Æргом ныхас —ахсджиаг фарстатыл

0
225

Абон æхсæнады размæ цы фарстатæ лæууы, уыдоныл кусын «Иры Стыр Ныхас»-æн уæлдай ахсджиаг у.
«Иры Стыр Ныхас»-ы Координацион советы сæрдарæй æвзæрст æрцыд, республикæйы цæрджытæ хорз кæй зонынц, йæ æхсæнадон æмæ закъонаразæг архайд ахадгæ кæмæн сты, уыцы Уататы Зелим. Кæд æмæ рæстæг уыйас бирæ нæма рацыд, уæддæр йæ бавнæлд бæрæг у. Æмбæлы хистæртимæ, кæстæртимæ æмбаргæ ныхас кæны. Фæнды йæ Ирыстоны нырыккон цардмæ ивддзинæдтæ бахæссын.


Ирон адæмы XI съезд нысанмæ гæсгæ хъуамæ ацыдаид 2022 азы, фæлæ йын Координацион совет йе ‘мгъуыд куы фæфæстæдæр кодта, уæд иунæг Уататы Зелим не сразы уыцы уынаффæимæ. Æрцыд æхсæнады ахсджиаг фарстатыл æрныхас кæныны рæстæг, æмæ дзы спайда кæнын хъæуы, —ахæм уыд йæ хъуыды.
— Съездæн йæ сæйрагдæр хъуыды хъуамæ уа ирон адæмы иудзинад, кæрæдзийыл бабæттын фæлтæрты. Алчидæр ыл хъуамæ куса — æппæты разæй бинонтæ, стæй уæд мыггæгтæ æмæ æнæхъæн Ирыстон. Æмæ йыл алы съезды дæр фæдзурæм, фæлæ дзы кæронмæ æппындæр ницы ахæццæ кæнæм. Бастдзинад фæзæгъæм, фæлæ ууыл фæвæййынц нæ рæсугъд хъуыдытæ æмæ фæндтæ.
Æз уымæй никæй зылын кæнын, нæхæдæг стæм иууылдæр аххосджын. Иуварс аззадысты, растдæр дзургæйæ та, нæ айрох сты, раздæр кæрæдзимæ цы уарзон цæстæнгас дардтам, нæ кæрæдзийæн куыд аргъ кодтам, кæрæдзийы рыст куыд æмбæрстам, нæ цæхх æмæ кæрдзын куыд дих кодтам, царды уыцы фæзындтытæ. Æмæ нæ съезды хъуамæ уыцы фарстатæ дæр æрæвæрæм. Алы адæймагмæ дæр не ‘ргом раздахæм, не ‘ргом та уæд раздахдзыстæм, адæмимæ куы уæм, — зæгъы Уатайы-фырт.
Уататы Зелимы царды æхсæнадон куыст стыр бынат ахсы. Республикæйы Парламенты депутат, национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джиоты Георги йæ хъуыдытæ зæгъы “Иры Стыр Ныхас”-ы Координацион советы сæрдары тыххæй: «Зелимимæ базонгæ дæн 4 азы размæ. Фыццаг хатт æй федтон фæсивæдон мадзалы æмæ йæ мæ зæрдыл бадардтон йæ раныхасæй. Ахæм арф, раст æмæ нæ адæмæн пайдайаг хъуыдытæ куы дзырдта, уæд ахъуыды кодтон: «Æцæг ирон лæг!» Ахæм хистæр æмæ зондамонæг, кæцыимæ цыфæнды хъуыддаджы дæр йæ фарсмæ балæууин. Æмæ уый канд мæ хъуыды нæу! Зелим нæ уарзы ахæм ныхæстæ, æппæлыны хуызы уайы, зæгъгæ, æмæ мын ныххатыр кæнæд, фæлæ йæ æз уынын æмæ хъусын, йæ зæрдæ Ирыстоныл куыд риссы, уый. Уынын, фæсивæдмæ цавæр цæст дары, æмæ мæм афтæ кæсы, ахæм фæтæг сæ кæй хъæуы царды мидæг æмæ куысты дæр. Ноджы ма йын иу хатт арфæ кæнын, «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдарæй æвзæрст кæй æрцыд, уыимæ. Стыр бузныг ын зæгъын, не ‘фсæддон лæппуты фарсмæ кæй ис фыццаг бонæй, уый тыххæй. Бирæ ма йын бантысæд Ирыстоны кадæн!”
Сæрмагонд æфсæддон операцийы нæ фæсивæд куыд архайынц, уый тыххæй съезды хицæнæй зæгъын æмбæлы, æви нæ, —уымæй бафарстон Уататы Зелимы. Йæ ныхасмæ гæсгæ, 2022 азы Уæрæсейы Президент Владимир Путин сæрмагонд æфсæддон операци расидт. Абон цы цæуы, уый алчидæр уыны æмæ уый дзуры рæстдзинадыл. Раст уаид, съезд уыцы ныхасæй куы райдаид. Кæд æмæ нæ паддзахады Президент Владимир Путин фæсидт Уæрæсемæ, уæд хъуамæ мах йæ фарсмæ æрбалæууæм, равдисæм нæ иудзинад, мæнмæ афтæ кæсы.
“Нæ кæстæртæй уым чи ис, уыдонæй æз бирæты зонын, мæ цæсты се ‘ппæт дæр сты хъайтартæ, стыр лæгдзинад æвдисынц, æмæ æхсæнады сæ кой куыннæ хъуамæ кæнæм? Кæд алы бынæттæй сты, уырыссæгтæ, ирæттæ, цæцæйнæгтæ æмæ ма бирæ нациты минæвæрттæ, уæддæр иу адæмыхатты хуызæн цæрынц æмæ тох кæнынц знагимæ. Уыдон уым уый тыххæй сты, цæмæй Ирыстоны кæстæртæ дзæбæх цæрой. Хъуамæ алы адæймаг дæр ууыл хъуыды кæна, знаг ардæм куы ‘рбацыдаид, уæд уый куыд у? Уæдæ æз тынг разы дæн æмæ бузныг, нæ республикæйы цæрджытæй, хъæутæй, æмхуызонæй не ‘фсæддонты, нæ хæстон лæппуты фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уымæй.
Æппæтадæмон змæлды архайд рацаразын, ног æмвæзадмæ йæ сисын, ууыл куыст ныридæгæн райдыдта. Ирон æгъдау, не ‘взаг æмæ культурæ —ацы æртæ фарстайы сæйрагдæр сты нæ куысты. Ирон æвзаджы фарстайыл нæ бакусын хъæуы тынг зæрдиагæй. Адæймаг ыл куы дзура æмæ куы хъуыды кæна, уæд рæдигæ дæр нæ кæндзæн. Бирæ мадæлтæ фыссынц куырдиæттæ, цæмæй йæ сывæллоны ирон æвзаг ахуыр кæнынæй суæгъд кæной. Уый у тынг худинаг. Фæлæ кæд ирон æгъдæуттыл сæ къух исынц, мадæлон æвзагыл, уæд сæ хонгæ дæр ма кæнæм, семæ дзургæ дæр ма кæнæм, салам дар сын ма дæттæм, афтæ сæ фæнды? Айразмæ мæм Туркæй дзырдта Хъуысаты Садреддин æмæ мын тынг æхсызгон уыд, сыгъдæг ирон æвзаг хъусын.
Змæлды архайд рацаразын, цы дунеон статус æм ис, ууыл лæмбынæгæй бакусын кæй хъæуы, уый абоны уавæрты у ахсджиаг. Айрох нæ ис, махæн нæ уставмæ гæсгæ кæй ис бирæ бартæ æмæ фадæттæ, цæмæй Ирыстоны цæрæг æмæ йæ фыдыбæстæйæ иппæрд чи у, уыцы ирон адæмы иудзинадыл кусæм. Цæмæй хъахъхъæнæм, дунейы нымад чи у, уыцы национ удварны хæзнатæ. Мах абон нæ куыст парахат кæнæм æрмæст нæ республикæйы æмæ уый бынтон раст нæу. Фæтыхджындæр уыдзæн диаспорæтимæ æмæ ирон æхсæнадтимæ куыст. Уæдæ, фæахадгæдæр кæндзыстæм районты Ныхасты архайд, араздзыстæм фембæлдтытæ сæ сæрдартимæ, цæржытимæ», — зæгъы Уататы Зелим.
Иуцасдæр рæстæг Æппæтадæмон змæлды куыст къуылымпыдзинæдтæ ‘ййæфта, кæстæртæ æмæ хистæртæ кæй фæхицæн сты, уымæн ис йæхи аххосæгтæ. «ИСН»-ы цур фæсивæдон комитет саразын рæстæджы домæн у, чи йæм бацæудзæн, уыдоны номхыгъд ныридæгæн зындгонд у.
Нæ хъæздыгдзинад нæ кæстæртæ сты. Мах сæ ныууагътам æмæ æхцайы фæдыл агайæм, æвæццæгæн, бирæты зæрдæмæ нæ цæуы мæ ныхас, фæлæ уый у афтæ! Æмæ радзурæм, нæ кæстæртæ нæ бæззынц, кæд æмæ кæстæрты кой кæныс, уæд дæхи кой кæныс, дæхи æвзæрдзинадыл. Кæстæры дæ бон бафхæрын у уæд, исты йын куы баххуыс кæнай, раст фæндагыл æй куы сæвæрай, куы йын бацамонай царды ахæцæнтæ. Æмæ уый фæстæ куы рæдийа, уæд ын дæ бон зæгъын у йæ ном дæр, йæ мыггаг дæр. Æрбакæнын хъæуы кæстæрты, хъуамæ æмбарой, мах цы кусæм, нæ фæлтæрддзинадыл ахуыр кæной. Махæн нæ хæс у, нæ кæстæрты раст фæндагыл æвæрын, цæмæй сæм уа ирон æгъдау æмæ йæхи номыл ма хъуыды кæна, фæлæ йæ адæмы намысыл. Фенын, хистæртæ æмæ кæстæрты æвидауц ныхас, фæлæ æз ахæм кæстæртæн дзурдзынæн сæ нæмттæ, сæ мыггæгтæ æмæ-иу мадæлтæ-фыдæлтæ ма ныддис кæнæнт, цæмæ кæны нæ кой, мæ сывæллоны кой. Хорзæй дæр æппæлдзынæн, æвзæрæн дæр хионы ныхас зæгъдзынæн, раст нæ дæ, зæгъгæ. Кæстæр хæдзарæй куы цæуа, уæд ын ныййарджытæ хъуамæ уыной йæ ацыд дæр æмæ йе ‘рбацыд дæр. Ис нæм мыггаджы совет, йæ сæрдар Æгкацаты Юри, æмæ иумæ кæндзыстæм уыцы куыст. Сидын мыггæгты советтæм, цæмæй сæ фæсивæдимæ арæхдæр æмбæлой æмæ хъомыладон куыст кæной. Фæнды ма мæ, цæмæй, алы мыггаджы дæр цы хорз кæстæртæ ис, суинаг специалисттæ, дæсны профессионалтæ, уыдоны «Иры Стыр Ныхас»-ы номæй хорзæхджын кæнæм кадджын хæрзиуæгæй. Уырны мæ, уæд сæ царды къахдзæфтæ дæр æндæрхуызон уыдзысты, хуыздæр», — зæгъы Зелим.
Æргом дзырд, йæ ныхасæн хицау, ахæм у «ИСН»-ы Координацион советы сæрдар Уататы Зелим. Уыцы домæнтæм гæсгæ йæ куыст кæй араздзæн, уый тыххæй загъта Координацион советы уæнгтæн æмæ йе ‘мкусджытæн дæр. Уатайы-фыртмæ æдзухдæр дзурынц республикæйы цæрджытæ сæ хъуыдытимæ æмæ фиппаинæгтимæ. Арæх æм æрвитынц интернеты хызæгæй ист æрмæджытæ нæ артисттимæ. Хъыгагæн, се ‘ппæт не ‘мбарынц, сæрибардзинад æмæ æнæпълан митæ иу кæй не сты. Уыцы фарстмæ Зелим тынг карз цæстæй кæсы, уæлдайдæр, артистмæ республикæйы кадджын ном куы уа, уæд æй куыд хъуамæ худинаг кæна, зæгъгæ. Аивады ахæм минæвæрттимæ дæр уыдзæн фембæлдтытæ æмæ ныхас, цæмæй сæ аивадуарзджытæн уой фæзминаг, аккаг сæ зарджытæй, сæ бакастæй. Уæдæ аивады фарстатыл та сæрмагондæй кусдзæн «ИСН»-ы цур культурæйы комитет.
Арæх æм æрбадзурынц кувæндæтты тыххæй фарстимæ. Хъыгагæн, раздæр уæвæн цæмæн нæ уыд, ахæм æнæуаг митæ сарæх сты: уæд мысайнæгтæ фесæфынц, уæд басудзынц. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, кувæндæттæ бахъахъхъæнын хъæуы. “Мысайнæгтæ дæр гæххæтт æхцайæ нæ хъæуы æвæрын, уымæн æмæ уæд æхцамæ лæбурынц. Уыдон сæ мысайнæгтæ нæ хонынц. Уæдæ ма нæм фæзынд хицæн мыггæгты кувæндæттæ дæр, зæгъæм, Хъаныхъуатæм, Елхоты бацæуæны. Кувæндон кæйдæр никуыма уыд. Æз уый фæдыл кæмæ нæ дзырдтон, ахæм нæй, чи йæ сарæзта, уыимæ дæр, æмæ мын загъта, мæ хæдзар, мæ бинонты дзы дарын. Мæхи хъуыды дæр, стæй алы ирон лæг дæр хъуыды кæны афтæ, æмæ уый стыр рæдыд у — кувæндон балхæн æмæ уырдыгæй мысайнæгтæ хæсс. Мысайнæгтæ æвæрд сты бирæ хъуыдытимæ æмæ уыцы хъуыдытимæ хъуамæ кувгæ дæр кæной. Иннæ хабар та, куывддон бынæттæм цы уæлæдарæсы цæуынц, уый у. Фыдæй фырты ‘хсæн быдыр ис”, — ацы ныхæстæ Зелим йæ зæрдыл йæ сабибонтæй дары.
“Ирон адæммæ «уарзын дæ» ныхас нæй, фæлæ фыдæй фырты ‘хсæн быдыр ууыл дзырдта, дæхи куыд æмбæлы, афтæ дар, фыдуаг ма кæн, хистæр-кæстæр æмбар. Æз æй афтæ уыдтон мæ фыдæй. Абон мæ ныййарджытæй уымæй дæн бузныг æмæ нæ кусын сахуыр кодтой, раст фæндагыл нæ æвæрдтой. Мæгуыр цардыстæм, æхсæз æфсымæры уыдыстæм, баззадыстæм фондзæй æмæ уыдон махæн царды мидæг цы æгъдау ныууагътой, уый стыр диссаг у. Нæ фыд-иу ныл нæ сæртæ æлвынгæйæ йæ арм куы æрæвæрдта, уæддæр-иу лæг дис кодта, куыд мæм бавнæлдта, зæгъгæ. Мæ зæрдыл хорз лæууы, æфсадæй куы ссыдтæн, уæд ме ‘мбæлттæ, Кокайты Таймураз æмæ дзæнæты бадинаг Хуыдæлты Эльбрусимæ хæдзармæ бахизгæйæ хъуыды кодтон, куыд фембæлдзыстæм мæ фыдимæ. Уый та лæууыд сарайы бын æмæ мæ куы федта, уæд йæ сæр батылдта æмæ цæхæрадонмæ ахызт. Æнæдзургæйæ дзы тынг тарстыстæм. Уый уыд ирон æгъдау, æнæуæлдай ныхасæй йын адæймаг йе ‘гъдау йæхимæ иста. Уый махæн уыд тæккæ ахсджиагдæр рахæцæн, кæд нæ фыд гыццыл фæцард, уæддæр.
Йæ кæстæры чи нæ уарзы, кæй нæ фæнды, цæмæй сын лæгъз митæ кæной, фæлæ сæ уыдон халгæ кæнынц, уæлдайдæр, лæппуйы. Арæх фехъусын мæ кæстæр Тамерланæй (авт. Стъараполы ирон культурон-рухстауæг æхсæнад «Аланийы» сæрдар), хорз кусы, зæгъгæ, фæлæ йын никуы ницы фæзæгъын. Не ‘хсæн хъæбыстæ æмæ къухистытæ никуы вæййы, æмæ уый ууыл нæ дзуры æмæ сæ мæхионыл нæ нымайын. Уый дæр ирон æгъдау у”, — зæгъы Уатайы-фырт.

Ныхас ныффыста
Мамиаты Лолитæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here