РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы кусæг фембæлды Цæгат Кавказы таможняйы управленийы хицау Альберт Мавликов нæ республикæйы разамонæджы базонгæ кодта Цæгат Ирыстоны таможняйы ног хицауимæ — Федералон таможняйы службæйы бардзырдмæ гæсгæ 2023 азы 1 декабрæй фæстæмæ уыцы бынаты фидаргонд æрцыд таможняйы службæйы булкъон Дзугаты Николай.
Альберт Мавликов куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, раздæр Дзугаты Николай разамынд лæвæрдта Дæллаг Зæрæмæг æмæ Уæллаг Ларсы таможняйы уадзæн постытæн. Уæрæсейы экономикон интерестæ хъахъхъæнынады йæ бæрзонд бæрæггæнæнты тыххæй хорзæхджын у риуылдаргæ нысантæ «Таможняйы службæйы отличник», «Таможняйы службæйы ветеран» æмæ къорд майданæй.
Фембæлды ма æркастысты Цæгат Ирыстоны хицауады оргæнтæ æмæ таможняйы службæйы æмгуыстады фарстатæм. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, ныхас цыди паддзахадон арæнтыл ахадгæ цæстдарды тыххæй.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.
Гапбаты Алетæ














