Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты ссæдзæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.
Æмбырды архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, барадхъахъхъæнæг æмæ тæрхонадон оргæнты минæвæрттæ, Цæгат Ирыстоны сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, бынæттон хиуынаффæйады администрациты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Депутаттæ æркастысты, республикæйы Сæргълæууæг фыццаг бакасты сæм æркæсынмæ кæй бацæттæ кодта, конституцион æмæ республикон уыцы закъонты проекттæм, сæ иу — «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фæзуатыл юридикон æххуыс лæвар æххæст кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Уый фæдыл ныхас кодта фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ. Куыд загъта, афтæмæй, закъон фидаргонд куы æрцæуа, уæд лæвар юридикон æххуыс уыдзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн. Лæвар юридикон æххуыс æххæст кæныны хæс æвæрд æрцæудзæн нотариустыл дæр, æмæ бахъуаджы рæстæг амынд адæймæгты къордæн хъахъхъæндзысты сæ бартæ тæрхондæтты æмæ æндæр оргæнты æмæ кусæндæтты.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн æххуысы мадзæлттыл ныхас цæуы, республикæйы Сæргълæууæг кæй бацæттæ кодта, иннæ ахæм гæххæтты дæр. Уый фæдыл дæр ныхас кодта Айдарты Алинæ. «Граждæнты хицæн къордтæн сæ цæрæн хæдзæрттæм газ уадзыны фарстайы уæлæмхасæн æххуысы мадзæлтты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты куыд амынд цæуы, афтæмæй сæйраг æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн сæ цæрæн хæдзæрттæм газ бауадзыны куыстытæ сты лæвар. Ныридæгæн уал ацы æххуыс аххæссыд 68 адæймагыл, уый тыххæй республикон бюджетæй дихгонд æрцыд 5,5 милуан сомы. Хæстæгдæр рæстæг ма газ лæвар бауадздзысты амынд къордмæ хауæг 20 адæймагæн сæ хæдзæрттæм.
Закъонты проекттæн социалон æгъдауæй сæ ахадындзинад æмбаргæйæ, депутаттæ сфидар кодтой дыууæ закъоны фыццаг, дыккаг æмæ кæройнаг бакасты.
«2024 азмæ æмæ 2025-2026 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проектмæ дыккаг бакасты йæм æркæсыны тыххæй ныхас кодта Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Куыд загъта, афтæмæй, бюджетмæ каст æрцыд фыццаг бакасты, ныхас ыл цыд алы комитеты дæр, фарстатæ уыд бирæ, фæлæ, æппынфæстаг, йæ социалон ахадындзинад æмæ национ проекттæ æххæст кæныны стратегион нысантæ бюджет бахъахъхъæдта.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта республикæйы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олег. Йæ раныхасмæ гæсгæ, федералон бюджетæй республикон бюджетмæ уæлæмхасæн фæрæзтæ æрвыст кæй æрцыд, уымæ гæсгæ йæ сæйраг бæрæггæнæнтæ ивд цæуынц. «2024 азы бюджеты æфтиæгтæ фылдæр кæнынц 8, 948 милуан сомæй, 2024 азы бюджеты æфтиæгтæ фылдæр кæнынц 4,422 милуан сомæй, 2026 азы бюджеты æфтиæгтæ фылдæр кæнынц 3,328 милуан сомæй. Афтæ, ивд цæуынц хæрдзтæ дæр: 2024 азы бюджеты хæрдзтæ фылдæр кæнынц 9,048 милуан сомæй, 2025 азы бюджеты хæрдзтæ фылдæр кæнынц 4,427 милуан сомæй æмæ 2026 азы бюджеты хæрдзтæ фылдæр кæнынц 3,328 милуан сомæй. Хæрдзтæ фылдæр кæндзысты, ног азæй фæстмæ фæцæрыны æппынкъаддæры бæрц (МРОТ) кæй сырæздзæн æмæ уымæ гæсгæ бюджетон кусджыты мызды бæрц фылдæр кæй фæуыдзæн, инвестицион проекттæ республикæйы дарддæр дæр æххæстгонд кæй цæудзысты, ахуырады æмæ царды иннæ къабæзты социалон инфраструктурæ кæй рæздзæн, æппæт уыдæттæм гæсгæ», — загъта министр. Афтæ, ивд цæуынц, 2025-2026 азты бюджетты бæрæггæнæнтæ дæр.
Фарстайы фæдыл фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд депутаттæ Цæгæраты Руслан, Дыдарты Сослан, Фадзайты Арсен, Тедеты Дзамболат, Реуазты Ларисæ, Уыртаты Азæмæт æмæ Хъесаты Ирыстонмæ. Сæ фарстытæн сын дзуаппытæ лæвæрдтой Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов, Айларты Алинæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Афтæмæй, дыккаг бакасты закъон фидаргонд æрцыд.
Депутаттæ ма байхъуыстой, 2023 азы фараст маймæ республикон бюджет æххæстгонд куыд æрцыд, уый фæдыл Исахъты Оледжы раныхасмæ æмæ фыццаг бакасты сфидар кодтой «2023 азмæ æмæ 2024-2025 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Дыууæ фарстайы фæдыл дæр æмдокладтæ скодта Хæдарцаты Аслæнбег.
Фыццаг бакасты ма депутаттæ æркастысты æмæ сфидар кодтой, республикæйы Хицауад кæй бацæттæ кодта, ахæм закъонты проекттæ. Уыдон баст уыдысты, медицинон кусæндæттæм æнæниздзинадæн пайда æмæ хæрзхъæд хойраг ласыны хъуыддаг нывылдæр кæнынимæ, Цæгат Ирыстоны экологи æмæ, сæрмагонд хъахъхъæд чи цæуы, нæ республикæйы æрдзон ахæм зæххытæ бахъахъхъæнынимæ, наукæ æмæ наукон политикæйы размæцыдæн уавæртæ аразын æмæ æндæр фарстатимæ. Уыдоны фæдыл ныхас кодтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан, ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, экологи æмæ æрдзон фæрæзты министр Бæззаты Вадим.
Депутаттæ ма сфидар кодтой 2024 азмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты Закъонæвæрынадон архайды пълан.
Дедегкаты Зæлинæ














