Уæрæсейы Конституци — нæ царды сæйраг бындур

0
161

Æртын азы размæ, 1993 азы 12 декабры, ист æрцыд нæ бæстæйы Сæйраг закъон — Уæрæсейы Федерацийы Конституци. Ацы кадджын цауы фæдыл республикæйы Парламенты уыд наукон-практикон конференци. Йæ архайджытæ уыдысты канд ныры æрсидты Парламенты депутаттæ нæ, фæлæ раздæры æрсидтыты Парламенты депутаттæ дæр, парламентаризмы куырыхон хистæртæ.

Конференци йæ разныхасæй байгом кодта Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз:
— Раст аргъгæнæг алцæмæн дæр у истори. Æмæ уыцы аргъ раст уæд уыдзæн, æмæ ивгъуыд бонтæм куы акæсæм. Æхсæнадон-политикон æмæ социалон-экономикон уавæр æртын азы размæ уыд тынг уæззау ран, æмæ йæ уыцы ранæй ракæнын, нæ абоны хæдбардзинад æмæ федерализм бахъахъхъæнын — уымæй стырдæр хæс уæд нæ уыд. Æмæ йæ сæххæст кæнын бантыст, Конституци фидаргонд кæй æрцыд, уый фæрцы. Конституци саразыны архайдтой не ‘мзæххонтæ дæр, æмæ сæ абон стæм стыр сæрыстыр, стæй ма нæ куырыхон хистæртæй — Цæгат Ирыстоны Парламенты раздæры азты депутаттæй.
Фыццаг раныхасгæнæг — Парламенты закъонады, закъонæвæрынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан куыд радзырдта, афтæмæй, Конституци нæ бæстæйы историйы цы ахсджиаг бынат ахсы, уымæн аргъ скæнынæн 30 азы сты фаг. «Æртын азы размæ нæ бæстæйы фехæлдæн уыд тæссаг, фæлæ Конституцийы фæрцы Уæрæсе бахъахъхъæнын къухы бафтыд, регионтæ, куыд Уæрæсейы уæнгтæ, афтæ райстой æмхуызон бартæ æмæ статус. Конституци ссис, Уæрæсейы Федерацийы закъонæвæрынадон системæ арæзт кæуыл æрцыд, ахæм фидар бындур», — загъта депутат.
Фæлдурæджджын 90-æм азты адæм бамбæрстой, Уæрæсе, куыд паддзахад, уыцы хуызы бахъахъхъæнынæн Конституци ныффыссын æмæ йæ сфидар кæнын кæй ссис æппæтæй ахсджиагдæр хъуыддаг. Æмæ йыл уыцы уæззау заманты куыст куыд цыд, уый тыххæй уыд йæ ныхас 1990-1992 азты УСФСР-йы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Сæйраг Советы депутат, 1990-1993 азты Уæрæсейы Адæмон депутат, Конституцион æмбырды уæнг, юстицийы инæлар-майор Бæтæгаты Таймуразæн. «90-æм азты бæстæ фæйнæрдæм куы пырх кодта æмæ, дарддæр куыд цæрдзæн æмæ цавæр историон фæндагыл цæудзæн, уый бæрæг куы нæ уыд, уæд махыл та хъысмæтæй æвæрд уыд стыр æмæ уæззау хæс — ма йæ бауадзын фехалын æмæ йын йæ паддзахадон интерестæ бахъахъхъæнын,» — загъта Бæтæгаты Таймураз.
Наукон-практикон конференцийы ма раныхас кодта РЦИ-Аланийы Конституцион Тæрхондоны Сæрдар отставкæйы, юридикон наукæты доктор, профессор Цалиты Алыксандр.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты барад æмæ паддзахады теори æмæ историйы кафедрæйы доцент, юридикон наукæты кандидат Баситы Марат та скодта доклад ахæм темæйыл: «Уæрæсейаг паддзахаддзинады æмæ Федерацийы субъекттæн уаг дæттыны хъуыддаджы 1993 азы Конституцийы ахадындзинады тыххæй».
Конференцийы кæронбæттæны Тускъаты Таймураз республикæйы Парламенты Кады гæххæттытæ радта, æхсæнадон æмæ закъонæвæрынадон архайдимæ йæ цард бирæ азты дæргъы баст кæмæн уыд, раздæры уыцы депутаттæн, сæ æхсæнадон æвæллайгæ архайды фæрцы Цæгат Ирыстоны ном бæрзонд чи систа æмæ йæ кадджынæй чи фæхаста, уыцы куырыхон хистæртæн, се ‘хсæн: Бæтæгаты Таймураз, Хабыцты Ларисæ, Годызты Солтан, Гулаты Æхсарбег, Дедегкаты Виктор, Дзагуырты Атарбег, Рубайты Владимир, Цалиты Алыксандр, Михаил Шаталов.
Конференцийы архайджытæ сæ куыстæн скодтой хатдзæгтæ æмæ рахастой ахсджиаг фæндæттæ æмæ уынаффæтæ.

Дедегкаты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here