Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой сывæллæтты нывты республикон æрвылазон конкурс «Сабитæ — коррупцийы ныхмæ»-йы уæлахиздзауты. Кадджын уавæры фæуæлахизуæвджытæн Хицауады хæдзары зæрдылдарæн Кады гæххæттытæ æмæ зынаргъ лæвæрттæ радта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим.
Уæлахиздзаутæн арфæ ракæнгæйæ, Гобеты Ибрагим чызджытæ æмæ лæппутæн бузныг загъта сæ сæрæн архайды тыххæй конкурсы.
— Алкæддæр зын вæййы сывæллæтты нывтæн аргъ скæнын, конкурсмæ лæвæрд æрцыд 150 куысты, се ‘ппæт дæр — тынг рæсугъд. Зæрдиагæй сыл бацархайдтой, бæрæг у сабиты æрмдзæф. Уымæ гæсгæ тынг зын уыдис се ‘хсæн хуыздæртæ равзарын. Мæнæн тынг æхсызгон у арфæ ракæнын уæлахиздзаутæн, сæ бон баци аивадон фæрæзты руаджы, коррупци цас зиан хæссы, уый равдисын. Бузныг зæгъын мæ фæнды, ахæм зæрдæргъæвд кæстæртæ чи схъомыл кодта, уыцы ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн дæр, — загъта Гобеты Ибрагим.
Дæс азы онг кæуыл цæуы, уыцы фæлтæры конкурсы фæуæлахиз сты:
Томайты Эдуард (1 къæпхæны диплом);
Къæбулты Хетæг (2 къæпхæны диплом);
Аминат Албакова (3 къæпхæны диплом).
10-13 азы фæлтæры конкурсы фæуæлахиз сты:
Екатеринæ Зачиняева (1 къæпхæны диплом);
Регинæ Стефутина (2 къæпхæны диплом);
Александр Чаленко (3 къæпхæны диплом).
14-16 азы фæлтæры конкурсы фæуæлахиз сты:
Гаянэ Дариги (1 къæпхæны диплом);
Аминæ Цулоева (2 къæпхæны диплом);
Гагуылаты Артур (3 къæпхæны диплом).
Сывæллæтты нывты республикон æрвылазон конкурс «Сабитæ — коррупцийы ныхмæ» ацыд цыппæрæм хатт. Саразы йæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы раз Коррупцийы ныхмæ архайды управлени. Йæ нысан — æхсæнады æнæуынон ахаст сæвзæрын кæнын коррупцийы фæзындтытæм, рæзгæ фæлтæры барадон культурæ фæбæрзонддæр кæнын.
Мадзалы ма архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы раз Коррупцийы ныхмæ архайды управленийы разамонæг Баскаты Эльбрус æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы раз Сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæг Кокайты Артур.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ














