Къостайы орден — «Рæстдзинад»-æн

0
261

Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы бæстыхайы знон скодтой, Цæгат Ирыстоны Регионалон æхсæнадон организаци «Хетæгкаты Къостайы номыл Национ наукон-культурон центр»— ы кæронбæттæн æмбырд. Организацийæн бындурæвæрд æрцыд 2020 азы Æлборты Иваны хъæппæрисæй. Йæ сæйрагдæр нысан та у рæзгæ фæлтæримæ сфæлдыстадон конкурсты фæрцы æмгуыстады тæгтæ фидар кæнын, нæ национ хæзнаты бахъахъхъæнын æмæ æвзаджы рæзтыл архайын. Æлборы-фырты разамындæй ног организаци цыбыр рæстæгмæ цы конкурстæ сарæзта, уыдоны архайджыты нымæц, уæлдайдæр æрыгон фæсивæд, азæй-азмæ фылдæр кæнынц.

Уæлдæр амынд организацийы уæнгтæ фæндон бахастой, æхсæнадон хæрзиуæг — Къостайы орденæй хорзæхджын кæнын канд ахуыргæнджыты нæ, фæлæ культурæйы архайджытæ æмæ литераторты æртæ номинацийы. Ацы уагæвæрд фидаргонд æрцыд организацийы уæнгты иумæйаг фæндонæй.
«Къоста»-йы орден лæвæрд æрцыд, нæ республикæйы æвзаджы, культурæйы æмæ литературæйы æнтыстджын къахдзæфтæ чи кæны, уыцы конкурсанттæн. Мадзалы райдайæн архайджытæ æмæ уазджытæн арфæ ракодта Æлборты Иван. Уый загъта:
— Къостайы номыл национ наукон-культурон центры хæстæ сты, ирондзинад, ирон фарн æмæ æвзаджы рæзтыл архайыны хъуыддæгтæ. Мæздæджы районы Ныхасы сæрдар, меценат Гуцаты Фридон нæ республикæйæн цы бирæ хорз æмæ фæрнджын хъуыддæгтæ кæны, уыдонæн кæрон нæй. 2024 азы бæрæг кæндзыстæм Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы юбилей, æмæ уый кадæн Фридон фæндон бахаста Къостайы номыл сæрмагонд орден саразыны тыххæй. Хорзæхджын дзы кæндзыстæм Ирыстоны хуыздæрты æвзаджы, литературæйы, аивады, ахуырад æмæ иннæ социалон къабæзты раззагдæрты, — загъта Æлборты Иван.
Конкурсы номинаци «Æвзаг»-ы «Къоста»-йы орденæй хорзæхджынгонд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты профессор, ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы кусæг Битарты Зоя.
Номинаци «Культурæ»-йы — УФ-йы адæмон артист Бæцæзаты Юри.
Номинаци «Литературæ»-йы та — газет «Рæстдзинад»-ы коллектив. Уымæй дарддæр ма жюрийы уæнгтæ уынаффæ рахастой, «Къоста»-йы орденæй схорзæхджын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадон архайæг, профессор æмæ фыссæг Хъазиты Мелитоны.
Газет «Рæстдзинад»-ы редактор Хозиты Барис радзырдта газеты историйы фæдыл цымыдисаг хабæрттæ. Хозийы-фырт загъта, газетæн бындур Ирыстоны ирон интеллигенцийы минæвæрттæ куы сæвæрдтой, уæд уый цы стыр цины хабар уыдис, уый.
— Нæ республикæ уæд автономон нæма уыд, нæ дзы уыдис паддзахадон оргæнтæ дæр, æмæ уыцы рæстæджы нæ дзырддзæугæ лæгтæ сагъæс кодтой, цавæр уыдзæн нæ фидæн, ууыл. Сæ хъуыдытæ, сæ фæндтæ фыстой, афæдз дæр æххæст кæуыл нæма цыд, уыцы газет » Рæстдзинад»-ы. Аз рацыд, æмæ нæ республикæ автономон сси. Афтæмæй «Рæстдзинад» сси Цæгат Ирыстоны автономийы бындурæвæрджытæй иу. 30-æм азты йæ фæрстыл æрыгон поэттæ Калоты Хазби, Кочысаты Мухарбег, Елехъоты Мурат æмæ иннæтæ мыхуыр кодтой се ‘мдзæвгæтæ. Нæ бæстæйыл тугуарæн бонтæ куы акодта, уæд атындзыдтой тохы быдырмæ. 60 фыссæджы нал æрыздæхтысты хæстæй. Æмæ та кæд зын рæстæджытæ скодта абон, уæддæр нæ ныфс ис, зын дуг æмæ зын рæстæг кæй фæуыдзысты, уымæй. Газетæн нæй æнæ адæмæй уæвæн, æмæ цæрæд æнустæм газет «Рæстдзинад», — загъта Хозиты Барис.

Саутæты Тамилæ,
къам систа
Хъайырты Дианæ

 

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here