгомдӕр кӕнынц. Рагон грекъаг философ Платоны хъуыдымӕ гӕсгӕ, «политикӕ у иумӕ цӕрыны аивад». Украинӕйы сӕрмагонд хӕстон операцийы ныгуылӕн либералон цивилизацийы ныхмӕ тохы Уӕрӕсе иунӕгӕй куы ‘рлӕууыд, уыцы рӕстӕг уӕлдай ахсджиаг у ӕхсӕнады иудзинад.
Афӕдз нӕма рацыд, Монон-фӕткон хӕзнаты центртӕ арӕзт куы ‘рцыдысты, ууыл. Уӕрӕсейы ӕнтыстджынӕй кусы дӕс ахӕм центры. Сӕ фылдӕр — Цӕгат Кавказы федералон зылды, уыимӕ, нӕ республикӕйы дӕр. Уымӕй уӕлдай, Координацион центртӕ кусынц Уӕрӕсейы ӕппӕт регионты, сӕ хӕс у, граждайнаг ахст бынатыл хӕст фӕсивӕды хъомыл кӕнын, нацитӕ ӕмӕ конфесситы ‘хсӕн ныхмӕлӕуддзинад нӕ уадзын, терроризмы идеологийы ныхмӕ архайын ӕмӕ экстремизмы цаутӕ не ‘руадзын. Цӕгат Кавказы регионты ацы ӕмӕ царды иннӕ фарстатӕ куыд ахсджиаг сты, уымӕн ӕвдисӕн, Уӕрӕсейы Президент Владимир Путины кусӕг балц Дагестаны республикӕмӕ пысылмӕтты сӕйрагдӕр бӕрӕгбӕттӕй иу — Хъуырман-Байрамы рӕстӕг. Паддзахады разамонӕг хуымӕтӕджы нӕ бабӕрӕг кодта, фондз мин азы размӕ бындур цы горӕт Дербентӕн ӕвӕрд ӕрцыд, уый, стӕй, архитектурон-археологон комплекс «Цитадель Нарын-Кала», федералон ахадындзинад кӕмӕн ис, ӕмӕ ЮНЕСКО дунеон бынтӕм кӕй бахаста, уыцы дербентаг Джума-мӕзджыт.
«Рагӕй дӕр Дагестаны адӕмтӕ цӕрынц сӕ фыдӕлтыккон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ фӕткмӕ гӕсгӕ, бирӕтыл дзы абон дӕр хӕст сты,» — зӕгъы Дагестаны Координацион центры директор Магомед Магомедов. «Уыдон баст сты бинонты мидӕг, уазджытимӕ, сыхӕгтимӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, алфамбылай дунеимӕ ахастдзинӕдты фарстатимӕ. Фыдӕлтыккон фӕткӕвӕрд ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ӕххӕстгонд кӕй цӕуынц, уый фадат дӕтты уыцы ахастдзинӕдтӕ рӕстырдӕм аразынӕн. Республикӕйы нациты (Дагестаны цӕры 100 адӕмыхаттӕй фылдӕр) ӕмӕ конфесситы ‘хсӕн быцӕутӕ нӕ вӕййы. Цардыуаджы цы хъуыддӕгтӕ бахъӕуы равзарын, уыдонмӕ кӕсы маслиат (иронау — фидауджытӕ), пайда дзы кӕнынц ныры онг. Дин фӕсивӕды хъомылады егъау бынат ахсы, пысылмон дины фӕрцы царды алыхуызон къабӕзты бирӕ фарстатӕн ӕрцӕуы аккаг кӕрон. ӕхсӕнад ӕцӕг диныл зӕрдӕйӕ цас тыгдӕр хӕст уа, уыйас иннӕ адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ ӕндӕр диныл хӕст адӕммӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсынц. ӕцӕг дин адӕймагӕй уӕлдӕр у, фӕзӕгъынц, ӕцӕг дин сиды адӕймаг уарзынмӕ, куыд нӕ рафӕлдисӕджы скондмӕ, йӕ ӕддаг бакаст ын не ‘взаргӕйӕ. Цас хӕрзӕгъдаудӕр ӕмӕ диныл хӕстдӕр уа, уыйас ын ӕхсӕнады дӕр ӕнцондӕр у уӕвын,» — йӕ ныхас дарддӕр хӕццӕ кӕны Магомед.
Паддзахадон программӕты архайд Дагестаны баст у ӕхсӕнады ӕмхъӕлӕсдзинадимӕ, регионы нацитӕ ӕмӕ конфесситы ‘хсӕн ахастдзинӕдтӕ фидардӕр кӕнынимӕ. «Республикӕ Дагестаны политикӕ»-йы, «Дины организацитимӕ ӕмгуыстад»-ы программӕты архайд баст у, ӕппӕт конфесситӕн культурон мадзӕлттӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ ‘рвитынӕй рухстауӕн-хъомыладон семинартӕ ӕмӕ форумтӕ аразынимӕ. Уыцы хъуыддагмӕ активон архайды фӕрцы стыр ӕвӕрӕн хӕссынц республикӕйы ӕнӕкоммерцион секторы уӕнгтӕ — граждайнаг ӕхсӕнады институттӕ ӕмӕ дины организацитӕ. Сӕ куысты хатдзӕгтӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ сты.
Республикӕйы царды уыд терроризмы ныхмӕ тохы рӕстӕджытӕ, хотыхджын фӕсивӕд хъӕдтӕм куы кодтой, се ‘мбӕстӕгтыл марынӕй куы нӕ ауӕрстой, уыцы азтӕ. Уымӕн кӕрон ӕрцыд, фӕсивӕды хи культурӕ ӕмӕ ӕцӕг диныл ӕфтауыны куыст куы рапарахат, уӕд.
«Махмӕ ныр дӕсӕм хатт ацыд, нацитӕ ӕмӕ конфесситы ‘хсӕн Уӕрӕсейы ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм форум, архайдтой дзы дунейы динамонджытӕ Зӕххы къорийы алы рӕттӕй, алыхуызон конфесситы минӕвӕрттӕ. Ныхас кӕнынц фӕсивӕдимӕ, стӕй фӕсивӕдон политикӕйы активон архайджытимӕ. Мах хъӕуы ӕмзонд адӕймӕгтӕ,» — зӕгъы Магомед Магомедов. Координацион центры директоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы ӕппӕт кусӕндӕттӕ дӕр арӕзт ӕрцыдысты уагдӕтты ‘хсӕн фӕсивӕдимӕ кусӕг къордтӕ. Арӕх ӕрбахонынц экспертты ӕмӕ дины кусджыты, архайд цӕуы фӕсивӕды монон ӕмӕ фӕткон хъомыладыл. ӕнӕ уыдӕттӕй нӕй кусӕн. Архайд цӕуы терроризмӕн ныхкъуырд дӕттынимӕ, Интернеты тыгъдады цъыфкалӕн, ӕнӕраст ӕрмӕджытӕ парахат кӕнынимӕ. Ныридӕгӕн хъусынгӕнинӕгты 90 проценты ӕрыгӕттӕ исынц Интернетӕй. Сӕ хъуыдыкӕнынадыл, зондахастыл уый фылдӕр хатт хорзырдӕм нӕ фӕзыны. Хъыгагӕн, фӕсивӕд ӕцӕг дуне уыны, Интернеты йӕ цы хуызы ӕвдисынц, ахӕмӕй. Уымӕн у ахсджиаг центры архайд.
Координацион центр ӕнтыстджынӕй кусы нӕ республикӕйы Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты бындурыл. Магомед Магомедовы ӕрбахуыдтой мадзӕлттӕй иуы архайынмӕ. «Раздӕр дӕр уыдтӕн Ирыстоны, ӕфцӕгыл мӕ-иу хъуыд ахизын. Ныр конференцийы архайынмӕ ссыдтӕн Махачкалайӕ, ирыстойнаг фӕлтӕрддзинадӕй спайда кӕндзынӕн мӕ куысты, мадзалы архайджыты та базонгӕ кӕндзынӕн дагестайнаг центры фӕлтӕрддзинадимӕ. Цымыдисаг у уӕ республикӕйы фӕлтӕрддзинад ацы фарстаты. ӕмгуыстады хъуыддаджы кӕрӕдзи хорз ӕмбарӕм. Нӕхимӕ ласын, экстремизм не ‘руадзын ӕмӕ терроризмы ныхмӕ тохы фӕдыл мыхуыры цы ног чингуытӕ фӕзынд, уыдон,» — зӕгъы Магомед. ӕмӕ ма йӕм бафтыдта: «Ирыстоны уӕвгӕйӕ, ахӕм эстетикон ӕхцондзинад рагӕй нал банкъардтон. Уыдтӕн Дзӕуджыхъӕуы парчы, ахӕм амондджын, фӕрнӕйдзаг бынат у, ӕмӕ ме ‘мкусджытӕн зӕгътон: куы фӕзӕронд уон, уӕд цӕрынмӕ ссӕудзынӕн ацы горӕтмӕ. Цас ӕнцойад дзы райсы адӕймаджы уд!».
ХУЫБИАТЫ Ларисӕ,
авторы ист къам














