Ныхас — ацы азы бæрæггæнæнтыл, фидæнмæ пълантыл

0
271

Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ сты, 2023 азмæ се ‘мгъуыд кæмæн уыд, уыцы паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ сæххæст кæныны куыстытæ. Ныртæккæ уавæр куыд у, ууыл ныхас цыди РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды.

Йæ архайджытæ æрдзырдтой, федералон программæты фæлгæты кассæ куыд æххæстгонд цæуы, уыцы мадзæлттыл. Уымæй рахизгæйæ, Цæгат Ирыстонæн фидæны азмæ паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты фæлгæты федералон æмвæзадыл цы капиталон арæзтады объекттæ сфидар кодтой, уыдоныл цыд ныхас.
2024 капиталон æгъдауæй сцалцæг кæндзысты 26 скъолайы. Æдæппæтæй 2024-2026 азтæн республикæйы 51 куырдиаты фидаргонд æрцыдысты ахуырадон уагдæтты бындурон цалцæджы егъау федералон программæйы. Афтæ ма фидæн азы пъланы ис æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, культурæйы, спорты, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объекттæ, фæндæгтæ саразын, Æрыдон, Дигора æмæ Нары æхсæнадон фæзуæттæ банывыл кæнын.
— Алы бон дæр уынæм хорзæрдæм ивддзинæдтæ, æмæ бацархайын хъæуы, цæмæй афæдзы кæронмæ, нæ республикæйы Сæргълæууæг нын паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты бæрæггæнæнтæй ацы азæн нæ размæ цы хæстæ сæвæрдта, уыдон сæххæст кæнын. Æппæт хъуыддæгтæ дæр оперативон æгъдауæй фæуын хъæуы, — фæсидт Дзанайты Барис министрты кабинетмæ.
Арæзтад æмæ архитектурæйы министрадæн фæдзæхст æрцыд хъæугæ гæххæттытæ бацæттæ кæнын æмæ æппæт процедурæтæ дæр афойнадыл фæуын арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстыты райдайæны агъоммæ.
Хицауады æххæстгæнæг оргæнтæ, республикæйы инфраструктурæйы саразын æмæ ногдæртæй баивын цы объекттæ хъæуы 2025-2027 азты, уыдон хынцгæйæ, хъуамæ архайой куырдиæттæ бадæттыны компанийы.

Гапбаты Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here