Уæрæсейы Президент Владимир Путин арфæ ракодта уæгъдибар хъæбысхæсты олимпиаг чемпион Сидахъаты Зауырбегæн, дунеон чемпионаты Сербийы сæйраг горæт Белграды йæ удуæлдай куыст æмæ цыргъ техникæйы руаджы æртыккаг хатт дунеон чемпион кæй ссис, уый тыххæй. Ахæм телеграммæ мыхуыргонд æрцыд Кремлы сайты.
«Цытджын Зауырбег Хъазыбеджы фырт! Арфæ дын кæнын дæ уæлахизы тыххæй. Бирæ кæуыл архайыс, уыцы техникæ, удуæлдай куыст æмæ дын раздзæуæджы миниуджытæ феххуыс кодтой кæронбæттæн тохы фæуæлахиз уæвынæн тыхджын ныхмæлæууæгыл æмæ схизын кады уæлдæр къæпхæнмæ, дунейы æртæ хатты чемпион суæвынмæ,» — загъд ис телеграммæйы.
Президенты зæрдæ зæгъы Зауырбегæн ног æнтыстдзинæдтæ, æнæниздзинад æмæ бирæ хорздзинæдтæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Сидахъаты Зауырбег къуырисæры 74 килограммы уæзы кæронбæттæн тохы кæй фæуæлахиз америкаг спортсмен Кайл Дейкыл æмæ кæй ссис дунеон æртæ хатты чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй.
(«РИА Новости»)