Уæрæсейы æвзонг граждæнтæ

0
522

Ахуыр æмæ спорты стыр æнтыстдзинæдты, æхсæнадон активон архайды тыххæй 17 æрыгон лæппу æмæ чызджы хуынд æрцыдысты РЦИ-Аланийы Парламентмæ. Ам кадджын уавæры закъонæвæрæг оргæны разамонæг Тускъаты Таймураз «Фыццæгты змæлд»-ы раззагдæртæн радта УФ-йы граждæнты паспорттæ.

Фембæлд арæзт æрцыд федералон програмæ “Мах стæм Уæрæсейы граждæнтæ” æмæ баст уыд бæстæйы Конституцийы 30 азы бонимæ.
«Арфæ уын кæнын, уæ царды алы адæймагæн дæр æппæты вазыгджындæр гæххæтт — УФ-йы гражданины паспорт кæй райстат, уый тыххæй. Уæрæсе у, миназон истори, стыр æнтыстдзинæдтæ æмæ егъау сгуыхтдзинæдтæ кæмæн ис, ахæм бæстæ. Сымах уе ‘ппæт дæр уыцы истори, диссаджы традицитæ, æвидигæ культурæ — нæ паддзахад иннæтæй цæмæй хицæн кæны, уыдон хъуамæ адарддæр кæнат. Нæ бæстæ уын уæ амондджын фидæнæн диссаджы гæнæнтæ аразы, цæмæй уæ фидæн бæллиццаг уа, сымах та йын аккаг граждæнтæ ут», — бафæдзæхста фæсивæдæн Тускъаты Таймураз.
Ахуырады уагæвæрд рæзгæ фæлтæрæн, Парламенты Сæрдар куыд нымайы, афтæмæй у сæйраг рахæцæн æхсæнадæн æмбæлгæ уагыл хъомылад радтынæн. Тускъайы-фырт бахахх кодта, цæгатирыстойнаг педагогон скъола алкæддæр кæй хицæн кодта ахуырадон процессмæ бæрнон ахастæй, бæрзонд зонындзинæдтæ æмæ сабитæм уарзондзинадæй.
Парламенты Сæрдар фæбæрæг кодта, национ проектты руаджы скъолатæ кæй аразынц æмæ бындурон цалцæг кæй кæнынц, ифтонггонд кæй цæуынц материалон æмæ техникон æгъдауæй, рæстæджы домæнтæ хынцгæйæ.
Уæрæсейы Конституцийы юбилейы тыххæй дзургæйæ, Тускъаты Таймураз бахахх кодта, паддзахады сæйраг закъон кæй дæтты уæрæх гæнæнтæ граждайнаг æхсæнадæн, фыст дзы сты адæмы цардыуагæн æмбæлгæ уавæртæ саразыны æппæт мадзæлттæ.
Алагиры фæндзæм скъолайы ахуырдзау Бокоты Мæдинæ загъта йæ хъуыдытæ цытджын Уæрæсейы гражданин уæвыны тыххæй: «Æз æй афтæ æмбарын, æмæ хъуамæ æгæрон уарзтæй уарзай дæ Райгуырæн бæстæ, дæ бинонты, де скъола. Зæрдиагæй архайын, не скъола æмæ нæ республикæ цы хорз хъуыддæгтæ аразынц, уым. Ацы кадджын бон зæрдæ æвæрын, Уæрæсейы гражданины ном бæрзонд кæй хæсдзынæн, хорз кæй ахуыр кæндзынæн».

РЦИ-Аланийы Парламенты пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here