Зынгхуыст Хъæбатырты мадæлтимæ фембæлд

0
241

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг фембæлд, Цæгат Ирыстонæй рацæуæг, Райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæ цард чи радта, Уæрæсейы Федерацийы уыцы Хъæбатырты хæстæджытимæ. Фыдыбæстæйы Хъæбатырты боны кадæн мадзал арæзт æрцыд республикæйы Ветеранты хæдзары.

Фембæлды архайдтой Уæрæсейы Хъæбатыр Альберт Гоов, Ирыстоны Фæллойы Хъæбатыр Мæхæмæтты Ахуырбег.
Сергей Меняйло фæбæрæг кодта, нæ бæстæ хъахъхъæнджыты лæгдзинад рох кæнын кæй нæ хъæуы, æмæ зæрдиаг арфæ ракодта, сæ фыртты æцæг патриоттæй чи схъомыл кодта, сæ туджы сын Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, æхсардзинад чи бауагъта, уыцы мадæлтæн.
— Фыдыбæстæйы Хъæбатырты бон мах кад фæкæнæм, йæ хæстон архайд, лæгдзинад, хæстон сгуыхтдзинады тыххæй кадджын номы аккаг чи сси, уыдонæн. Ахæм сахъгуырдтæ сты дæнцæг нæ фæсивæдæн, — фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.
Регионы Сæргълæууæг аныхас кодта зынгхуыст хъайтарты хæстæджытимæ, радта сын дзуаппытæ сæ фарстытæн. Уый ма бахахх кодта, республикæ дарддæр дæр æххуыс кæй кæндзæн хæстонтæ æмæ сæ бинонтæн.

Саутæты Тамилæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here