Мæскуыйы УФ-йы Федералон Æмбырды раз закъонæвæрæг куыст æмæ закъонады мониторингы Закъонæвæрджыты советы къамисы æмбырды ныхас цыди социалон политикæйы фарстатыл. Къамисы куысты архайдта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.
Æмбырд амыдта Стъараполы горæты Закъонæвæрæг оргæны разамонæг Владимир Немцев. Боны фæткы æркастысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ Украинæйы арæнтæм æввахс регионты цæрджытæн æххуысы мадзæлттæ аразыны тыххæй Мæскуыйы горæты Думæйы хъæппæрисмæ æмæ йæ фарс рахæцыдысты.
Парламентаритæ æрныхас кодтой электросамокаттæй, сигвейтæ, моноцæлхытæ æмæ электрон тыхæй цæуæг æндæр транспортæй пайда кæнынмæ цæстдарыны фарстатæм. Уыцы фæрæзтæй пайдагæнджыты аххосæй фæндагон фыдбылызты нымæц кæй рæзы, уымæ гæсгæ тæссаг уавæр сæвзæрд. Цæмæй уавæр цæхгæр фæива, уымæн хъæуы закъоны механизмтæ саразын. Сæ иу — Фæндадыл æдасæй цæуыны уагæвæрдмæ ивддзинæдтæ бахæссын, кæцыты хъуамæ фидаргонд æрцæуа индивидуалон мобилондзинады фæрæзтæй пайда кæныны фæтк.
Мæскуыйы статистикон бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй индивидуалон мобилондзинады фæрæзтæй пайдагæнджыты нымæц рæзы. Кæд 2018 азы ахæмтæ уыд æрмæстдæр 4 мины, уæд фарон бæстæйы сæйраг сахары сæ нымæц схæццæ 40 минмæ, абон та сты 60 мины — ома, фондз азмæ фæфылдæр сты 13 хатты. Уавæр зæрдæхсайгæдæр кæны, уыцы фæрæзтæн, фæндагон змæлды æппæт архайджытæн æдас чи у, ахæм фæндагон инфраструктурæ кæй нæй, уый дæр.
Æмбырды архайджытæ æрцыдысты иу хъуыдымæ. Ацы фарстайы нормативон-барадон бындурæн хъæуы æрмæст Фæндагыл æдасæй цæуыны уагæвæрдмæ ивддзинæдтæ бахæссын.
Æмбырды ма бахыгътой Къамисы ацы азы куысты бæрæггæнæнтæ æмæ фидæнмæ пълан сбæлвырд кодтой. Къамисы иннæ æмбырд сараздзысты Цæгат Ирыстоны.
РЦИ-Аланийы
Парламенты
пресс-службæ














