Сымах руаджы знæгтæ райсынц ныхкъуырд

0
225

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло арфæйы ныхæстæ арвыста сæрмагонд службæйы кусджытæм сæ дæсныйадон бæрæгбоны тыххæй. Уый фæбæрæг кодта сæ æмбаргæ куыст æмæ ардбахæрдыл æууæнк.

«Паддзахадон æдасдзинады кусджытæ æмæ ветерантæ! Зæрæдбынæй уын арфæ кæнын уæ дæсныйадон бæрæгбоны тыххæй! Сымах руаджы не стыр æмæ тыхджын Уæрæсе йæ фæзуатмæ, йæ иудзинад фехалынмæ, конституцион скондмæ, нæ бæстæйы æдасдзинадмæ йын хъавæг знæгтæн ныхкъуырд дæтты. Уæ уæхсчытыл æвæрд æрцыд бæстæйы хæдбардзинад, национ интерестæ бахъахъхъæныны, йæ граждæнты æдасдзинад бахизыны хæстæ — сымах сæ кæддæриддæр кадимæ æххæст кодтат алы рæстæг дæр. Абон дæр сæ æххæст кæнут, æвдисут бæрзонд цæттæдзинад, ардбахæрдыл æмæ хæстон хæстыл æнувыддзинад. Бузныг уын уый тыххæй. Хицæн арфæйы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын службæйы ветерантæн. Æнæниз ут, амондджын, фæрнæйдзаг, службæйы хæстæ æнтыстджынæй куыд æххæст кæнат, уый уын мæ зæрдæ зæгъы», — афтæ загъд ис арфæйы.
Алы аз дæр 20 декабры Æдасдзинады оргæнты кусджыты бон фæбæрæг кæнæм.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here