2023 азы арæныл хизæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы сæрты ахызтысты 335 мин уæзласæн машинæйы, ома 19 проценты фылдæр, фаронимæ абаргæйæ, уый у зынгæ фылдæр. Афтæ загъд уыдис, бындурон рацарæзты фæстæ автомобилон уадзæн пункт «Яраг-Казмаляр» Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны арæныл кæй байгом кодтой, уый кадæн арæзт бæрæгбоны мадзалы. Видеобастдзинадæй дзы архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Кадджын мадзал амыдта Уæрæсейы транспорты министр Виталий Соловьев. Архайдтой ма дзы Федералон таможняйы хицауы хæстæ æххæстгæнæг Руслан Давыдов, Дагестаны Хицауады сæрдар Абдулмуслим Абдулмуслимов æмæ ФГКУ «Росгранстрой»-ы хицауы хæдивæг Будайты Георги.
«Уæллаг Ларс»-ы уæзласæн хæдтулгæты уадзæн гæнæнтæ фæбæрзонддæр сты дыууæ хаттæй фылдæр — суткæмæ йæ сæрты ахизынц 1500 уæзæгтæ ласæн транспортон фæрæзы. Профилон министрады разамонæг куыд загъта, афтæмæй, автотранспорт уадзæн пункты географион уавæртæ кæд уæззау сты, уæддæр уникалон проектмæ гæсгæ къухы бафтыд 24 уæлæмхасæн уадздзаджы саразын, æмæ афтæмæй сæ иумæйаг нымæц схæццæ 39-мæ. Цы уæзæгтæ ласт æрцыд ивгъуыд азы арæны сæрты, уый у рекордон нымæц — 4,5 милуан тоннæйы. Бæлццæттæ ласæн трафик дæр дзæвгар сырæзыд, æмæ бындурон рацарæзты руаджы уадзæн пункты рад нæй.
— Мах уынæм, ныртæккæ Уæллаг Ларсы цытæ цæуы -тыхджын мит, уад, миты хъæпæнтæ, æмæ уыдоны ныхмæ нæ бон ницы у. Фæлæ автотранспортæн ис гæнæн æртæ пунктыл Уæрæсе æмæ Азербайджаны арæныл ахизынæн. Уыдонæй иу абон гом кæнæм — «Ягар-Казмаляр». Уый æцæг рекорд у, куыд æртæ пунктæн, афтæ æппæт арæнæн дæр. Декабры, мит куы нæ уыд, уæд æппæт цæгат-кавказаг арæныл дыууæрдæм ахызт 2,5 мин транспортон иуæджы. Уый бæрзонд бæрæггæнæн у, фыццаджыдæр ыл чи бацархайдта, уыдоны фæрцы, — загъта Руслан Давыдов.
Сергей Меняло фæбæрæг кодта, ныртæккæйы геополитикон уавæр хынцгæйæ, Уæрæсе æмæ Фæскавказы республикæтимæ, стæй Астæуккаг æмæ Централон Азийы бæстæтимæ автомобилон бастдзинад сæйраг кæй у.
— «Уæллаг Ларс»-ы 2010 азæй нырмæ транспортæн цы уадзæн нормæ уыдис, уый рæстæджы домæнтæн дзуапп нал лæвæрдта. Фæстаг æртæ азы арæны сæрты товартæ æмæ уæзласæн транспортон фæрæзтæ фылдæр кодтой 15-20 проценты. Социалон æгъдауæй дæр бындурон рацарæзтæн вазыгджын нысаниуæг ис, нæ зæрдыл ма хорз лæууы, транзитон транспорт фæндаггæрæтты мæйгæйттæ æмæ фылдæр куыд лæууыд, уый. Стыр бузныг зæгъын «Росавтодор»-æн, рæстæгмæйы æрлæууæнтæ кæй сарæзта, уый тыххæй. Уымæй уæлдай ма мах Уæрæсейы фыццæгтæй иутимæ сарæзтам электрон хыгъд, æмæ уый дæр тынг фæахъаз транзитон транспортæн республикæйы сæрты ахизынæн. Ам ма мæ фæнысан кæнын фæнды, уадзæн пункты бындурон рацарæзты рæстæг дæр фæндаг æхгæд кæй не ‘рцыд. Мæ зæрдæ дарын, пункты бындурон рацарæзт экономикон æгъдауæй кæй фæпайда уыдзæн æмæ иннæ бæстæтимæ базарадон-экономикон бастдзинæдтæ фидардæр кæй кæндзысты.
Проекты фæлгæты арæзт æрцыд 50 ног агъуысты æмæ амаддзаджы, 6 километры инженерон хызæг, сагъд æрцыд телефæлгæсынады, радиацион, уæзы габариттæ нымайæг нырыггон системæтæ.
Æппæт уыцы мадзæлттæ фæпайда сты мингай туристтæ æмæ егъау уæзласæн транспорт скъæрджытæн арæны сæрты зæрдæмæдзæугæ уавæрты тагъддæр ахизынæн. Сæйрагдæр та — паддзахæдты ‘хсæн базарадон-экономикон æмæ культурон бастдзинæдтæ фæпарахатдæр кæнынæн.
— Мах уынæм, ныртæккæ Уæллаг Ларсы цытæ цæуы — тыхджын мит, уад, миты хъæпæнтæ, æмæ уыдоны ныхмæ нæ бон ницы у. Фæлæ автотранспортæн ис гæнæн æртæ пунктыл Уæрæсе æмæ Азербайджаны арæныл ахизынæн. Уыдонæй иу абон гом кæнæм — «Ягар-Казмаляр». Уый æцæг рекорд у, куыд æртæ пунктæн, афтæ æппæт арæнæн дæр. Декабры, мит куы нæ уыд, уæд æппæт цæгаткавказаг арæныл дыууæрдæм ахызт 2,5 мин транспортон иуæджы. Уый бæрзонд бæрæггæнæн у, фыццаджыдæр ыл чи бацархайдта, уыдоны фæрцы, — загъта Руслан Давыдов.
Сергей Меняйло фæбæрæг кодта, ныртæккæйы геополитикон уавæр хынцгæйæ, Уæрæсе æмæ Фæскавказы республикæтимæ, стæй Астæуккаг æмæ Централон Азийы бæстæтимæ автомобилон бастдзинад сæйраг кæй у.
— «Уæллаг Ларс»-ы 2010 азæй нырмæ транспортæн цы уадзæн нормæ уыдис, уый рæстæджы домæнтæн дзуапп нал лæвæрдта. Фæстаг æртæ азы арæны сæрты товартæ æмæ уæзласæн транспортон фæрæзтæ фылдæр кодтой 15-20 проценты. Социалон æгъдауæй дæр бындурон рацарæзтæн вазыгджын нысаниуæг ис, нæ зæрдыл ма хорз лæууы, транзитон транспорт фæндаггæрæтты мæйгæйттæ æмæ фылдæр куыд лæууыд, уый. Стыр бузныг зæгъын «Росавтодор»-æн, рæстæгмæйы æрлæууæнтæ кæй сарæзта, уый тыххæй. Уымæй уæлдай ма мах Уæрæсейы фыццæгтæй иутимæ сарæзтам электрон хыгъд, æмæ уый дæр тынг фæахъаз транзитон транспортæн республикæйы сæрты ахизынæн. Ам ма мæ фæнысан кæнын фæнды, уадзæн пункты бындурон рацарæзты рæстæг дæр фæндаг æхгæд кæй не ‘рцыд. Мæ зæрдæ дарын, пункты бындурон рацарæзт экономикон æгъдауæй кæй фæпайда уыдзæн æмæ иннæ бæстæтимæ базарадон-экономикон бастдзинæдтæ фидардæр кæй кæндзысты.
Проекты фæлгæты арæзт æрцыд 50 ног агъуысты æмæ амаддзаджы, 6 километры инженерон хызæг, сагъд æрцыд телефæлгæсынады, радиацион, уæзы габариттæ нымайæг нырыккон системæтæ.
Æппæт уыцы мадзæлттæ фæпайда сты мингай туристтæ æмæ егъау уæзласæн транспорт скъæрджытæн арæны сæрты зæрдæмæдзæугæ уавæрты тагъддæр ахизынæн. Сæйрагдæр та — паддзахæдты ‘хсæн базарадон-экономикон æмæ культурон бастдзинæдтæ фæпарахатдæр кæнынæн.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ














